Ерыстæй ссардтой Бесичы ном

0
272

Уæгъдибар хъæбысхæстæй спортивон комплексы Беслæны цыдысты РЦИ-Аланийы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ 1999-2001 азты гуырд фæсивæды ‘хсæн.

Богæлттæ сæ ерыстæй ссардтой спорты сгуыхт мастер, дунейы цыппар хатты чемпион, Олимпиаг хъæзтыты 2-аг бынат бацахсæг Къудухты Бесичы рухс ном.
Ерыстæ рауадысты цымыдисаг æмæ зæрдæмæдзæугæ. Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсæг богæлттæ хорзæхджынгонд систы майдантæ, грамотæтæ æмæ дипломтæй. 1-аг бынæттæ бацахсæг богæлттæн лæвæрд æрцыдысты сæрмагонд кубоктæ. Уымæй уæлдай ма, сæрмагонд лæвæрттæй хорзæхджынгонд систы цалдæр богалы.
Къудухты Бесичы номыл сæрмагонд лæвар райста 57 кг онг уæзы фæуæлахиз уæвæг Бæтæгаты Сослан. «Уæлахизмæ тырнынад»-ы лæварæй та хорзæхджынгонд ссис Хъесаты Арсен. Ацы лæвæрттæ ракодтой Рахизфарсы районы администраци æмæ фирмæ «Наградос».
Рахизфарсы районы цæрæг Томайты Бесик йæхи номæй сæрмагонд лæвæрттæй схорзæхджын кодта, сæ районы богæлттæй æппæты тынгдæр чи фесгуыхт, уыдоны: 57 кг онг уæзы фæуæлахизуæвæг Бæтæгаты Сослан æмæ æппæты уæззаудæр уæзы (125 кг) 1-аг бынат рамбулæг Хосонты Азæмæты.
Ерысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ æвзæрст æрцыдысты, майы кæрон Налцыччы Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты Ирыстоны номæй чи ерыс кæндзæн, уыцы богæлттæ.
Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ рамбулæг систы: 57 кг уæзы — 1-аг бынат — Бæтæгаты Сослан, 2-аг бынат — Давид Абачараев (дыууæйæ дæр — Рахизфарсы районæй), 3-аг бынат — Кокойты Радион (Кировы р-н), 3-аг бынат — Гасынты Талисман (Андиаты Сосланы номыл скъола).
61 кг уæзы — 1-аг бынат — Алик Дзауров (Горæтгæрон р-н), 2-аг бынат — Дзгойты Таймураз (Кировы р-н), 3-аг бынат — Къаболаты Таймураз (Хæдарцаты Асланы номыл академи), 3-аг бынат — Бибылты Сæрмæт (РДЮСШ).
65 кг уæзы — 1-аг бынат — Хъызынты Дзамболат (Дыгуры р-н), 2-аг бынат — Къомайты Фарнæг (Кировы р-н), 3-аг бынат — Джабраил Элесханов (Андиаты Сосланы номыл скъола), 3-аг бынат — Цомайты Марат (Андиаты Сосланы номыл скъола).
70 кг уæзы — 1-аг бынат — Цхуырбаты Батырбег (Хæдарцаты Асланы номыл академи), 2-аг бынат — Джиоты Андрей (Андиаты Сосланы номыл скъола), 3-аг бынат — Дзигойты Зауыр (Андиаты Сосланы номыл скъола), 3-аг бынат —Казбек Салмурзаев (Андиаты Сосланы номыл скъола).
74 кг уæзы — 1-аг бынат — Калоты Сослан (Дыгуры р-н), 2-аг бынат — Гобозты Арслан (Кировы р-н), 3-аг бынат — Мысыкаты Ибрагим (Æрыдоны р-н), 3-аг бынат — Гаджиты Аслан (Андиаты Сосланы номыл скъола).
79 кг уæзы — 1-аг бынат Чертхъоты Руслан (Андиаты Сосланы номыл скъола), 2-аг бынат — Бæдтиаты Алик (Хæдарцаты Асланы номыл академи), 3-аг бынат — Хъоцыты Амур (Андиаты Сосланы номыл скъола), 3-аг бынат — Цоколаты Алан (Алагиры р-н).
86 кг уæзы — 1-аг бынат — Найфонты Алан (Рахизфарсы р-н), 2-аг бынат Хапсæты Аслан (Æрыдоны р-н), 3-аг бынат — Аветик Верещагин (Андиаты Сосланы номыл скъола), 3-аг бынат — Тыджыты Зауырбег (РДЮСШ).
92 кг уæзы — 1-аг бынат — Багаты Алан (Рахизфарсы р-н), 2-аг бынат — Гæбуты Аслан (Алагиры р-н), 3-аг бынат — Кцойты Алихан (Андиаты Сосланы номыл скъола), 3-аг бынат —Чертхъоты Руслан (Горæтгæрон р-н).
97 кг уæзы — 1-аг бынат — Зассеты Арсæмæг, 2-аг бынат — Къæбысты Дэвид, 3-аг бынат — Хуыбецты Сослан (æртæйæ дæр Андиаты Сосланы номыл скъолайæ).
125 кг уæзы — 1-аг бынат — Хосонты Азæмæт (Рахизфарсы р-н), 2-аг бынат — Бестауты Андрей (Андиаты Сосланы номыл скъола), 3-аг бынат — Баппагай Харысхан (РДЮСШ), 3-аг бынат — Биазырты Георги (Андиаты Сосланы номыл скъола).


Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here