Æрсидтон къамисты арæзт

0
170

Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин цы хайгай мобилизацимæ фæсидт, уый нывыл уагæй скæныны тыххæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло скодта æмбырд.

Архайдтой дзы тыхы структурæты, барадхъахъхъæнæг оргæнты æмæ бынæттон хиуынаффæйады администрациты разамонджытæ. Цæмæй Президенты Указ æххæстгонд æрцæуа, уый тыххæй Сергей Меняйло рæгъмæ рахаста, æрсидтон къамистæ саразыны æмæ хайгай мобилизаци скæныны уынаффæ.
Документмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстон, иннæ субъектты æмрæнхъ, граждæнтæм хъуамæ хæстон службæмæ, УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæсида нæ бархионты нымæц нымайгæйæ. «Хъуамæ районты разамонджытæ саразой æрсидтон къамистæ, æфсæддон комиссарадты куыстæн алывæрсыг æххуыс кæной, мобилизацийы æппæт домæнтæ нымайой. Запасы уæвæг граждæнтæн фехъусын кæнынæй службæйы бынатмæ сæ фæхæццæ кæныны онг. Алчидæр уæ йæ бынаты хъуамæ куса бæрнонæй. Бæстæйы разамонæджы хъæппæрисæн хъуамæ аргъ скæнæм, ацы стыр хæсты хъуамæ фæуæлахиз уæм, уый нæ хæс у», — загъта Сергей Меняйло.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here