Куыд зонæм, афтæмæй Цæгат Ирыстоны хъæды æмæ хъæуты цæрджыты дыргъдæтты цы хъæдхойтæ скæнынц ахстæттæ, уыдонæн сæ сисфæлыст вæййы хъулæттæ. Фæлæ диссагæй цы кæныс, Хуссар Ирыстоны Знауыры районы фæдзæхстадон тæлмы та фæзындысты сау хъæдхойтæ.
Цæвиттон, сырдгæс Плиты Лаврикы цæст фыццаг хатт ахæм мæргътыл æрхæцыд фæдзæхст хъæды. Раздæр сæ уый халæттæ фæхуыдта, сау кæй уыдысты, уый тыххæй. Æввахсдæр сæм куы бацыд æмæ базырджынтæм куы ‘ркæстытæ кодта, уæд тынг фæдис кодта. Йæ разы уыдысты халæттæ нæ, фæлæ сау хъæдхойтæ.
«Раздæр æз æмæ ме ‘мкусджытæй иу дæр никуы федта ацы мæргъты Знауыры фæдзæхст тæлмы, æмæ мын æхсызгон куыд нæ уыдаид. Фæстæдæр бонты хъæды алы рæтты дæр ноджыдæр ма фембæлдтæн сау хъæдхойтыл. Мæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыдон æдæппæт уыдзысты фондзыссæдзы бæрц», —радзырдта Плиты Лаврик.
Сырдгæс куыд нымайы, афтæмæй сау хъæдхойтæ æрбафтыдысты Дзауы районы Шихантурскаг хъæдтæй. Уым сын хорз фадæттæ ис цæрынæн æмæ сæ нымæц дзæвгар фæфылдæр. Уымæ гæсгæ, ног цæрæн бынæттæ агургæйæ, мæргъты иу хай æрбатахт ардæм. Æвæццæгæн, сау хъæдхойтæ разы сты сæ ног цæрæн бынатæй. Уыдоны нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны хъæды.
«Ацы фæзынд махæн æхсызгон куыд хъуамæ нæ уа. Сау хъæдхойтæ хорз санитартæ сты хъæдæн. Уыдон бирæгæйттæй хæрынц, бæлæстæн знаггад чи кæны, ахæм уырынгойты», — загъта Плиты Лаврик.
Хуссарирыстойнаг хъæддаг æрдзы хорз зонæг, биолог æмæ телералæвæрд «Балц райгуырæн бæстæйыл»-ы амонæг Габаты Владимир куыд бафиппайдта, афтæмæй сау хъæдхойты фæзынд Знауыры фæдзæхст тæлмы хорзæрдæм фæзындзæн бынæттон зайæгойтыл.
«Сау хъæдхойтæ зымæг никæдæм атæхынц. Уыдон афæдзы кæцыфæнды афон дæр цæгъдынц цъархæрджыты, бæлæстæн знаггад чи кæны, æндæр ахæм алыхуызон хъæндилты. Уымæй уæлдай, уыдон стырдæр сты хъæдхойты æндæр хуызтæй æмæ сæ фылдæр хъæуы уырынгойтæ», — уыдис зындгонд биологы ныхас.
Дарддæр уый куыд фæбæлвырд кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны фæзуаты цæрынц хъæдхойты æндæр хуызтæ дæр — кæрдæгхуыз хъæдхой, чысыл хъулон-мулон хъæдхой, урссæрджын хъæдхой æмæ сирийаг хъæдхой дæр. Сау хъæдхойтæ хъæдхойты бинонты æндæр мæргътæй хицæн кæнынц, стырдæртæ кæй сты, уымæй. Сæ буары дæргъ вæййы 42 сантиметрæй 49 сантиметры онг, уæз — 250-450 граммы, базырты айтыгъд та хæццæ фæкæны 64 сантиметрæй 68 сантиметры онг. Сау хъæдхойты сисфæлыст æдзухдæр вæййы сау. Сæ сæрты астæу фæзыны ирд сырх стъæлф.
Радзурын ма нæ фæнды æндæр бафиппаинаг цауы тыххæй дæр. Знауыры фæдзæхст тæлмы сындæггай фылдæр кæнынц, «иглица», зæгъгæ, ахæм колхидæйаг зайæгойы фæзуæттæ. Плиты Лаврик куыд радзырдта, афтæмæй раздæр ацы æрдæгкъутæр æнæцæстдардæй куынæг кодтой æбæрнон амалхъомтæ. Уыдон æй бирæгæйттæй цагътой цъылынтæ, дидинбыдтæ, гирляндæтæ æмæ æндæр предметтæ цæттæ кæнынæн. Фæлæ 2019 азы Лопанскаг, Метехскаг æмæ Бухайраг кæмттæн Знауыры фæдзæхст тæлмы уагæвæрд лæвæрд куы ‘рцыд, уæд Лаврик æмæ йе ‘мкусджыты руаджы кæронгонд æрцыд ацы бæллæхæн. Ныртæккæ æнæзакъонæй цуан кæнæн æмæ хъæд цæгъдæн нæй хъæдæхгæд къуылдымты. Уымæ гæсгæ «сау» хъæддзаутæ æмæ æндæртæ ацы бынæттæм ныр æввахсдæр нæ цæуынц. Уый хорзæрдæм фæзынд алфамбылай æрдзыл. Уыимæ, фылдæр кæнынц, «иглица» кæм зайы, уыцы фæзуæттæ дæр.
«Ацы зайæгойæн стыр ахадындзинад ис бынæттон цæрæгойты царды дæр. Йæ къалиуты бын сæгуытты, æрсыты, кæцыдæр стыр мæргъты лæппынтæ сæ царды фыццаг къуыриты бамбæхсынц сæ къалиуты бын. Уымæ гæсгæ ацы æрдæгкъутæры фæзуæттæ фæфылдæр кæныны руаджы амынд сырдты лæппынтæ хъахъхъæд цæудзысты тугдзыхтæй æмæ хъæддаг цæрæгойтæн сæ нымæц фылдæр кæндзæн. Ныртæккæ Знауыры фæдзæхст тæлмы иумæйаг фæзуат у 7,2 мин километры бæрц», — фæбæлвырд кодта Плиты Лаврик.
Уалыты Гугули, æхсæнадон уацхæссæг














