Фӕлладуадзӕн тӕлм фӕзындзӕн

0
248

Дзӕуджыхъӕуы раздӕры киноконцертон зал «Октябрь»-ы бынаты тагъд рӕстӕг фӕзындзӕн ног фӕлладуадзӕн тӕлм. Уый тыххӕй фехъусын кодта горӕты администрацийы пресс-службӕ.

Пресс-службӕйы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, ацы бонты подрядон организацийы минӕвӕрттӕ бавнӕлдтой арӕзтадон куыстытӕм. Фыццагдӕр уал сӕрмагонд техникӕйы фӕрцы фидӕны скверы фӕзуат асыгъдӕг кӕндзысты бетон ӕмӕ плиткӕйӕ.

Дзӕуджыхъӕуы администрацийы фӕлгонцады управленийы хицауы хӕдивӕг Хъороты Давид куыд радзырдта, афтӕмӕй мӕйы ӕмгъуыдмӕ ног фӕлладуадзӕн тӕлм йӕ хуыз скалдзӕн.

— Горӕты цӕрджытӕ бирӕ фӕндӕттӕ ӕрбалӕвӕрдтой раздӕры киноконцертон залы фӕзуаты фӕлгонцады фӕдыл. Алыхуызон фӕндӕттӕм ӕркӕсгӕйӕ, администрацийы разамынд уынаффӕ рахаста уыцы бынаты ног фӕлладуадзӕн сквер саразыны тыххӕй. Цӕттӕгӕнӕн куыстыты фӕстӕ подрядчик скверы фӕзуат саив кӕндзӕн: сӕвӕрдзысты дзы цырӕгътӕ, бандӕттӕ, къахвӕндӕгтӕ ӕрӕмбӕрздзысты ног асфальт ӕмӕ къӕйдурӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бакусдзысты скверы цъӕхвӕлыстыл дӕр», — загъта Хъороты Давид.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here