Математикон ӕмӕ кадетон кълӕстӕ

0
324

Цӕгат Ирыстоны ӕппӕт районты скъолаты дӕр хъуамӕ байгом уой математикон ӕмӕ кадетон кълӕстӕ — ахӕм нысан Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады размӕ сӕвӕрдта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйло.

Уыцы нысаны фӕдыл цы организацион мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн, ууыл ныхас цыд, ахуырад ӕмӕ наукӕйы министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Алыбегты Эллӕ министрады структурон дӕлхайӕдтӕ ӕмӕ ахуырады районты управлениты разамонджытӕн цы ӕмбырд сарӕзта, уым.

«Ахуырадон процесс фӕхъомысджындӕр кӕнынӕн ӕххӕстгонд цӕудзысты уӕлӕмхасӕн комплексон мадзӕлттӕ. Уыдоны сӕйрагдӕр нысан у ахуырады хӕрзхъӕддзинады къӕпхӕн бӕрзонддӕр кӕнын. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй республикӕйы скъолаты кусынц физикон, химион ӕмӕ ӕндӕр тематикон кълӕстӕ. Уыдонмӕ ма ныр бафтдзысты математикон ӕмӕ кадетон кълӕстӕ дӕр. Райдайӕн къӕпхӕныл уал математикон ӕмӕ кадетон кълӕстӕ кусдзысты фӕлварӕны хуызы. Фидӕн азӕй фӕстӕмӕ та сӕ нымӕц фӕфылдӕр уыдзӕн. Ӕмткӕй райсгӕйӕ та нӕ размӕ ‘вӕрд нысантыл дзургӕйӕ, республикӕйы алкӕцы скъолайы дӕр сывӕллӕтты ахадгӕ ӕмӕ ӕххӕст ахуырадӕн хъуамӕ уа ӕппӕт фадӕттӕ дӕр», — йӕ раныхасы фӕбӕрӕг кодта Алыбегты Эллӕ.

Мӕздӕджы районы Веселӕйы хъӕуы скъолайы директор Дзебойты Фатимӕ йӕ раныхасы ӕрлӕууыд, кадетон кълас байгом кӕнын ӕмӕ, йӕ куысты рӕстӕг сӕ къухы цы фӕлтӕрддзинад бафтыд, ууыл. Директор бӕстон радзырдта кадетон къласы организацион фарстаты тыххӕй. Ацы хъуыддаджы фӕдыл бӕлвырд фӕндӕттӕ бахастой ӕрыдоны районы ахуырады управленийы хицау Андрей Швецов, Алагиры 3-ӕм скъолайы директор Быгъуылты Людмилӕ ӕмӕ иннӕ специалисттӕ.

Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты, Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институт ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы наукон центры специалисттӕ зӕрдӕ бавӕрдтой, проект ӕххӕст кӕныны куысты хъӕддыхӕй кӕй архайдзысты, уымӕй.

Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады ныридӕгӕн сарӕзтой, 2021 азы сентябры фӕлварӕн математикон ӕмӕ кадетон кълӕстӕ кӕм байгом уыдзысты, уыцы скъолаты номхыгъд. Уыимӕ, ведомствӕйы специалисттӕ цӕттӕ кӕнынц уыцы кълӕстӕн ахуырадон программӕтӕ ӕмӕ методикон амынддзинӕдтӕ.

Гӕлӕуты Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here