Цыты чызг

0
756

Раздӕр ӕнусты алыхуызон ӕгъдӕуттӕ уыдис ирон адӕммӕ. Бирӕтӕ дзы нал ӕрхӕццӕ сты абоны онг. Зӕгъӕм, къорд азы размӕ дӕр ма карджын сылгоймӕгтӕй фехъусӕн уыдис, ӕз цыты чызг уыдтӕн, зӕгъгӕ. Ацы дзырдбаст цы амоны, уый фӕсивӕдӕй ныртӕккӕ ничи зондзӕн. Фӕлӕ рагон хабӕрттӕфыссӕг ӕмӕ таурӕгъгӕнӕг Хъайттаты Хъайтмырзӕ йӕ рӕстӕджы хорз зыдта нӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ. Цы ӕрмӕг ныффыста, уый мах систам архивӕй ӕмӕ йӕ мыхуыр кӕнӕм дӕлдӕр.

Нӕ рагон фыдӕлтӕм уыд ахӕм ӕгъдау. Цӕвиттон, дыууӕ мыггаджы фӕтуджджын сты, зӕгъгӕ, уӕд-иу комбӕсты дзырддзӕугӕ лӕгтӕ се ‘хсӕн бацыдысты. Бирӕ радзур-бадзуры фӕстӕ мыггӕгтӕн ӕнӕбафидаугӕ нӕ уыди. Ӕгъдау куыд амыдта, афтӕмӕй, лӕг чи амардта, уыцы мыггаджы фӕстӕ-иу бирӕ адӕм сӕмбӕлд зианджынтӕм. Алы хатт дӕр уыд хӕрдзтӕ: ӕргӕвдинаг, нозт, ӕхца. Фидыды нысанӕн-иу туджджынтӕ сӕ къухтӕ райстой, кӕрӕдзимӕ-иу сдзырдтой.

Дыууӕ мыггаджы ‘хсӕн фидыддзинад фидардӕр кӕныны тыххӕй-иу, лӕг чи амардта, уыдон зианджынтӕн лӕвӕрдтой чызг. Гъе, уый адӕм хуыдтой цыты чызг.

Ацы ӕгъдау ӕнусты дӕргъы тыхджын уыд нӕ фыдӕлтӕм. Цыты чызг-иу зианджын мыггаджы кӕстӕртӕн ссис хойы хуызӕн. Архайдта хӕстӕгдзинад фидардӕр кӕныныл. Иугӕр-иу цыты чызг лӕвӕрд ӕрцыд дыууӕ мыггаджы ‘хсӕн, уӕд-иу кӕрӕдзийы туджджынтӕ нал хуыдтой, фидыддзинад уыдис ӕнустӕм.

Нӕ ныхас бӕлвырддӕр цӕмӕй уа, уый тыххӕй ӕрхӕсдзыстӕм цалдӕр ӕнамонд хабары. Кӕддӕр цъамадаг Хъайттаты дыууӕ лӕппуйы хӕрӕгуаргъӕй суг ластой Субийы хъӕдӕй. Инджынты акомкоммӕ сӕмбӕлдысты Цӕлладжы-фыртыл. Уый йӕ гал ӕрцӕйтардта Урсдоны Сухсӕй. Фӕндагыл лӕппутӕн загъд бацайдагъ. Ӕнӕбары Цӕлладжы-фырты къухӕй хъамайӕ рӕхуыст ӕрцыд Хъайттаты лӕппу. Цӕлладжы-фырт ӕмӕ Хъайттаты иннӕ лӕппу цӕфы бахастой Инджынтӕм. Уӕды заманы дохтыр цы Хуыцау лӕвӕрдта, ӕмӕ Хъайттаты лӕппу зӕфцы фыдӕй йӕ адзал ссардта.

Ацы хабар арвы нӕрдау айхъуыст Уӕлладжыры комыл. Дыууӕ мыггаджы фӕтуджджын сты ӕмӕ кӕрӕдзимӕ лӕбурын райдыдтой. Фӕлӕ адӕм хорз сты. Комбӕсты кадджындӕр хистӕртӕ бацыдысты Хъайттатӕ ӕмӕ Цӕллагты ‘хсӕн. Бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ Хъайттатӕ радтой фидыды ныхас.

Дыууӕ мыггаджы куы бафидыдтой, уӕд Цӕллагтӕ цыты чызг, ӕрхуы егъау аг (ныртӕккӕ ис Цӕгат Ирыстоны Бӕстӕзонӕн музейы), ӕфсӕйнагӕй конд кӕрдзынфыцӕн дӕлтъур радтой Хъайттатӕн. Фӕстӕдӕр Цӕллагонӕй Хъайттаты Уазбийы фырт Хадойӕн райгуырд Малсӕг, Доче, Дзыллӕ ӕмӕ Наги.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ къух барӕй зынгмӕ ничи бадардзӕн. Мыггӕгтӕ-иу арӕх фӕтуджджын сты ӕнӕнхъӕлӕджы. Зӕгъӕм, кӕддӕр карцайаг Тезиаты Мӕхӕмӕт уазӕгуаты уыдис Хъайттатӕм. Сӕрдыгон бон йӕ улӕфт уагъта нӕууыл, хуыссыдис йӕ нымӕтыл. Уыцы рӕстӕг Бицъоты ӕмзор (фыдуаг адӕймаг уыдис) хъыримагӕй ӕхста Мӕхӕмӕты сӕрты, ӕмӕ фыдбылыз ӕрцыд.

Тезиаты мыггаг лӕгӕвзӕрстӕй ныббырстой Цъамадмӕ. Фӕстӕдӕр ӕрӕнцадысты Дзуарзӕнджы, агуырдтой сӕ туджджыны. Хъайттатӕ хъӕубӕстӕн фехъусын кодтой, цӕмӕй ӕддӕмӕ мачи ракӕса. Куыддӕр ӕгъдауӕй Черчесты Уӕрцой ӕддӕмӕ рауад ӕмӕ фӕмард. Хъайттатӕ Черчестӕн туг бафыстой. Дыууӕ мыггаджы ‘хсӕн фидыддзинад цӕмӕй ма фехӕла, уый тыххӕй Хъайттатӕ Черчестӕн цыты чызг радтой. Цот сын рацыд Гисо ӕмӕ Дзан.

Хистӕртӕй куыд хъуыстон, афтӕмӕй Бицъоты Сӕхмӕты фырт ӕмзор зылд хӕтӕнты, уыдис ын бирӕ зонгӕтӕ. Куыд загътам,  афтӕмӕй Тезиаты Мӕхӕмӕт мӕлӕт ссардта ӕмзоры къухӕй.

Иуахӕмы та Бицъойы-фырт Цъамадӕй ныфтыд Уыналмӕ ӕмӕ ӕрфысым кодта йе ‘рдхорд Тахохты Алхӕзмӕ. Бинонтӕ хорз федтой уазӕджы. Бицъоты ӕмзор фӕстӕмӕ куы раздӕхт, уӕд йӕ фӕндаг ракодта Тахохты рӕгъауыл. Нарддӕр цы нывонд уыдис, уый йӕ разӕй раскъӕрдта.

Рӕгъаугӕс — ӕрыгон лӕппу — кӕугӕ ныххӕццӕ сӕхимӕ ӕмӕ хабар фехъусын кодта. Уӕд Алхӕз йӕ бӕхыл абадт ӕмӕ асырдта ӕмзоры. Куы йӕ баййӕфта, уӕд лӕгъстӕ кодта, раздах нын нӕ нывонд, зӕгъгӕ. Ӕмзор нӕ бакоммӕ каст. Мах дӕр, дам, ӕй бахӕрдзыстӕм, зӕгъгӕ, дзуапп радта. Уӕд Алхӕз айтӕ-уыйтӕ нал фӕкодта ӕмӕ  йе ‘фхӕрӕджы хъыримагӕй ӕрфӕлдӕхта.

Дыккаг бон Цъамад гӕрзифтонгӕй ныббырстой Уыналмӕ. Ныппырх  кодтой Тахохты исбон. Ӕвӕццӕгӕн ма ӕрцыдаид ӕндӕр фыдбылызтӕ дӕр, фӕлӕ хӕрзгӕнджытӕ бацыдысты туджджынты ‘хсӕн. Ацы хатт дӕр та фыдӕлтыккон ӕгъдау феххуыс. Тахохтӕ Бицъотӕн цыты чызгӕн радтой Чыпырханы, йӕ мой та уыдис ӕмзоры фырт Уари.

Рагзаманты цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон зонын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Фӕлӕ Цъамады урсбоцъо зӕронд лӕгтӕ Черчесты Сӕхмӕрза, Тохсырты Ахмӕт, Тохсырты Хадзымуссӕ, Черчесты Чермен, Бицъоты Хадзымӕт, Бицъоты Бекмӕрза, Созӕты Микъо, Хъайттаты Гагуыдз, ацӕргӕ сылгоймӕгтӕ Хъайттаты Уӕлинка, Хъайттаты Лизӕ ӕмӕ Хъайттаты Чабӕхан цӕстыгагуыйау хъахъхъӕдтой фыдӕлты таурӕгътӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ. Арӕх-иу сӕм, ныхасы бадгӕйӕ, кӕстӕртӕ цымыдисӕй ныхъхъуыстой. Кадджын хистӕртӕ уӕлӕуыл цы фарн ныууагътой, уый та сӕфт никуы уыдзӕн.

Ӕрмӕг мыхуырмӕ бацӕттӕ кодта Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here