Сан-Маринойы цӕрджытӕ цӕгатирыстойнаг сывӕллӕтты номыл монументы цур ӕрымысыдысты Беслӕны фыдбӕллӕхы амӕттӕгты. Уый тыххӕй радзырдта Франческа Кьярелли.
«Уӕрӕсе ӕмӕ Сан-Маринойы гимнтӕ флейтӕйыл чи ацагъта, ахӕм музыкант Моникӕ Морони нӕ цуры ӕрбалӕууыд. Уый фӕстӕ ӕз цалдӕр ныхасы загътон ӕмӕ цыртдзӕвӕныл дидинджытӕ сӕвӕрдтам», — фӕбӕрӕг кодта Франческа Кьярелли, уый ма у Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвар Сан-Маринойы.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бронзӕйӕ конд статуямӕ ӕрбацыдысты 30 адӕймаджы бӕрц, алы аз дӕр сывӕллӕтты ӕрхъуыды кӕнынц. Монумент сӕвӕрдтой бынӕттон цӕрджытӕ, уый Сан-Маринойы ӕмӕ зылды дӕр у иунӕг ирон цыртдзӕвӕн.
Италийы Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕварады сӕргълӕууӕг Мауро Мурджа куыд загъта, афтӕмӕй беслӕйнӕгты фыдбӕллӕхы тыххӕй ӕртыццӕджы изӕрӕй мысӕн хъуыддӕгтӕ скодтой Пезаройы, Флоренцийы, Кальярийы ӕмӕ «Беслӕны сывӕллӕтты» парк кӕм ис, уыцы горӕт Ровертойы.
РИА «Новости»














