Цӕгат Ирыстон — фонд «Сколково»: ӕмархайды нысантӕ

0
229

Ацы бонты Дзӕуджыхъӕуы кусӕг балцы уыд фонд «Сколково»-йы вице-президент регионалон ӕмӕ дунеон ӕмархайды фарстаты фӕдыл Юрий Сапрыкин. Федералон фонды бӕрнон кусӕгимӕ фембӕлд Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйло.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй фонд ӕмӕ республикӕйы ‘хсӕн уӕрӕх ӕмгуыстад рапарахат кӕныныл ӕрӕджы ныхас цыд Дзӕуджыхъӕуы. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ фонды минӕвӕрттӕ июны уыдысты кусӕг балцы Цӕгат Ирыстоны. Уӕд фысымтӕ ӕмӕ уазджытӕ фӕбӕрӕг кодтой сӕ бастдзинӕдтӕ фенгомдӕр кӕныны нысантӕ. ӕмӕ ныр ӕппӕт уыцы фарстатыл бӕлвырд куыст райдыдта.

Уӕд фонд ӕмӕ республикӕйы минӕвӕрттӕ цы иумӕйаг проекттыл баныхас кодтой, уыдон царды рауадзыны фарстатыл ныр ныхас адарддӕр хицауады ӕмвӕзадыл.

Юрий Сапрыкин Цӕгат Ирыстоны разамонӕгӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕуы байгом уыдзӕн фонд «Сколково»-йы минӕварад. Ныридӕгӕн бӕлвырдгонд у, минӕварад Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты бӕстыхайы кӕй ӕрбынӕттон уыдзӕн, уый. Минӕварады кусджыты бӕрны уыдзӕн иумӕйаг проекттӕ ӕххӕст кӕныны комкоммӕ куыст. Уыимӕ, куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй фонды дзӕуджыхъӕуккаг минӕварады архайд аххӕсдзӕн ӕппӕт Цӕгат Кавказы федералон зылдыл дӕр.

Фонды вице-президенты ныхасмӕ гӕсгӕ, ЦИПУ-йы специалисттӕ ныридӕгӕн бацӕттӕ кодтой цалдӕр иумӕйаг проекты. Уыдоныл ныр ӕрдзурдзысты фонды минӕвӕрттимӕ.

Сергей Меняйло хорз аргъ скодта ахӕм иумӕйаг пълантӕн. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, цымыдисагдӕр проекттӕн ӕппӕтвӕрсыг ӕххуыс уыдзӕн республикӕйы разамынды ‘рдыгӕй.

Фембӕлды архайдта Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор, РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕг Огъуаты Алан.

Уый тыххӕй фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here