Паркӕн — инӕлары ном

0
494

Ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты проект «Хъӕбатыры уынг» ӕххӕст кӕнгӕйӕ, цӕгатирыстойнаг активисттӕ Горӕтгӕрон районы Михайловскы хъӕуы администрацийы минӕвӕрттимӕ бынӕттон фӕлладуадзӕн паркӕн радтой Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг, инӕлар-майор Къӕдзилты Барисы ном.

Паркӕн Къӕдзилы-фырты ном радтыны кадӕн арӕзт кадджын ӕмбырды архайдтой Михайловскы хъӕуы администрацийы ӕмӕ Культурӕйы хӕдзары, стӕй Патриотон хъомылады республикон центры кусджытӕ. Номарӕн къӕйы цур кадджын хъалагъурӕй ӕрлӕууыдысты ӕвзонг ӕфсӕддонтӕ. Къӕй байгом кӕныны бар радтой Къӕдзилты мыггаджы минӕвӕрттӕ ӕмӕ Адӕмон фронты активисттӕн.

— Адӕмон фронты активистты фӕндонӕй хӕсты хъӕбатырты  нӕмттӕ кӕмӕн радтой, ныридӕгӕн бӕстӕйы цыппор регионӕй фылдӕры ис ахӕм уынгтӕ ӕмӕ сквертӕ. Адӕмон фронты проект «Хъӕбатыры уынг» ӕппӕтӕй раздӕр чи ӕххӕст кӕны, Цӕгат Ирыстон уыцы регионтӕй иу кӕй у, уый мын ӕхсызгон у. Зӕгъӕм, Джызӕлы фӕзынд Адеты ӕфсымӕрты, Дзӕуджыхъӕуы та — Советон Цӕдисы Хъӕбатыр Къозонты Сардионы уынгтӕ. Уынгтӕ ӕмӕ парктӕн зындгонд хъӕбатырты нӕмттӕ кӕй радтынц, уый раст у, — загъта Адӕмон фронты цӕгатирыстойнаг штабы ӕмсӕрдар Тезиаты Таймураз.

Къӕдзилты Барис райгуырд хуссарирыстойнаг Картисы хъӕуы. 1928 азы бинонтӕ раивтой Дзӕуджыхъӕумӕ, фӕстӕдӕр та — Михайловскы хъӕумӕ, ӕмӕ ардыгӕй Къӕдзилы-фырт ацыд хӕстмӕ. 1941 азы июлы Барис, 271-ӕм артиллерион полчъы батарейы командӕгӕнӕджы бынат ахсгӕйӕ, архайдта Смоленскы облӕсты горӕт Ельнямӕ ‘ввахс тугкалӕн хӕстыты. Уӕззау цӕф фӕци ӕмӕ ӕфсӕддон рынчындонмӕ бахауд. Куы сдзӕбӕх, уӕд ӕй сӕвӕрдтой 344-ӕм фистӕгӕфсӕддон дивизийы артиллерион полчъы штабы хицауы ӕххуысгӕнӕгӕй. 1943 азы Къӕдзилы-фырт дыккаг хатт уӕззау цӕф фӕци ӕмӕ афӕдзы ӕрдӕджы дӕргъы фӕхуыссыд ӕфсӕддон рынчындоны. 1943 азы октябры йӕ сӕвӕрдтой Мӕскуыйаг ӕфсӕддон зылды артиллерион дивизионы командӕгӕнӕгӕй. Хӕсты фӕстӕ Барис службӕ кодта Фӕскавказы ӕфсӕддон зылды. 1962 азы йӕ сӕвӕрдтой Белоруссийы ӕрбынӕттонуӕвӕг ракетон дивизийы командӕгӕнӕгӕй. Ацы бынат ахсӕг Къӕдзилы-фыртӕн 1967 азы радтой инӕлар-майоры цин. Авд азы фӕстӕ Барисы йӕ кармӕ гӕсгӕ арвыстой запасы. 1980 азы Къӕдзилты Барис йӕ цардӕй ахицӕн.

Бӕдтиаты Оксанӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here