Цъититы дуне

0
441

Цъититӕ сты хӕххон зонӕйы ахсджиаг хай. Бирӕ цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ мӕсчъыты ӕфсадынц. Куыд зонӕм, афтӕмӕй цъититы ис экологон ӕгъдауӕй сыгъдӕг нуазыны доны ӕвӕрӕнтӕ. Уӕдӕ боныхъӕды уавӕр ӕмӕ цас ӕруара, уый дӕр цъититӕй аразгӕ кӕй у, уыдӕттӕ дӕр бирӕтӕн ӕнӕзонгӕ нӕ уыдзысты.

Абон нӕ республикӕйы цъититы фӕзуат у 200 квадратон километры, ӕмӕ дзы «хъахъхъӕд» цӕуы бирӕ милуан кубометртӕ дон. Уый та ӕхсызгон хъӕуы Цӕгат Ирыстоны горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты цӕрджыты. Цъититӕ сты тӕккӕ бӕрзонддӕр хӕххон районты: Цъӕй-Къӕрӕугомы, Сӕнайы-Джимарайы, Тъепле-ӕрхоны. Уымӕй уӕлдай, ауыгъд цъититӕ кӕй хонынц, ахӕмтӕ дӕр нӕм  ис.

Бӕлвырд куыд у, афтӕмӕй фылдӕр цъититӕн сӕ дӕргъ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ къаддӕр кӕны. Зӕгъӕм, Цъӕйы цъити фӕстаг 50 азы афӕдзмӕ фӕцыбырдӕр вӕййы 13-15 метры. Ӕввахс ӕм ис Схъазы цъити ӕмӕ уый та фӕкъаддӕр вӕййы 3-5 метры афӕдзмӕ. Диссаг ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕхихуызон у Хъӕрмӕдоны курортон бынатмӕ хӕcтӕг — Хъолайы цъити дӕр. Ам алы 50-60 азмӕ дӕр ӕрцӕуы, хӕхбӕсты тынг чи бахъыгдары, ахӕм зӕйтӕ.

Нӕ республикӕйы тӕккӕ стырдӕр у Къӕрӕугомы цъити. Уый ис хӕххон Дыгуры ӕмӕ йӕ дӕргъ у 13 километры, йӕ фӕзуат та — 30 квадратон километры. Афтӕ вӕййы, ӕмӕ цъити ӕрныллӕг вӕййы денджызы ӕмвӕзады 1850 метры онг, ӕмӕ ацы бӕрӕггӕнӕнӕй Къӕрӕугомы цъитийӕн ӕмбал нӕй Кавказы.

Кӕд цъититӕ, ӕнусты дӕргъы цы ихтӕ бамбырд, уыдонӕй конд сты, уӕддӕр цард фӕзыны сӕ уӕлцъар. Бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ, цъититы ныллӕгдӕр рӕттӕм хӕхты фӕхстӕй ӕрызгъӕлынц дуртӕ, хуыр, змис, ӕлыг ӕмӕ сыл лыстӕг зайӕгойтӕ фӕзыны, уӕлдайдӕр — хъуына, ӕндӕр кӕрдӕджытӕ, донзайтӕ та сырх тӕппытӕ фӕдарынц. Уымӕй уӕлдай, цъититы уӕлцъары бафиппайӕн ис ӕндӕр ӕрдзон фӕзындтытӕ дӕр. Зӕгъӕм, тъӕпӕн дуры бын ӕмӕ йӕ алыварс их ӕртад, уӕд уый хуыйны «стъол». Кӕд хуры тынтӕй дур стӕвд ӕмӕ аныгъуылд ихы бӕзны ӕмӕ байдзаг донӕй, уӕд та уын, табуафси, цъитийы «агуывзӕ».

Цъититӕм ӕввахс бынӕтты цӕрынц хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ мӕргътӕ дӕр. Арӕхдӕр фенӕн вӕййы дзӕбидыртӕ, хуыргӕрчытӕ, алыхуызон хъӕндилтӕ, хӕлуарджытӕ, мыстулӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойтӕ дӕр.

Бирӕ азты цӕстдарды бӕрӕггӕнӕнтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй цъититӕ семӕ рахӕссынц, сӕ гуырахст егъау кӕмӕн вӕййы, ахӕм дуртӕ ӕмӕ сӕ иу ран ныццӕнд кӕнынц. Арӕх цъититӕм ӕввахс фенӕн вӕййы хӕдзары йас дзӕгъӕлдуртӕ, къӕдзӕхтӕй рахаугӕ стыр тигътӕ. Ахӕм дзӕгъӕлдур ныртӕккӕ дӕр ис Арвыкомы ӕмӕ йӕ хонынц Ермоловы дур.

Ацы дуры хуызӕттӕ ма фенӕн ис Къӕрӕугомы ӕмӕ Цъӕйы цъититӕм ӕввахс дӕр. Иуӕй-иу дзӕгъӕлдуртӕ вӕййынц туристтӕ ӕмӕ экскурсантты фӕлладуадзӕн бынӕттӕ, кӕцыдӕр рӕтты та сӕ кувӕн бынӕттӕ скодтой.

Хӕхтӕ цъититы уындӕй нывӕфтыддӕр вӕййынц. Уӕлдай диссагдӕр та иххауӕнтӕ сты. Арӕх цъититы уӕлцъар вӕййы, йӕ архитектурӕ ивгӕ кӕмӕн фӕкӕны, ахӕм ихы стыр къӕртты хуызӕн. Зӕгъӕм, тӕккӕ рӕсугъддӕр Къӕрӕугомы цъитийы иххауӕнты бӕрзӕнд у 800 метры. Иххауӕнты бынмӕ салд къӕйтӕ тайын райдайынц, ӕмӕ афтӕ фӕзынынц, цыма чи ныссалд, ахӕм денджызы уылӕнтӕ сты. Цъититы дӕллаг хӕйттӕ (ӕвзӕгтӕ) та сӕрдыгон чысыл цӕугӕдӕттӕ фестынц, ӕмӕ сӕ фӕндаг ивгӕ тындзынц ихы къӕрттыты ӕхсӕнты.

Ахӕм ӕрдзон нывтӕ алкӕмӕ дӕр диссаг фӕкӕсдзысты. Фӕлӕ цъититы хуылфӕй чи раирвӕзы ӕмӕ ихын дуӕрттӕ чи рарӕмудзы, уыцы ирд сахатыл адӕймаг йӕ цӕст ӕрӕвӕры. Гӕналдоны донгуырӕнты Майлийы цъитийы та ихы рӕдзӕгъдтӕ ӕввахс сты зӕххы тӕвд улӕфтмӕ. Ам цъитийы бынӕй цӕуынц Хъӕрмӕдоны тӕвд суӕрттӕ — адӕмӕн ӕнӕниздзинад хӕссӕг.

Ӕцӕгдӕр, цъититы дуне ӕппӕтӕйдӕр диссаг у. Ӕнусон уазал, миты урс тӕмӕн, цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕрдзӕнты уынӕр сты ӕрдзы тӕккӕ рагондӕр нывтӕ ӕмӕ сӕ зӕрдӕскъӕфӕн рӕсугъддзинадӕн сивӕн нӕй мыггагмӕ дӕр.

Беруаты Барис,

географион наукӕты доктор, профессор

(“Рӕстдзинад”-ы архивӕй)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here