Сæрмагонд хъахъхъæнинаг зæххытæ

0
264

Алфамбылай æрдзмæ хуыздæр цæстдард цæмæй уа, уый тыххæй сæрмагонд хъахъхъæнинаг зæххытæ нæ бæстæйы арæзт цæуынц ивгъуыд æнусы дыккаг æмбисæй фæстæмæ.

Фыццагдæр ахæм организацийæн — Цæгат Ирыстоны паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынатæн ивгъуыд æнусы æхсайæм азты райдайæны бындур æвæрд æрцыд Алагиры районы, бæлвырддæр та — цæугæдон Фыййагдоны галиуварсæй хæццæ кæны Æрыдоны доны фæйнæварс къуылдымтæ æмæ хæххон зæххытæм. Ныртæккæ йæ фæзуат у 29530 гектары бæрц æмæ фæдзæхст бынаты сæйраг нысан у Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сырх чингуытæм хаст стæм зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ бахъахъхъæнын.

Уымæй уæлдай, стыр наукон æмæ экологон-рухсадон куыст цæуы фæдзæхст бынаты. Фидар ахастдзинæдтæ йын ис УФ-йы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ наукон-æхсæнадон, æрдзхъахъхъæнынадон организацитимæ. Фæдзæхст бынаты специалисттæ æнтыстджынæй архайынц алфамбылай æрдз хъахъхъæныны æмæ экологон мадзæлтты дæр.

Ӕрдзы фарн тыхджындæр кæныны тыххæй ахæм алывæрсыг архайд кæны федералон паддзахадон кусæндон национ парк «Алани» дæр Дыгургомы. Ам хæххон экологон системæтæ дих кæнынц арф кæмттæ æмæ хæххон бæрзæндты. Къæдзæхты фæхстæ фылдæр рæтты æхгæд сты нæзы, бæрз, фатхъæд, тæрс æмæ æндæр бæлæстæй. Æдæппæт уыдон сты 115 хуызæй фылдæр. Кæрдæгджын зайæгойты нымæц та хæццæ кæны 1500 хуызмæ. Уыимæ, 400 хуызы бæрц сты хæрынæн бæзгæ æмæ хосгæнæн зайæгойтæ.

Дарддæр национ парчы æрдзы тыххæй куы дзурæм, уæд бирæ суадæттæ, цæугæдæттæ, суæрттæ ис йæ зæххыты. Суанг ма денджызы æмвæзадæй 3200 метры бæрзæндты дæр фенæн ис, стыр чи нæу, ахæм цадтæ. Хъæддаг цæрæгойты минæвæрттæй Дыгургомы æрдзон бынæтты фенæн вæййы дзæбидыр, арс, сычъи, зым, хуыргарк æмæ æндæртæ. Парчы иумæйаг фæзуат у 54926 гектары. Йæ арæнты ис, 1320 адæймаджы кæм цæры, ахæм 18 хъæуы, регионалон нысаниуæджы æрдзон цыртдзæвæнтæ — 9, цатырджын лагертæ — 4, турбазæтæ æмæ кемпингтæ — 4, сæрмагонд бынæттæ фæлладуагъдæн — 8 æмæ фæлгæсæн бынæттæ — 6. Дыууæ æрдзхъахъхъæнæг организациты наукон кусджытæ куыд нымайынц, афтæмæй сæ зæххытыл ис 216 æрдзон цыртдзæвæны æмæ сæ равзæрд ахуыр кæнынц афæдзы кæцыфæнды афон дæр.

Сабеты Аламбег,

федералон паддзахадон кусæндон национ парк «Алани»-йы директоры хæдивæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here