Сæ ахадындзинад — бæрзонд

0
166

«Ацы закъоны проект бахаста республикæйы Центрон æвзарæн къамис. Уыцы ивддзинæдты фæрцы закъон сæмхуызон уыдзæн федералон документимæ. Уæд дзы къуыхцытæ, къуылымпытæ нал æвзæрдзæн», — знон Парламенты советы æмбырды закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Ортабайты Тимур фæбæрæг кодта ахсджиаг акттæ.

 

Æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев.

Ортабайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, республикæйы Конституцион Тæрхондоны куыст бауромыны тыххæй нæ Хицауад балæвæрдта закъоны проект. Хъуамæ Тæрхондоны куыст 2022 азы1 январæй ма бауромой, фæлæ 1 апрелæй. Уæдмæ саразын хъæудзæн иуварсгæнæн къамис, æндæр авналæнтæ. Уымæй дарддæр ма комитеты сæрдар рахаста, Конституцион Тæрхондоны куыст бауромыны фæдыл хицæн фарстаты тыххæй закъоны проект. Бацæттæ йæ кодта республикæйы Хицауад.

Уымæ гæсгæ Тæрхондоны тæрхонгæнджытæн, сæ куыст сын бауромыны фæстæ, цавæрдæр зæрдылдарæн лæггæдтæ скæнын хъæудзæн. Ортабайты Тимур ранымадта уыцы зæрдылдарæн фæрæзтæ. Советы уæнгтæ сразы сты ацы ивддзинæдтимæ. Зынгсирвæзты ныхмæ уагæвæрдтæ фехалыны тыххæй хъуамæ административон æмæ уголовон бæрнондзинад хицæнгонд æрцæуой. Уыцы закъоны проекты тыххæй дæр радзырдта комитеты сæрдар.

Бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Баликъоты Валери куыд бамбарын кодта, афтæмæй нæ бæстæйы 2027 азмæ хъавынц фæлварæн саразын. Архайдзысты дзы Мæскуы æмæ Тæтæры республикæ. Уым спайда кæндзысты, сæ æфтиæгтæ 60 милуан сомы кæмæн сты, сæ кусджыты нымæц та 5 адæймаджы кæмæн у, уыцы организацитæн æмæ амалхъомтæн автоматизацийы бындурыл сæрмагонд хъалонты хуымæтæг хуыз сæвæрын.

Алексей Мачневы ныхасмæ гæсгæ, уый æвзæр нæу, фæлæ цымæ куыстуæттæ цас раст æвдисдзысты сæ хъалонтæ. Уымæй дарддæр ма комитеты сæрдар рæгъмæ рахаста, ацы гæххæтт цы ивддзинæдтæ расайдзæн, уыдон банывыл кæныны закъонты проекттæ. Уæрæсейы Хъалонты проектмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй гæххæтт та баст у ныллæг æфсисадимæ граждæнты рабæрæг кæнынимæ æмæ сын социалон æххуыс дæттынимæ.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Виталий Назаренко цы актты тыххæй радзырдта, уыдонимæ уыд республикæйы Хицауады закъонæвæрынадон хъæппæрис. Хъавынц, фæндæгты æдасдзинад нымайгæйæ, сæрмагонд куыстуат байгом кæнын. Уым хъуамæ æппæт фæндæгты змæлд бæрæг дара, йæ финансон хабæрттæ уыдзысты Фæндæгты фонды бæрны. Алексей Мачневы ныхасмæ гæсгæ, фарста ахсджиаг у, хъуамæ йæ бæстон равзарой, æппæт барæнтæй дæр спайда кæной. Нырма йæ нæма сфидар кодтой.

Горæттæаразæн кодексмæ хъавынц ивддзинæдтæ бахæссын, хъуамæ Мæскуы, Бетъырбухы æмрæнхъ уым бафыссой горæт Севастополь. Уыцы къуыхцыдзинад хъæуы аиуварс кæнын. Бынæттон хиуынаффæйады бæрны цы ведомствæйы цæрæнуæттæ бакодтой, уыдонæн домынц бæрзонд коммуналон фиддонтæ. Уыдæттæ цæрджытæм раст нæ кæсынц. «Цæрæнуæтты фонд приватизаци скæныны тыххæй» федералон закъонмæ хъæуы ивддзинæдтæ бахæссын. Уымæй уæлдай, «Цæрæнуæтты кодекс скусын кæныны тыххæй» закъон дæр фæахъаз уыдзæн ацы граждæнты къордæн.

Социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ цы закъонты проекттæ рахаста, уыдонимæ уыд, Кæройнаг Цæгаты кусæг æмæ цæрæг адæмæн сæ фæллад Уæрæсейы ахæм бынæтты суадзынмæ балцы тыххæй, фиддонтæ фæстæмæ здахыны акт. Уыцы уагæвæрд æххæст кæндзысты дыууæ азы иу хатт. Закъоны проект бацæттæ кодтой Камчаткæйы Закъонæвæрынадон Æмбырды депутаттæ.

Уыдонæй рацыд, Кæройнаг Цæгаты цæрæг æмæ кусæг адæмæн, хи транспорты фæлладуадзæн бынæттæм ацæугæйæ, сæ хæрдзтæ паддзахады ‘рдыгæй фæстæмæ фидыны тыххæй гæххæтт дæр. Уыцы социалон зæрдæдарæнтимæ советы уæнгтæ сразы сты. Æмбырды ма равзæрстой æмæ сфидар кодтой æндæр ахсджиаг гæххæттытæ дæр.

 

Бутаты Эльзæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here