Ӕгас цу, сыгъзӕрин фӕззӕг!

0
203

Ӕвӕдза, цас ногдзинӕдтӕ фӕзыны нӕ алфамбылай, сыгъзӕрин фӕззӕг куы ралӕууы, уӕд. Ӕрдзы хӕлӕрттӕ, уӕлдайдӕр туристтӕ ӕмӕ бӕстӕиртасджытӕ, фӕтырнынц зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты дунейы сусӕгдзинӕдтӕ базонынмӕ, зӕгъӕм, тӕрхъустӕ сӕ «кӕрцытӕ» цӕмӕн раивынц урсытӕй. Сыфтӕртӕй иутӕ бур кӕнын цӕмӕн райдайынц, иннӕтӕ та сырх-сырхид цӕй тыххӕй афӕлдӕхынц. Бирӕтӕ дис фӕкӕнынц, цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ малты дон афӕдзы иннӕ афонтӕй хъауджыдӕр рӕсугъддӕр кӕй вӕййы, ууыл. Уӕдӕ арӕх фӕфӕрсынц, дыргъдӕтты хицӕуттӕ сӕнӕфсирты алыварс зӕхх цӕмӕн фӕкъахынц, уымӕй дӕр.

Фӕззӕг у ӕппӕт зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты дунейы зымӕгмӕ цӕттӕ кӕныны тӕккӕ ахсджиагдӕр рӕстӕг. Стыр диссаджы ивддзинӕдтӕ фӕцӕуы нӕ алфамбылай ӕрдзы. Фӕлӕ се ‘ппӕт базонӕн нӕ вӕййы. Суанг ма сӕм йӕ цӕст лӕмбынӕг чи фӕдары, уыдон дӕр сӕ нӕ раиртасынц.

Уӕдӕ цавӕр фӕдзӕхстытӕ радтӕн ис ӕрдзы хӕлӕрттӕ ӕмӕ ӕвзонг туристтӕн сыгъзӕрин фӕззӕджы маршруттыл нӕ алфамбылай райгуырӕн бынӕттӕм ацӕуыны размӕ? Бирӕты, ӕвӕццӕгӕн, бафӕнддзӕн хъӕдмӕ абалц кӕнын дӕр. Уымӕн ӕмӕ ам сыгъзӕрин фӕззӕджы миниуджытӕ уӕлдай ирддӕрӕй фӕзынынц. Фӕлӕ кӕрӕдзи фӕдыл цӕуынӕй ницы пайда ис. Хъуамӕ къорды уӕнгтӕ апырх уой хъӕдбыны, цӕмӕй алчидӕр фена фылдӕр диссӕгтӕ. Уымӕн ӕмӕ фӕззӕджы бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕртӕ ӕппӕтӕйдӕр вӕййынц мыдхуыз уӕлӕдарӕсы. Цыбыр афыстытӕ акӕнын фӕхъӕуы фӕззыгон хъӕды бӕлӕсты ахорӕнты тыххӕй. Уӕлдай рӕсугъддӕр уӕм цы сыфтӕрты хуызӕгтӕ фӕкӕса, уыдон райсӕн ис гербаритӕн.

Ныр та, чи ӕрхауд, уыцы сыфтӕртӕ скалут ӕмӕ сӕ бынӕй сисут, зӕххыл чи ис, уыдонӕй цалдӕр. Цы хуызӕн систы? Цӕмӕн? Зиан сты бӕласӕн ӕви пайда? Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, сыфтӕртӕн бӕласы царды сӕрдыгон цавӕр ахадындзинад ис, уый.

Бӕласӕй сыфтӕр кӕцӕй ӕрхауд, уый фарсмӕ къалиутыл фенӕн ис къуыбыртӕ. Бацагурут-ма сӕ бӕрзы, уисхъӕды, сирены, ӕндӕр бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕртыл. Ныр та бафӕлварут къуыбыр рафӕлдахын. Банымайут-ма, цал хайӕ конд у, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ӕмхуызон сты, уыдӕттӕ.

Ӕркӕсын хъӕуы сусхъӕды, кӕрзы, фӕрвы мыггӕгты хицӕндзинӕдтӕм дӕр (фӕрвӕн йӕ мыггӕгтӕ сты гуыркъоты хуызӕн, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ӕнцонӕй ӕрызгъалӕн ис армы дзыхъмӕ). Бафӕлварут-ма уыдоны хӕрдмӕ скалын ӕмӕ фенут, зӕхмӕ куыд згъӕлдзысты, уый. Сымахмӕ гӕсгӕ цавӕр нысаниуӕг ис ацы мыггӕгтӕн? Цы фӕуыдзысты ӕхсӕр къутӕрты, фӕрвы ӕмӕ бӕрзы къалиуты хъусцӕджытӕ? Куыд хъуыды кӕнут, уалдзӕгмӕ ма ауыгъдӕй фӕлӕудзысты ӕви нӕ?

Ныр та акӕсут уӕ алфамбылаймӕ. Бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕртыл нал баззад дыргътӕ ӕмӕ гагадыргътӕ? ӕвӕццӕгӕн, уайтагъд нӕ фендзыстут цъуйы, мыртгӕйы, уагъылыйы сырх-сырхид дыргътӕ. Уӕ фӕндагыл гагадыргътӕ куы фенат, уӕд та фӕхъӕуы чысыл афыстытӕ кӕнын дӕр. Гагадыргъты тыххӕй та радзурӕн куыд нӕ ис. Фыцынц сӕ вареннӕтӕ, кӕнынц сӕ чъиритӕ, уӕдӕ цӕхджынтӕн дӕр бӕззынц, фӕлӕ гагадыргъты ӕппӕт хуызтӕ хӕрынӕн нӕ бӕззынц. Уый хыгъд сӕ пайда кӕнынц адӕмон медицинӕйы. Ахӕм гагадыргътӕ дӕр ис, ӕмӕ сты маргджын, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй хъӕуы зонын.

Цӕгат Ирыстоны хъӕд хъӕздыг у алыхуызон зокъотӕй дӕр. Хорз уаид, уыдоны тыххӕй дӕр радзурын. Куыд сӕ пайдагӕнӕн ис, цавӕр миниуджытӕй хицӕн кӕнынц маргджын зокъотӕ, хӕрынӕн чи бӕззы, уыдонӕй.

Балцы уӕвгӕйӕ, цы ӕрмӕджытӕ бацӕттӕ кӕнат, уыдон уыдзысты уӕлдай диссагдӕр. Зайӕгойты хуымӕтӕджы ранымады бӕсты сымах куы радзурат, кӕм зайынц, куыд сӕ пайда кӕнынц адӕймаджы хӕдзарадон архайды ӕмӕ сӕ экологон хицӕндзинӕдты тыххӕй, уӕд уый уе ‘мцахъхъӕнтӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн нӕ алфамбылай ӕрдз хуыздӕр базонынӕн.

Уӕдӕ ма мын зӕгъут, уырынгонтӕ кӕм фембӕхсынц зымӕгон? Цӕмӕй сӕ ссарат, уый тыххӕй хъуамӕ арӕхстджын ӕмӕ цырддзаст уат. Уӕ цӕхӕрадоны кӕнӕ дыргъдоны ссарӕн ис зымӕгиуатгӕнӕг саскты. Фӕззыгон балцы рӕстӕг сымах фембӕлдзыстут алыхуызон уырынгонтыл. Фӕлӕ ма фӕтагъд кӕнут уыдоны цӕгъдыныл кӕнӕ сӕ коллекцийӕн къаробкӕты ӕмбырд кӕныныл дӕр. Раздӕр уал сӕм фӕхъӕуы хорз ӕркӕсын. Базонын, куыд ӕхсыны сыфтӕр, цы йӕ хъахъхъӕны зымӕгон уазӕлтты, куыд адарддӕр кӕндзӕн йӕ цард уалдзӕджы ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Уырынгонтӕй уӕлдай хъӕды фембӕлӕн ис быдырон чысыл цӕрӕгойтыл дӕр. Уыдон сты уызын, куырм мыст, ӕндӕр ӕхсынджытӕ. Хорз уаид, уыдоны царды тыххӕй бӕлвырддӕр радзурын.

Бирӕтӕ ӕнӕзонгӕ не сты, фӕззӕджы мӕйты махӕй мӕргътӕ хъарм бӕстӕм кӕй атӕхынц, уый. Алы хатт дӕр сӕ атахт зындӕр базонӕн вӕййы се ‘ртахтӕй. Уымӕн ӕмӕ мӕргътӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы раздӕхынц, уӕд сӕ зӕлланг зарджытӕй сӕхи базонын кӕнынц махӕн. Фӕлӕ сӕрды ӕмбисӕй фӕстӕмӕ фылдӕр мӕргътӕ нал фӕзарынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бафиппайӕм, фӕззӕгмӕ ӕввахс куыд ӕрбайсӕфынц, уый. Мах ӕрмӕстдӕр хъарм бӕстӕм тӕхӕг хърихъуппыты, хъӕддаг хъазтӕ ӕмӕ бабызты балтӕ фенӕм фӕззыгон арвыл.

Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here