Хонæм «Æфсад-2022»-йы фæзмæ!

0
208

19-21 августы Дзæуджыхъæуы цæудзысты дунеон æфсæддон-техникон форум «Æфсад-2022»-йы мадзæлттæ.

Форумы фæлгæты Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмæ республикæйы уазджытæн уыдзæн 58-æм æфсады æмæ æндæр тыхы ведомствæты техникæйы æппæты ногдæр хуызæгтимæ базонгæ уæвыны, стæй æндæр цымыдисаг равдыстытæ æмæ фембæлдтыты архайыны фадат.

Форумы организацион комитеты куыд радзырдтой, афтæмæй æртæ боны дæргъы кусдзæн республикæйы куыстуæтты продукцийы равдыст-армукъа, республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ æмæ хицæн артисттæ суыдзысты концертты архайæг. Форуммæ æрбацæуæг адæмæн сараздзысты алыхуызон конкурстæ æмæ ерыстæ.

Æфсæддон-техникон форум «Æфсад-2022» кадджын уавæры байгом уыдзæн абон 10 сахатыл.

Ӕфсæддон техникæ æмæ хæцæнгæрзты равдыстытæ, стæй форумы иннæ тематикон фæзтæ кусдзысты 10 сахатæй 19 сахаты онг. Сфæлдыстадон коллективты концерттæ та цæудзысты 11 сахатæй 14 сахаты онг.

Форумы мадзæлттæ адарддæр уыдзысты 20 августы.

21 августы — форумы кæронбæттæн боны — мадзæлттæ райдайдзысты 10 сахатыл, 14 сахатыл та райдайдзæн форум сæхгæныны фæдыл кадджын æмбырд.

«Æфсад-2022»-йы мадзæлттæ цæудзысты Дзæуджыхъæуы Хъесайы-фырты уынджы фæлладуадзæн тæлмы Терчы былгæрон.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here