
Æфсæнвæндаджы лæггæдтæй пайда кæнгæйæ, мах хъуыды дæр никуы акæнæм, куыд бирæ адæм дзы фыдæбон кæны, куыд ахсджиаг у сæ архайд, ууыл. Æнцон куыст нæу, фæлæ фылдæр хатт у æнæзынгæ.
— Нæ куыст у хъæугæ æмæ цымыдисаг. Бар æм чи дары, уыдонæй алкæмæй дæр аразгæ у æфсæнвæндаджы нывыл архайд, бæлццæтты æнцойдзинад, — зæгъы Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы станцæйы хицау Чегемты Руслан.
Æрыгон, фæлæ дæсны разамонæг у хæзныдойнаг лæппу. Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы техникум каст куы фæцис, уæд кусын райдыдта стрелочникæй, кæнæ поезды фæтк аразæгæй.
— Æртыккаг курсы фæстæ нæм уыд практикæ Ростовы облæсты станцæ «Лихое»-йы. Уым ноджы æххæстдæрæй бамбæрстон, мæ равзæрст дæсныйадыл фæсмойнаг кæй никуы уыдзынæн, æцæгæй йæ кæй уарзын, уый. Бирæ азты фæстæ дæр æхсызгонæй æрымысын уыцы бонтæ, — зæгъы Руслан.
Зæрдæргъæвд лæппу кусгæ дæр кодта, стæй фæсаууонмæ ахуырмæ бацыд Ростовы æфсæнвæндаджы паддзахадон университетмæ. 2007 азы та Русланы снысан кодтой ныры бæрнон бынатмæ.
Мах бабæрæг кодтам, нæ бæстæйы алы регионтæй, суанг фæсарæнтæй дæр поездтæ алыхуызон уæзæгтимæ кæдæм цæуынц, уыцы товарон кæрт. Вагæттæ лæууыдысты æфсæнвæндæгтыл.
— Æхсæвæй-бонæй кусгæ кæнæм, суткæйы кæцыфæнды рæстæг дæр сæ куысты уæлхъус сты станцæйы радгæс, поездты фæтк аразджытæ, уæзæгтæ æмæ вагæтты уавæрмæ цæстдарджытæ. Фыццаджыдæр се ‘хæс сты æдасдзинады фарстатæ, афойнадыл маршруттæ бацæттæ кæнын. Уæзæгты уавæрмæ цæстдарджытæн сæ архайд фылдæр баст у гæххæттытимæ, цæмæй æмбæлгæ уагыл конд æрцæуой, йæ маркировкæ, вагæтты пломбæ æнæхъыгдард цæмæй уа, уымæ дæр кæсынц. Сæрмагонд зонындзинæдтæ, фæлтæрддзинад æмæ куыстыл æнувыддзинад — ацы миниуджытæй æххæст сты нæ æнгом коллективы уæнгтæ. Алчидæр дзы йе ‘вæрæн хæссы иумæйаг æнтыстдзинадмæ, архайæм, цæмæй нæ куыст уа хæрзхъæд, — зæгъы Чегемты Руслан.
Йæ цард æфсæнвæндаджы куыстимæ сбаста Абайты Мэри. 30 азæй фылдæр кусы товарон кæрты. Станцæйы хицауы хæдивæг йæ цæст дары алы лыстæг хъуыддагмæ дæр.
— Ивгъуыд рæстæгимæ абаргæйæ, нæ куыст фенцондæр ис, фæзындысты компьютертæ, Интернеты тыгъдадæй пайда кæнгæйæ, фыст гæххæттытæ уый бæрц нал ис. Иннæмæй та куыстуаты æппæт бæстыхаймæ дæр ис видеоцæстдард. Адæм ныл сæ уæзæгтæ баууæндынц, æмæ сæм сæ æнæкъуыхцыйæ хæццæ кæнæм, — зæгъы Мэри, товарон кæртмæ рахизгæйæ.
Куыд федтам, афтæмæй поездтæ алыхуызон уæзæгтимæ æрбацæуынц станцæмæ. Зæгъæм, Сыбырæй ласынц хъæдæрмæг, Липецкы металлургон комбинатæй — æфсæйнаг, Сызраны горæтæй — артаг. Вагæттæ цæуы Сомихæй, Азербайджанæй æмæ æндæр рæттæй. Æппæт ацы уæзæгтæ равдæлон кæнын, бынаты сæвæрын æнцон нæу. Товарон кæрты ис уæзæгтæ исæн крантæ æмæ вагæттæ дзæгъæл лæуд æппындæр нæ кæнынц.
Йæ куысты уæлхъус баййæфтам поездты фæтк аразæг Кочиты Хетæджы.
— Иу афæдзы размæ райстон Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы техникумы диплом. Мæ амондæн хорз хистæрты къухмæ æрбахаудтæн. Стыр бузныг дæн се ‘ппæтæй дæр, уæлдайдæр Джыккайты Батрадзæй. Цæстуарзонæй мæ зонгæ кæны куысты сусæгдзинæдтимæ, — зæгъы Хетæг.
Станцæйы кусджыты фæллой æдзухдæр у арæхстджын. Иумæйаг æнтыстмæ сæ фæллойы хай бирæ азты хæссынц фæллойы ветерантæ, уæзæгты уавæрмæ цæстдарджытæ Джиоты Жаннæ, Гæздæнты Жаннæ, станцæйы радгæс Раисæ Кюлян, товарон кассир Æлборты Навэллæ æмæ иннæтæ. Уыдоны фарсмæ кусынц æфсæнвæндагыл æнувыд æрыгон фæлтæр. Раппæлинаг куыст кæны фæлтæрдджын кусæг, станцæйы хицауы хæдивæг, оперативон фарстатæн дзуапдæттæг Туаты Зауырбег.
Æфсæнвæндаг у, уæлдай тæссагдæр кæм у, ахæм бынат, уымæ гæсгæ домы иудадзыг цæстдард.
Гугкаты Жаннæ
Къамтæ систа Хъайырты Дианæ














