Интернетæй чи пайда кæны, уыдон цалдæр боны хъуыды кодтой Украинæйы сæрмагонд операцийы архайæг уæрæсейаг æфсæддон техникæйыл цы дамгъæтæ фыст ис «Z» æмæ «V», уыдон цы нысан кæнынц, ууыл.
Хатдзæгтæ уыдысты бирæ алыхуызон æцæгдзинадæй райдай æмæ уырнинаг чи нæ у, ахæм хабæрттæй фæу.
Фæстагмæ Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрад уыцы цымыдисаг дамгъæты символты тыххæй скодта официалон сидт æмæ сæ нысаниуæг разынд бынтон æндæрхуызон.
Афтæ, уаз-нысан «Z» нысан кæны “Уæлахизы сæраппонд”, дамгъæ «V»-йæн та ис уыцы иуæй дыууæ нысаниуæджы: «Тых ис рæстдзинады» æмæ «Нысан æххæстгонд æрцæудзæн».
Нысан «Z» у рагонславяйнаг дамгъæ, уый сау тыхты архайдæй æппæрст æрцыд уырыссаг æмæ славянаг алфавитæй. Уыцы дамгъæ у æппæт славянты сæйраг хъахъхъæнæг нысан, хъахъхъæнæг у æппæт сау тыхты æрбаирвæзынæй. Уый у «Зæхх» йæхæдæг, куыд Дун-дунейы сконд, афтæ. Хуыцауы сфæлдыст бæлвырд царды уаг. Уыцы дамгъæйы ныффыст амоны: уæллаг хахх нысан кæны Арв, бинаг хахх та нысан кæны Зæхх, диагоналон хахх та нысан кæны сау тыхты бацæуæн æхгæнгæйæ Арв æмæ Зæххы ‘хсæн тыгъдад.
Z Ацы дамгъæ у «Зæхх» рагонславянаг æвзагыл














