Хæстæгдæр азты Цæгат Ирыстоны арæзт æрцæудзæн егъау спортивон-дзæбæхгæнæн центр «Клеверспорт».
Ахæм спортивон кластеры арæзтады тыххæй бадзырд бафыстой Физикон культурæ æмæ спорты къабазы инвестицион проекттæ æххæст кæныны æппæтуæрæсеон ассоциацийы президент Евгений Вайнер æмæ æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Интурист-Ирыстон»-ы генералон директор Бердиты Вадим.
Проекты сæйрагдæр нысан у физикон культурæ æмæ дзыллон спорты райрæзтæн уæрæхдæр мадзæлттæ саразын, спортивон-дзæбæхгæнæн лæггæдты хæрзхъæддзинад бæрзонддæр кæнын.
Проекты архайæг компаниты минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй фидæны спортивон кластеры арæзтадмæ йе ‘ххуысы хай бахæсдзæн Уæрæсейы Спорты министрад дæр. Уыимæ, арæзтадмæ раздахдзысты хицæн инвесторты æргом дæр.
Зæгъын хъæуы, дзыллон спорты райрæзтæн ахъазгæнæг ахæм центр Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг кæй суыдзæн, уый дæр. Уыимæ, ахæм спортивон кластер ныридæгæн арæзт æрцыд Тæтæры республикæйы горæт Набережные Челныйы. Уыцы проект рауад æнтыстджын.
Нæ уацхæссæг