Зӕрватыччыты зиу

0
477

Ӕмбисбон… Цыма ӕрдзон дунейы сӕрты зӕд атахти, уыйау ныссабыр и… Иу къӕрцц, иу сыбыртт никуыцӕй хъуысы… Бӕстӕ ӕнцад-ӕнцойӕ йӕхи тавы  сӕрды хуры тынты хъарммӕ.

Уалынмӕ дымгӕ фӕдисы тахт ӕрбакодта. Бӕлӕстӕ сӕ фынӕйӕ фехъал сты. Сӕ сыфтӕрджын цъӕх сӕртӕ, тырысатау, ныттынг сты. Скалди фӕндӕгты рыг. Бӕстӕ сарвистон. Мӕргъты фӕрсырдӕм скъӕфы. Сӕхи ма кӕм амбӕхсой, уый нал зонынц… Адӕттыл нӕ ныллӕууыд дымгӕ, уайтагъд хӕхты ‘рдыгӕй ӕрбатардта сау мигъты ӕнӕнымӕц дзугтӕ. Сардыдта сӕ кӕрӕдзиуыл ӕмӕ иу иннӕйы дзӕхст кӕнын райдыдта сырхзынг рӕхыстӕй. Райхъуыстысты сӕ хъустӕ къуырмагӕнӕн цӕлхъытӕ. Арв ӕмӕрттывд кӕны, нӕры ӕнӕрынцойӕ.

Ӕваст къӕвда ставд ӕртахӕй лыстӕг ихимӕ уарын райдыдта. Куыд нӕ-иу уыдысты нырмӕ дӕр тыхджын уарынтӕ, фӕлӕ ацы хатты хуызӕн никуы баххӕссыдысты, мӕ рудзынджы сӕрмӕ зӕрватыччытӕн цы дыууӕ ахстоны уыдис, уыдонмӕ. Ныр сӕ дыууӕ дӕр зӕххыл абадтысты. Къӕвда суанг рудзынджы фӕйнӕджы бынты ӕрбахъардта.

Райсомӕй кӕсын, ӕмӕ къӕбицы фӕрссаджы къуымы иу зӕрватыкк йӕ бырынкъӕй балхъив-балхъив кӕны цъыф. Куыддӕр уый атахт, афтӕ иннӕ йӕ бынаты абадт ӕмӕ дарддӕр ахӕццӕ кодта уыцы куыст. Цасдӕры фӕстӕ рудзынгӕн йӕ иннӕ къуымы фӕзындысты ӕндӕр дыууӕ зӕрватыччы, ӕвӕццӕгӕн, сӕ раздӕры сыхӕгтӕ. Ӕвӕстиатӕй февнӕлдтой уыдон дӕр  ног «хӕдзар» аразынмӕ.

Цалдӕр минутмӕ сӕ иутӕм дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр фӕзындысты бирӕ ӕххуысгӕнджытӕ. Ӕмызмӕлд кӕнынц рудзынджы ӕддаг фарс. Банымайӕн сӕ нӕ уыд, фӕлӕ мӕм афтӕ фӕкаст, цыма зиууӕттӕ фӕстагмӕ фынддӕсы бӕрц баисты. Куыддӕр ахстӕттӕ ӕрдӕгмӕ  ацарӕзтой, афтӕ иууылдӕр уыцы-иу афон ӕрбайсӕфтысты.

Дыккаг бон та ногӕй бавнӕлдтой сӕ куыстмӕ. Ацы хатт сӕ цалынмӕ кӕронмӕ нӕ фесты арӕзт, уӕдмӕ, кӕрӕдзийы ивгӕйӕ, скъӕфтой ӕмӕ скъӕфтой арӕзтадон ӕрмӕг.

Цымӕ сӕ знон ӕрдӕг- арӕзтӕй цӕмӕн фӕуагътой? Ау, зӕрватыччытӕ дӕр уый ӕмбарынхъом сты, ӕмӕ цалынмӕ ахстӕттӕ гыццыл фӕхус, фӕфидардӕр уой, уӕдмӕ сын ӕрбырынӕй тӕссаг у.

Афтӕ ӕрхъуыдыджын у зӕрватыкк, уый нӕ зонын. Фӕлӕ абон дӕр мӕ зӕрдыл лӕууы, стӕй мӕ дисы ӕфтауы зӕрватыччыты зиу. Адӕмӕй та, хъыгагӕн, рох кӕнын райдыдта, кӕнӕ та сӕ  бынтондӕр байрох ис уыцы рӕсугъд ӕгъдау.

Бырнацты Барон,

Пенсиисӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here