Президент Указ бафыста

0
130

Уæрæсейы Президент Владимир Путин фехъусын кодта бæстæйы хайгай мобилизаци скæныны тыххæй. Бæстæйы Хицауад æмæ Хъахъхъæнынады министрадæн бахæс кодта цыбыр æмгъуыдмæ бархионты æмæ Донецкаг хæдæфсады барадон статус сбæрæг кæнын. Хъуамæ сын уа уæрæсейаг хæстон службæгæнджыты хуызæн.

 

«Сæрмагонд хæстон операци куыддæр райдыдта, афтæ Киев йæ ахаст хорзæй æвдыста, фæлæ Ныгуылæны зæрдæмæ сабырдзинад нæ цыд. Украинæйæн комкоммæ бадзырдтæ фехалын бацамыдтой. Уæрæсе бахъахъхъæныны, йæ хæдбардзинад æмæ æнæхъæндзинад нымайгæйæ, хайгай мобилизаци скæныны фæндон нымайын растыл. Уый тыххæй Указ бафыстон», — загъта Президент.
Хæстон службæмæ фæсиддзысты запасы уæвæг граждæнтæм, Гæрзифтонг тыхты службæ чи кодта, цавæрдæр фæлтæрддзинад кæмæ ис, уыдонмæ. Президент куыд бафиппайдта, афтæмæй нæм ядерон хæцæнгарзæй чи ‘взиды, уыдоны ныхмæ æппæт гæнæнтæй дæр спайда кæндзыстæм.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here