Нæ адæмы кад æмæ амондæн

0
186


Æвзæрстытæ фесты. Фæлæ ма РЦИ-Аланийы Парламент Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы дæр равзæрста. Уыцы бынатмæ УФ-йы Президент Владимир Путин бахаста æртæ кандидатурæйы: Сергей Иваны фырт Меняйло, Баликъоты Тазреты фырт Валери æмæ Елдзарты Баграты чызг Медеяйы. Æвзæрстыты бон инаугурацийы мадзæлтты архайдтой Президенты цур Цæгат Кавказы федералон зылды Æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка, Цæгат Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Федералон Советы сенатортæ Мамсыраты Таймураз æмæ Фадзайты Арсен, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутаттæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Республикæ Цæцæны Хицауады сæрдар Муслим Хучиев, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнæг æмæ тыхы ведомствæты разамонджытæ, нæ республикæйы территориалон оргæнты æмæ муниципалон скондты сæргълæуджытæ.


Парламенты депутаттæй электронон системæйы фæрцы схъæлæс кодтой — 59 адæймаджы. Уыдонæй 57 сæ хъæлæстæ радтой Сергей Меняйлойы кандидатурæйæн, Баликъоты Валерийыл схъæлæс кодтой — 2 адæймаджы, Елдзарты Медеяйыл та — 9.

Ацы бæрæггæнæнтæ Парламенты æмбырды фехъусын кодта нымайæн къамисы сæрдар Гæбæраты Юри. Афтæмæй Сергей Меняйло æвзæрст æрцыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæгæй. Арфæтæ йын ракодтой РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Юрий Чайка, Муслим Хучиев, Бибылты Анатоли æмæ РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг Гориславæ Селиверстова.

Юрий Чайка загъта, Сергей Меняйло республикæйы сæргъы рæстæгмæ куы æрлæууыд, уæд уыцы цыбыр рæстæг биноныг кæй банкъардта æмæ базыдта, цавæр лыггæнинаг фарстатæ дзы ис, социалон-экономикон уавæр, хицауады оргæнты куыст æмæ сæ архайд иннæ структурæтимæ, фылдæр цæстдард кæцы фарстатæм хъæуы, æппæт уыцы хъуыддæгтæ.

— Фыццаджыдæр, ахсджиаг сты æнæниздзинад æмæ ахуырады модернизацийы программæтæ, æмæ сыл куыст ныридæгæн цæуы, регионы социалон-экономикон рацарæзтæн та бæлвырдгонд æрцыдысты, архайд куыд цæудзæн, уыцы мадзæлттæ. Ныхас цæуы æгуыстдзинады æмвæзад ныллæгдæр кæныныл, туристон æмæ промышленнон къабæзты хъомысы рæзтыл. Стыр куыст æрцыд Сергей Меняйлойы рæстæгмæйы разамындæй Беслæны рæзтыл дæр. Нæ бæстæйы регионты нывыл рæзтæн арæзт программæ «Президенты Майы Указтæ 2024 азы онг» дарддæр æххæстгонд цæудзысты. Сæ сæйраг нысан у — адæмы царды уавæрты хæрзхъæддзинад ноджы уæлдæр æмвæзадмæ ракæнын.

Æмæ уыцы хъуыддагæн Цæгат Ирыстоны æппæт гæнæнтæ дæр ис. Мæ зæрдæ дарын, Сергей Иваны фыртмæ цы хъæздыг профессион фæлтæрддзинад ис, уый, æнæмæнг, кæй фæахъаз уыдзæн йæ размæ æвæрд хæстæ сæххæст кæнынæн, — загъта УФ-йы Президенты цур Цæгат Кавказы федералон зылды Æххæстбарджын минæвар.

Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бузныг загъта Парламенты уæнгтæн, æмбырды архайджытæн, сæ зæрдæ, сæ ныфс ыл кæй дарынц æмæ йын ахæм кад кæй скодтой, уый тыххæй. Радзырдта, рæстæгмæйы æххæстгæнæджы бынаты йæ къухы цы бафтыд саразын, æмæ ард бахордта, фидæны нысантыл, нæ республикæйы амондджын фидæныл, адæмы хорзæхæн кæй кусдзæн, уый фæдыл. Сергей Меняйло загъта:

— Бузныг Парламенты депутаттæн, мадзалы архайджытæн, сымах мæныл баууæндыдыстут æмæ уыцы æууæнк æз кæддæриддæр хъуыды кæндзынæн. Фондз мæйы размæ нæ бæстæйы Президент Владимир Путин мæнæн бабар кодта вазыгджын æмæ бæрнон хæс — Цæгат Ирыстоны сæргъы рæстæгмæ æрлæууын. Уыцы цалдæр мæйы мæнæн æгъгъæд уыдысты республикæйы стратегион нысантæ æмæ лыггæнинаг хъуыддæгтæ сбæлвырд кæнынæн. Социалон сферæ æмæ экономикæйы тыхджын æмæ лæмæгъ фæзилæнтæ базонынæн. Зындзинæдтæ, ахсджиаг фарстатæ тынг бирæ. Æмæ се ‘хсæн ис иу — сæйрагдæр — нæй системон разамынды куыст, куыд æнæхъæн регионы форматы, афтæ — хицæн социалон къабæзты дæр: æнæниздзинады, ахуырады, промышленнон æмæ аграрон комплексты, туризмы, арæзтады æмæ иннæты.

Нæ республикæйы цæрынц куыстуарзаг æмæ алы дæсныдзинæдты курдиатджын адæймæгтæ. Уырны мæ, цы рæзты программæтæ нæм ис, уыдон, системон бындурыл æххæстгæнгæйæ, нæ бон суыдзæн республикæ нывыл æмвæзадмæ ракæнын.

Программæтæ æххæсткæныны хъуыддæгты нын дарддæр паддзахад бахъуаджы рæстæг æххуыс дæр кæндзæн. Фæлæ, æнæмæнг, регионы хицауиуæггæнæг æмæ муниципалон оргæнтæ хъуамæ сæ бартæ бæлвырд æмæ биноныг æмбарой, зоной кусын адæмимæ, бæрæг уой, бизнес кæм ис æмæ чиновниктæ куыд архайынц, уыдæттæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнхъæлмæ кæсæм инвестицитæм дæр æмæ уый раст у. Амалхъом адæймæгтæн уавæртæ аразын хъæуы, фæлæ, махæн, куыд паддзахаддзинад, афтæ сæйрагдæр у, уыцы инвестицитæ канд бизнесæн ма цæуой, фæлæ, нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн æмæ хуымæтæг адæмы нывыл царды уавæртæн.

Карз æмæ раст цæстдард, закъоны амынддзинæдтæ æххæст кæнын — уыдон сты нæ иумæйаг архайды бындур.

Не ‘ппæт дæр æмбарæм, цы стыр æмæ бæрнон хæсæвæрд ныл ис — Цæгат Ирыстоны рæсугъд фидæныл архайын, нæ республикæ рæза æмæ «дидинæг» кала, уый тыххæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ивгъуыд азты бирæ фарстытæ лыггонд æрцыд, фæлæ ма ныр дæр бирæ æнæххæст хъуыддæгтæ ис, æмæ нæ ацы ран чысыл хъарутæ æмæ архайд нæ бахъæудзæн. Фондз мæйы куыстам æргомæй, æмæ рæстагæй. Сусæгдзинадæй нæм ницы уыд, алы къахдзæф дæр адæмы раз. Æмæ мын кæд депутаттæ æххуыс кæндзысты, уæд нæ равзæрст фæндагыл дарддæр рæстагæй цæудзыстæм.

Бæлвырд сбæрæг кæндзыстæм социалон рахæцæнтæ. Экономикæ æмæ алы къабазы рæзты программæтæ ногдæртæм рацараздзыстæм.

Цæгат Ирыстон мæ райгуырæн бæстæ у, æмæ йæ арф, бæлвырд ныр куыд сахуыр кодтон, афтæ никуы, стæй бирæтæн нæ бантысдзæн. Ис нæм алцыдæр, цæмæй фæрныг республикæ уа æмæ размæ фидар къахдзæфтæй цæуа, уымæн. Уый тыххæй та нæ алчидæр хъуамæ йæхирдæм ма иваза, фæлæ æмбара, фидар республикæйы бындур у нæ æнгомдзинад, æмдыхæй архайд, тыхджын экономикæ, адæммæ здæхт социалон сферæ æмæ уыцы нысантæ сæххæст кæнæм иумæ. Цæмæй нæ республикæйы цæрджытæ цæрой æмæ фæллой кæной нывыл хорз уавæрты, æппæт фадæтты æмæ рынчындоны медицинон лæггæдтæ райсынæн «бæрзондыл бадæгмæ» æххуысмæ ма дзурой телефонæй, фæлæ куыд УФ-йы гражданин, афтæ алы адæймагæн дæр бахъуаджы сахат æнæ «зонгæты» æххуысæй фадат уа социалон æххуыстæ райсынæн. Афтæ иннæ къабæзты дæр. Мæ зæрдæ дарын адæмы ‘хсæн æвзæрст лæгтæ, амалхъомтæ æмæ хицауиуæггæнæг оргæнтыл. Кæй мын æххуыс кæндзысты нæ республикæйы хъуыддæгтæ æххæст кæныны мадзæлтты. Уыцы фарстатæ сты æнæниздзинады, ахуырады, арæзтады, культурæйы, промышленносты, хъæууон хæдзарады, туризмы, транспорт æмæ иннæ къабæзты, йæ раныхасы загъта Сергей Меняйло.

Инаугурацийы кадджын æмбырды нæ республикæйы Сæргълæууæджы фидæны нысанты программæйы хæсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Ирыстоны алы къабæзты минæвæрттæ.



Мæхæмæтты Ахуырбег, советон æмæ уæрæсейаг историк, фыссæг, педагог, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты президент, академик:


— Республикæйы сæргъы чи лæууыд, уыцы хицæуттæй аст адæймаджы хъуыды кæнын, кæдæй цæрын, уæдмæ. Цыппар та, хæстæгмæ кæимæ куыстон, ахæм разамонджытæ: Галазты Æхсарбег, Дзасохты Алыксандр, Мамсыраты Таймураз æмæ Битарты Вячеслав. Уыдон иууылдæр уыдысты кусæг адæм. Алкæмæдæр дзы уыдис йæхи фæндаг, фæлæ сæ нысан та — иу — нæ республикæйы хæрзамондыл кусын. Советон Цæдис æмæ нырыккон Уæрæсе дæр кадджын æмæ радджын цæмæй уой, ууыл. Ныр та ногæй æрцыд республикæйæн Сæргълæууæг равзарыны рæстæг, æмæ, куыд байхъуыстон, афтæмæй æртæ кандидаты дæр тынг хорз радзырдтой. Мæ зæрдæмæ фæцыдис, хорз фæндтæ сæм кæй ис се ‘ппæтмæ дæр, уый. Нæ республикæйы Парламент равзæрста Сергей Меняйлойы. Æз ын йæ куыстмæ мæ цæст дарын йæ фыццаг бонæй фæстæмæ, ардæм куы ‘рцыд, уæд æм фыстæг дæр арвыстон, мæ зæрдæ йын хорзæй цы загъта, уыдон æм иууылдæр ныффыстон. Загътон ын: уæззау куыст у, фæлæ царды бирæ федта, бирæ фæндæгтыл фæцыдис, æмæ уый чысыл, цыбыр биографи нæу. Алагираг хуымæтæг лæппу адмирал сси. Уым цæйбæрц фыдæбæттæ уыдис, къуыхцытæ æмæ уæлахизтæ, уый не ‘ппæт дæр æмбарæм. Фæстæмæ мæм дзуапп дæр æрбарвыста æмæ дзы фыста, зæгъгæ, йæхирдыгæй цы аразгæ уа, уый бæлвырд æмæ бæрнонæй кæй æххæст кæндзæн, цæмæй нæ бирæнацион республикæ кадджын æмæ амондджын уа, уый тыххæй. Йæ хъуыддæгтæм ын мæ цæст абон дæр дарын. Уый размæ чи уыд, уыцы хицæуттимæ дæр хорз куыстам. Æрмæст университетæн æмæ нæ Ирыстонæн нæ архайдтам, фæлæ нæ бæстæйы хорзæн дæр. Сергей Меняйло йе ‘ргом здахы ахуырады, хъомылады фарстатæм æмæ уый пайда у махæн. Нæ алкæмæй дæр бирæ аразгæ у, чи цы бынаты кусы, уым йæ хæстæ бæрнонæй куы æххæст кæна, уæд, нæ разæй тырыса чи ахæсса, ахæм æфсæддон адмирал нын ис.


Тохъайты Нох, профессор, экономикон наукæты доктор, нæ республикæйы наукæты сгуыхт кусæг:

— Фондз мæйы дæргъы нæ цæст дардтам рæстæгмæ æххæстгæнæджы нысантæм. Ныр та хъуамæ дарддæр æвдисæн фæуæм, йæ размæ æвæрд хъуыддæгтæ æххæстгонд кæй цæудзысты, уыцы цаутæн. Йæ хъуыдыты загъта, республикæ кæй æнхъæлмæ кæсы ног социалон-экономикон рæзты программæмæ. Владимир Путин Сергей Меняйлойы рæстæгмæ республикæйы Сæргълæууæгæй куы снысан кодта, уæд ын зæрдиагæй загъта, Цæгат Ирыстон цымыдисаг бæстæ кæй у, кæй дзы цæры ахуыргонд адæм. Мæнæн уый æхсызгон уыд. Дарддæр се ‘хсæн ныхас цыдис, дысвæлдæхтæй кæй хъæудзæн кусын программæйы нысантыл. Мæхæдæг дæр фембæлдтæн Сергей Меняйлоимæ, Парламенты æмбырдты дæр уый фæстæ загъта, республикæйы системон разамынды архайд фаг æмæ æххæст кæй нæу, хъæуы ивддзинæдтæ бахæссын æппæт социалон къабæзты рæзтмæ дæр. Фæлæ, цæмæй уыцы нысантæ йæ къухы бафтой, уый тыххæй та баивын хъæуы экономикон рæзты «модель». Æмæ, кæд абон дзырд «модель» арæх нæ дзырдта, уæддæр загъта, бирæ ивддзинæдтæ хæссын кæй бахъæудзæн промышленност, аграрон комплекс æмæ иннæ къабæзтæм. Æнæ уыцы ногдзинæдтæй нын фидæн нæй. Промышленностæй нæм æфтиæгтæ цы авд проценты хауы, уыдонæй экономикæ йæхиуыл не схæцдзæн. Советон дуджы промышленностæй æфтиаг нæ экономикæйы 57 проценты уыд, æмæ кусæджы мызд дæр уыдис æмбæлгæ, нывыл.

Фæстаг фондз азы нæ республикæ хорз, модернизацийы фæндагыл рацыд. Бирæ фæрнджын хъуыддæгтæ арæзт æрцыд. Ныр дæр, куыд экономикæ æмæ финансты специалист, афтæ зæгъын: фидæны цы бæлвырд куыстадон проекттæ уа, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, царды рауадзыныл нæ республикæйы Сæргълæууæгæн мах ныфсæнцой фæлæудзыстæм. Социалон объекттæ нæм бирæ арæзт æрцыд, уыдон не ‘ппæт дæр федтам. Æмæ сæ дарддæр дæр хъуамæ æххæст кæнæм. Æнæниздзинады къабазы кæд абон нæ республикæйы Сæргълæууæджы къухы æнтыстдзинæдтæ æфты, уæддæр дзы нырма ис лыггæнинаг фарстатæ. Иу ныхасæй, нæ Сæргълæууæг раст зæгъы: хъæуы системон куыст алы къабазы дæр, æмæ афтæмæй бауыдзæн нæ бон хуыздæр царды уавæртæ саразын.


Гæздæнты Булат, УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артист, зындгонд фæндырдзæгъдæг æмæ дирижер:


— Нæ ног Сæргълæууæджы фæндтæ æмæ нысантæ мæ зæрдæмæ цæуынц. Фарн — йæ хæдзары, йæ бинонты, æмæ Ирыстонæн хорз хъуыддæгтæ куыд сараза, ахæм амонд æй уæд.

Фæнды мæ, йе ‘ргом аивадмæ дæр куы аздахид. Культурæ куы нæ уа, уæд нæй наци дæр, æмæ уый сæйраг у. Нал нæм ис Тæбæхсæуты Балойы хуызæттæ, æмæ уый культурæйæн хорз нысан нæу. Мæхи дæр мын цæйбæрц «фæраппар-баппар» кодтой. Радиойæ — ОЗАТЭ-мæ, уырдыгæй — иннæ рæттæм. Студи куы нæ уа, уæд оркестр хъуамæ цы куса? Ног уацмыстæ фыссын хъæуы, цæмæй сæм адæм хъусой. Фæлæ нæй гæнæнтæ. Радиойы хæдзар абон кæй у, уый бæрæг нæй — ничи ницы зоны. Æз ме ‘рыгон азтæй мæ базæрондмæ уым «фæцардтæн», æмæ мæ æвиппайды фæсырдтой. Ирон музыкæ æрмæст мæн хъæуы? Нæй æнæ национ аивадæй адæмыхатт дæр. Фæндыр æмæ музыкæ æз не ‘рхъуыды кодтон. Мæ зæрдæ дарын, Сергей Меняйло культурæйы лыггæнинаг фарстатæм дæр йæ цæст кæй фæдардзæн, ууыл.

Нæ республикæйы ног Сæргълæууæгмæ Ирыстоны цæрæг адæм æнхъæлмæ кæсынц, хорзæрдæм кæй аивдзæн нæ цард, æмæ та кæддæрау нæ фæллой, нæ архайды æнтыстджын бæрæггæнæнтæй нæ зæрдæтæ кæй райдзысты.

Кучиты Руслан, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар:


— Арфæ кæнын нæ ног хицауæн. Рыны уавæрты æнцон кусæн нæу, фæлæ йын бирæ æнтыстдзинæдтæ зæгъы мæ зæрдæ. Материалон-социалон цæлхдуртæ аиуварс кæнын ын куыд бантыса, фæлæ ма мæм ахсджиагдæр кæсы нæ æрыгон фæсивæды рухс фидæныл бакусыны фарста. Абон хъомыладон фарстатæ зын уавæры сты, æмæ сæм хицауадимæ не ‘ргом куы раздахæм, æвæстиатæй куы ссарæм мадзæлттæ, уæд нæ къухы æнтыстдзинæдтæ дæр бафтдзæн. Хъомыладон фарста æгъдауыл æнцой кæны, æмæ райдыдтам уыцы куыст кæнын. Ныхас кодтам иннæ республикæты хистæр фæлтæртимæ, æхсæнадон организацитимæ, ахуыргæндтимæ, дины кусджытимæ æмæ æрлæууыдыстæм уыцы хъуыдыйыл, ома, нæ куыстæн иу бындур сæвæрын хъæуы, æмæ ног хицауад уыцы хъуыддæгты бæстон нæ фарсмæ куы ‘рлæууид.


Саутæты-Дадтеты Тамилæ
Къамтæ систа Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here