Адӕмимӕ иумӕ уӕвын

0
267

Политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе» Паддзахадон Думӕйы депутатты ӕвзӕрстытӕм халӕппӕрсты бацахста фӕндзӕм бынат.

Халӕппӕрсты бӕрӕггӕнӕнтыл дзургӕйӕ, политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы Генералон советы секретар Андрей Турчак куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй, парти ӕвзӕрстытӕм кӕимӕ цӕуы, ӕвзарджытӕ уыцы программӕйыл ӕмӕ бӕстӕйы рӕзты фӕдыл партион фӕндӕттыл кӕй хъӕлӕс кӕнынц, уыдӕттӕ нымайгӕйӕ, «Иугонд Уӕрӕсе» Паддзахадон Думӕйы депутатты ӕвзӕрстыты ӕвзарӕн бюлллетены кӕцы бынат бацахста, парти уый сӕйраг ӕууӕлыл нӕ нымайы.

— Ӕвзарджытӕ хъӕлӕс кӕндзысты адӕмы хъахъхъӕнынады, адӕмыл узӕлды ӕмӕ сӕ фӕрныгады фӕдыл бындурон партион уагӕвӕрдтыл. Ӕвзӕрстытӕм кӕимӕ цӕуӕм, фӕндзӕм номыр ӕвдисы нӕ уыцы фондз адӕймаджы — Сергей Шойгуйы, Сергей Лавровы, Денис Проценкойы, Аннӕ Кузнецова ӕмӕ Еленӕ Шмелевайы. Адонӕй алчидӕр йӕ куыст иттӕг арӕхстджынӕй ӕххӕст кӕны. Ацы адӕймӕгты фӕрцы нӕ парти кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый мӕ уырны. Фӕнды мӕ ӕнӕхинӕй фӕуӕлахиз уӕвын. Ацы аз «Иугонд Уӕрӕсе» иумандатон ӕвзарӕн зылдтӕй ӕмӕ федералон номхыгъдмӕ гӕсгӕ Паддзахадон Думӕмӕ бавдыста 600 кандидатӕй фылдӕр. Ацы адӕмы хъуыддӕгтӕ сбӕлвырд кодтам. Парти 17 сентябрӕй 19 сентябры онг ӕвзарӕн кампани ӕнӕлазӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл зӕрдӕ дарӕм, — загъта Андрей Турчак.

— «Иугонд Уӕрӕсе» йӕ ахадындзинад ӕцӕг хъуыддӕгтӕй кӕй ӕвдисы, уымӕ гӕсгӕ ӕвзарӕн бюллетены позици ахсджиаг ӕууӕлыл нымад нӕу. Бӕстӕйы цӕрӕг адӕмы интерестӕ нымайгӕйӕ, нӕ парти ӕвзӕрстытӕм цӕуы адӕмон программӕимӕ. Нӕ республикӕйы цӕрӕг адӕмы цавӕр лыггӕнинаг фарстатӕ тыхсын кӕнынц ӕмӕ, Паддзахадон Думӕйы кусгӕйӕ, регионы минӕвӕрттӕ се ‘ргом фылдӕр кӕцы лыггӕнинаг фарстатӕм хъуамӕ здахой, уыдӕттӕ рахатынӕн фӕстаг мӕйы дӕргъы ӕвзарджыты фӕдзӕхстытӕ ӕмбырд кодтам. Нӕ хӕс у адӕмимӕ иумӕ уӕвын ӕмӕ, сӕ цард цӕмӕй фӕхуыздӕр уа, ууыл архайын. Ссӕдз азы дӕргъы «Иугонд Уӕрӕсе» йӕ куыст амынд уагӕй аразы, — загъта партийы регионалон хайады секретар Таймазты Артур.

Фиппаинаг: 16 августы Центрон ӕвзарӕн къамисы ацӕуӕг халӕппӕрсты архайдтой 14 партийы.

Санаты Альбинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here