Ахсджиаг ныхас

0
314

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд федералон автомобилон фæндаг «Кавказ»-ы разамонæг Александр Лукащукимæ. Ныхас рауад, арæзтады проекттæ царды куыд æнтысынц, ууыл æмæ федералон ахадындзинадимæ фæндæгты рацарæзтыл.

Фембæлды ма архайдтой федералон автомобилон фæндаг «Кавказ»-ы разамонæджы хæдивæг Анзор Зубкаев æмæ фæндаджы дзæуджыхъæуккаг филиалы хицау Гуыбаты Чермен. Фылдæр æргом аздæхтой Дзæуджыхъæуы фæрсты цæуæг Р-217 фæндаджы дыккаг æмæ æртыккаг рады арæзтадмæ. Александр Лукащук куыд бацамыдта, афтæмæй арæзтад цæуы æнтыстджынæй.

«Сæйрагдæр у транзитон транспорт горæтæй æддæмæ ракæнын. Уымæй æдасдзинад фæфылдæр уыдзæн, цæрæнбынæтты экологон уавæрыл фæзындзæн», — загъта фæндаг «Кавказ»-ы разамонæг. Куыд бафиппайдта, афтæмæй проектмæ гæсгæ фæндагæн уыдзæн ног уæлцъар. Машинæтæ кæм цæудзысты, уый уæрх уыдзæн 15 метры, фæндаг уыдзæн цыппар  тæлмыл дихгонд, сæ алкæй уæрх ахсдзæн 3,75 метры бæрц. Специалисттæ сараздзысты дыууææмвæзадон транспортон æртæ рахизæны, æдасдзинад нымайгæйæ —  хиды хуызæн авд арæзтады. Уыдонæй дыууæ уыдзысты тъунелты хуызы.

Цы хид дзы ис, уый ногæй рацараздзысты æмæ Саудоны донвæд рамраст кæндзысты. Шофыртæн сараздзысты фæлладуадзæн бынат  сывæллæтты фæзуатимæ. Цæудзæн дзы 600 машинæйы бæрц, фæндаджы фæрсты уыдзæн электрон рухс, сфидар дзы кæндзысты ирд рухс мынæг кæныны ныхмæ экрантæ, згъæр гæрæнтæ кæрæтты.

Сергей Меняйло радзырдта, Уæллаг Ларсы сæрты арæнтыл ахизынвæнд кæмæ ис, уыцы автотранспортæн республикæйы электронон рад кæй сарæзтой, уый тыххæй. Республикæйы Сæргълæууæг Александр Лукащукæн куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сæ бон уаид Кавказ.РФ-имæ æрлæууæн лæвар бынæттæ саразын. «Уый уæ къухы куы бафта, уæд тагъд Цыми æмæ Алханчурты цур ахæм бынæттæ фæзындзæн. «Автодор» сын сæ уæлцъар сæхгæнид, Кавказ.РФ та дзы бирæфадатджын бынæттæ саразид. Ахъуыды ма кæнæм, кæд нæ Уæрæсейæ разыйы дзуапп бахъæуа, уæд сæм æрхатдзынæн», — загъта Сергей Меняйло.

Александр Лукащук уыцы хъæппæрис растыл банымадта, кæй ахъуыды кæндзæн æмæ тагъд йæ фæндæттæ рæгъмæ кæй рахæсдзæн, уый бацамыдта.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here