Хъолхъайы цъитийы амæттæгты мысæн бон

0
187

Цæгат Ирыстоны дидинджытæ сæвæрдтой, Хъолхъайы цъитийы рацыды фыдбæллæхы чи фесæфт, уыдоны цыртыл. Мысæн мадзалы архайдтой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, республикæйы Парламенты æмæ Хицауады уæнгтæ, политикон партиты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

Хъолхъайы цъитийы рацыдыл цæуы 19 азы. 2002 азы 20 сентябры 20 сахаты æмæ 8 минутыл, денджызы æмвæзадæй 3250 метры бæрзæндæн чи ис, уыцы Хъолхъайы цъитийыл 4350 метры бæрзæндæй Джимарайы хохы хурыскæсæн фарсæй æрхауд, йæ ас 8 милуан кубометры кæмæн уыд, ахæм ихы хох.

Бирæ хъæутæ фесты уыцы зæйы бын. Дыууæ къуырийы дæргъы цыдысты ирвæзынгæнæн куыстытæ, агурæн мадзæлттæ та — 9 фараст мæйы.

Бæрæггонд куыд у, уымæ гæсгæ, Хъолхъайы цъити рацыд æртыккаг хатт. Фыццаг хатт — 1834 азы, дыккаг хатт та — 1902 азы, фæлæ уæд уый бæрц бæллæх не ‘рхастой.

Ацы æвирхъау фыдбылызы фæстæ нæ республикæйы Хицауад, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад æмæ ахуыргæндтæ сæ цæст лæмбынæг дарынц Хъолхъайы цъитимæ. Уый фæдыл сæм ис алыхуызон хъуыдытæ. Иуты хъуыдымæ гæсгæ, Гæналдоны комы зæххы бынæй газтæ стыдтой, иннæты хъуыдымæ гæсгæ та, Хъолхъайы цъитийæн йæ уæз æгæр фæфылдæр.

 

Хъойбайты Галинæ
Къам систа
Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here