Бæлццæттæласæн транспорт. Сывæллæтты фæлладуадзыны æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæ

0
310

Видеобастдзинады фæрцы республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис скодта министрты кабинеты æмбырд.

Фыццагдæр уал райдыдтой кадрты фарстайæ. Хицауады кабинеты уæнгты базонгæ кодтой культурæйы ног министр Галазты Эдуардимæ. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæгæй снысан кодтой Хетæгкаты Фатимæйы, «ЗАГС»-ы республикон управленийы хицауы хæдивæг Хъаныхъуаты Аллæйæн йæ куыстадон æмгъуыд кæй фæцис, уый тыххæй йæ суæгъд кодтой йæ бынатæй.
Промышленност æмæ инвестициты министры хæдивæг Цæболты Отар куыд радзырдта, афтæмæй хъуамæ ивддзинæдтæ бахæссой республикæйы Хицауады уынаффæмæ. Ивддзинæдтæн ис техникон ахаст, Промышленност æмæ транспорты министрад хъуамæ суа Промышленност æмæ инвестициты министрад. Гæххæтт хъуамæ сфидар кæной Уæрæсейы Промышленност æмæ базарады министрадимæ æмгуыстады тыххæй.
Дзанайы-фырт куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы Промышленност æмæ инвестициты министрадæн уæлæмхасæн æууæлтæ лæвæрд цæуы, уыдоны фæрцы хъуамæ æххæст кæна инвестицион нысантæ. «Къабазы хъомысæй хъуамæ пайда кæна, инвестортимæ куса хъæппæрисджынæй. Республикæйы уавæр хъуамæ хуыздæргæнгæ цæуа», — загъта Хицауады Сæрдар.
Æмбырды сфидар кодтой «РЦИ-Аланийы 2022-2025 азты бæлццæттæласæн транспорты рæзты» паддзахадон программæ. «Бæлццæтты нæм куыд ласынц, уымæ бирæ фарстатæ ис, адæм хъаст кæнынц æмæ хъуамæ уавæр аивæм. Нæ республикæйы цæмæй программæ ахадгæ хуызы скуса, уый тыххæй йæ фидар кæнæм, хъæугæ фæрæзтæй йæ æххæст кæнæм. Нæ адæмы æдасдзинад нымайгæйæ, уый тынг ахсджиаг у. Царды куыд æххæстгонд цæудзæн, уымæ уæ цæст дарут», — бафæдзæхста Дзанайы-фырт.
Фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз сæрдыгон фæлладуадзæн бынæтты сæ рæстæг арвитдзысты цæгатирыстойнаг 33 мин сывæллоны. Уыдонæн сæ 78 проценты бахаудысты уæззау царды уавæрты. Ведомствойы разамонæг куыд бацамыдта, афтæмæй фæлладуадзæн бынаты бон фæуынæн бахъæудзæн банымайын, 2021 азы кæрон товартæ æмæ лæггæдты фæлхасадон индекс, ома, 8,2 проценты æмæ коммерцион фæндæтты рæстæмбис аргъ.
Хицауады Сæрдар бафæдзæхста, цæмæй дзæбæхгæнæн объекттæ афойнадыл срæвдз кæной. «Фæлладуадзæн рæстæгмæ бирæ нал баззад, æппæт бынæттæ дæр хъуамæ рæвдз уой. Мæнæ ма къуыри баззад æмæ уæд хъуысын райдыдтой æппæт тыхстдзинæдтæ, афтæ нæ. Алцы дæр йæ афоныл, æмæ хъуамæ сывæллæттæ уыцы аудынад бамбарой», — загъта Дзанайы-фырт.
Донецкаг æмæ Луганскаг Адæмон республикæтæн афойнадыл гуманитарон æххуыс æрвитыны тыххæй фæндон рахастой. Æркастысты ма æндæр ахсджиаг фарстатæм дæр.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here