Газы хӕдзарад: ифтонггӕрзтӕ бӕрӕг кӕнынц

0
204

Хъармгӕнӕн афоны агъоммӕ компани «Газпром газораспределение Владикавказ»-ы кусджытӕ Цӕгат Ирыстоны бирӕфатерон ӕмӕ хицӕн адӕймӕгты хӕдзӕртты ӕххӕст кӕнынц фыдбылызӕй хизӕн куыстытӕ.

Газӕй кусӕг ифтонггӕрзтӕ нывыл уагӕй кусынц ӕви нӕ, уый бӕлвырд кӕнгӕйӕ, амынд компанийы кусджытӕ ифтонггӕрзты куысты хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кӕнынц.

Газы компанийы кусджытӕ абоненттӕн газӕй кусӕг ифтонггӕрзтӕй пайда кӕныны фӕткы  амынддзинӕдтимӕ информацион сыфтӕ радтынц, стӕй амынд фӕтк халын кӕй не ‘мбӕлы, уый тыххӕй сын хабӕрттӕ радзурынц.

Уымӕй уӕлдай, закъонӕвӕрынадон уагӕй кӕй сфидар кодтой, газӕй ӕдасӕй пайдакӕнынады уыцы нормӕтӕ газы ифтонггӕрзтӕн техникон лӕггадкӕнынады ӕмӕ сӕ цалцӕг кӕныны тыххӕй бадзырд сфидар кӕныны фӕтк кӕй амонынц, специалисттӕ адӕмы зӕрдыл уый ӕрлӕууын кӕнынц. Уӕрӕсейы Хицауады 2013 азы 14 майы хаст уынаффӕйӕ кӕй сфидар кодтой, хӕдзары ӕмӕ фатеры мидӕг газы ифтонггӕрзтӕй пайда кӕныны ӕмӕ сӕ дарыны рӕстӕг ӕдасдзинадӕн фадӕтты арӕзтады хайы газӕй пайдакӕнынады уыцы фӕткы 6-ӕм пункт домы амынд куыстытӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддаг. Газы ифтонггӕрзтӕн техникон лӕггадкӕнынады куыстытӕ ӕххӕстгонд цӕуынц фидаргонд фӕткмӕ гӕсгӕ, афӕдзы дӕргъы иу хатт. Ацы куыстыты аргъ аразгӕ у газӕй пайдагӕнӕгмӕ ӕвӕрд ифтонггӕрзты хуызӕй ӕмӕ сӕ нымӕцӕй.

Уый тыххӕй фехъусын кодта ӕнӕххӕст бӕрнондзинады ӕхсӕнад «Газпром газораспределение Владикавказ»-ы пресс-службӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here