Ӕрӕджы Токиойы ахицӕн сты Паралимпиаг хъӕзтытӕ. Уӕрӕсейы иугонд командӕимӕ дзы Ирыстоны кад хъахъхъӕдта ӕмӕ къори ӕхсынӕй дзы чемпионы ном райста Хынцӕгты Альберт.
Знон фӕсивӕдон газет «Слово»-йы Альбертӕн ӕмӕ йӕ тренер, спортивон скъола «Стимул»-ы директор Гаглойты Валерийӕн фембӕлд уыд дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттимӕ.
Къори ӕхсыны спортӕй архайыны размӕ Альберт уыд хъӕбысӕйхӕцӕг. Йӕ тренер та уыд Гӕбӕраты Аслан. Уый йын ӕргом кодта йӕ фӕлтӕрддзинад ацы спорты хуызӕй. Ӕрбамбырд ӕм фаг зонындзинӕдтӕ. Фӕлӕ къори ӕхсыны хъуыддаджы дӕр сарӕхст хиуыл зӕрдиаг ӕмӕ йӕ бӕстон архайды руаджы.
Чемпион ма журналисттӕн бӕлвырд радзырдта, йӕ уӕлахизыл Ирыстоны спортуарзджытӕ куыд ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты, уыцы зӕрдӕрухсгӕнӕн ӕнкъарӕнты тыххӕй. Ахӕм стыр ӕнтыст йӕ къухы кӕй бафтыд, уый йӕ фырцинӕй уырнгӕ дӕр нӕ кодта.
— Мӕ боны фӕтк бӕлвырд уагыл аразын, алыхуызы тренировкӕтӕ афоныл ӕххӕст кӕнын. Мӕ царды сӕйрагдӕр нысантӕй уыд къори ӕхсыны спорты хуызӕй Олимпаг хъӕзтыты чемпион суӕвын ӕмӕ мӕ уӕлахизмӕ цыдтӕн уӕндонӕй. Тренировкӕты рӕстӕг-иу къори ӕппӕрстон 16,03 дӕрддзӕгмӕ. Дунеон рекорд та ӕвӕрынц 17,35 дӕрддзӕг. Дыууӕ азы фӕстӕ Парижы уыдзысты иннӕ Паралимпиаг хъӕзтытӕ ӕмӕ дзы ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ мӕ зӕрды ис равдисын, — загъта Альберт.
Чемпионы тренер Гаглойты Валери та куыд радзырдта, афтӕмӕй йӕ хӕс уыди, фыццаджыдӕр, спортсмены рӕзтӕн уавӕртӕ ӕмӕ фадӕттӕ саразын. Альберт спортивон скъоламӕ куы ӕрбацыд, уӕд ӕй базонгӕ кодтам къори ӕхсыны спорты хуызимӕ. Фыццаг Уӕрӕсейы чемпион суӕвын, фӕстӕдӕр та ацы спорты хуызӕй Европӕйы ерысты фыццаг бынат бацахсын, ахӕм уыдысты Альберты бӕллицтӕ.
Спортсменӕн йӕ сӕйрагдӕр тырнындзинад вӕййы йӕ спорты хуызы Олимпаг хъӕзтыты архайӕджы бар райсын ӕмӕ уыцы ӕмвӕзадмӕ дарддӕр Альберт кӕй цӕудзӕн, ууыл зӕрдӕдарӕн ис.
Алы фӕндагыл дӕр вӕййы, куыд уырдыджытӕ, афтӕ бӕрзонд рындзтӕ. Альбертӕн дӕр йӕ уӕлахизты фӕндаджы ис уыцы фӕхӕрдгӕндтӕ. Фӕлӕ йӕ уыдон дарддӕры уӕлахизтӕм разӕнгарддӕр цы кӕнынц, ӕндӕр ын йӕ хъару нӕ сӕттынц.
Журналисттимӕ фембӕлды рӕстӕг ма Альберт радзырдта, йӕ уӕгъд рӕстӕг ӕрдзы хъӕбысы ӕрвитын кӕй уарзы, стӕй ма суанг йӕ зӕрдӕмӕ фылдӕр цавӕр хӕринӕгтӕ цӕуынц, уый тыххӕй дӕр.
Гасанты Валери
Къам систа Хъайырты Дианӕ














