Нæ царды ахсджиаг фарстатæ

0
175

Уæрæсейы бæрæгбоны агъоммæ Дзæуджыхъæуы уыд РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы æмбырд. Амыдта йæ РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нинæ Чиплакова.

Æмбырды ма архайдтой республикæйы Ветеранты хæдзары директор, Æхсæнадон палатæйы æхсæнадон цæстдард æмæ барадхъахъхъæнæг архайды къамисы сæрдар, отставкæйы булкъон Сихъоты Сослан, нæ республикæйы сгуыхт экономист, социологон наукæты кандидат, «Онлайн экспертон клуб»-ы уæнг Цориты Алетæ, зындгонд журналист Цæголты Олег æмæ иннæтæ.
Цы ахсджиаг фарстатыл æрдзырдтой, уыдонæн сæ сæйрагдæр уыд «Уæрæсейы ахадындзинад дунейы: ног расидтытæ æмæ мадзæлттæ». Ныхас ма цыд, санкцитæй нæ бæстæйы экономикæ ныцъцъист кæнынмæ кæй хъавынц, æмæ уыцы уавæр нæ адæмы цардыл куыд фæзындзæн, ууыл. Цæмæй уый ма ‘рцæуа, уый тыххæй алыхуызон мадзæлттæ саразын хъæуы, нæхи промышленност, хъæууон хæдзарад, чысыл æмæ астæуккаг амалхъомад сæ къæхтыл слæууын кæнынæн.
Граждайнаг æхсæнадæн ныртæккæйы дунеон царды цы ахадындзинад ис, уый тыххæй радзырдта Нинæ Чиплакова:
— Нæ абоны æмбырд Уæрæсейы бон кадджын бæрæгбоны размæ кæй сарæзтам, уый хуымæтæджы нæу. Ныртæккæ нæ паддзахад, дунейы цы зын уавæр сæвзæрд, уым хъусы ног расидтытæ. Æз алкæддæр нæ паддзахад хонын «Уæлахиздзауты цивилизаци». Абон не ‘мбырды цы фарстатыл ныхас кæнæм, уыдонæн сæ нысан у, дунейы политикон царды цы ивддзинæдтæ цæуы, уым Уæрæсейы ахадындзинад сбæрæг кæнын. Тынг бирæ алыхуызон хъуыдытæ нæм ис, фæлæ махæн сæйрагдæр у —Уæрæсейы домбайдзинад равдисын! Нæ бæстæйы фидардзинад та, йæ тых æмæ хъару, фыццаджыдæр, ис йæ бирæнацион адæмты иудзинады!

Хъойбайты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here