Эрмитажы равдыст — Ирыстоны

0
251

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ республикæйы Хицауады æххуысæй, Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт ацыдысты Эрмитажы бонтæ. Ацы мадзал конд æрцыд Аланыстоны саргъуыды 1100 азы кадæн. Мадзал уыд Национ музейы.

Эрмитаж æрбаласта ирд, рухстауæн æмæ профессионалон программæ: «Эрмитажы бон»-ты арæнты арæзт æрцыд равдыст «Реликвии Аланского царства», лекцитæ æмæ реставрацион мастер-класстæ, кинотеатр «Эрмитаж VR» æмæ музейы куысты тыххæй киноныв равдыстой.

Республикæ Цæгат Ирыстонмæ æрбацыд Паддзахадон Эрмитажы генералон директор Михаил Пиотровский. Уый Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон университеты бакаст гом лекци.

— Мах зæрдæрайгæйæ ацы аз гом кæнæм Эрмитажы бонтæ Республикæ Цæгат Ирыстоны. Кавказ у тынг ахсджиаг бынат Эрмитажæн, тынг æхсызгон мын у, Аланыстоны саргъуыды 1100 азмæ махæн нæ бон кæй суыдзæн равдисын æмæ радзурын, цы у Эрмитаж, уый. Фехъусдзыстут æрмæст лекцитæ нæ, фæлæ ма фендзыстут, Эрмитажы цы адæм кусы, уыдоны, кæй къухты æмæ зонды фæрцы хицæн дзаумæттæ свæййынц, æмбал кæмæн нæй, ахæм музейон экспонаттæ. Цыртытæ æмæ историон зæрдылдаринæгтæ чи хъахъхъæны, уыдонимæ базонгæ уыдзыстут, — загъта Михаил Пиотровский.

Ахсджиагдæр хъуыддæгтæй иу ссис равдыст «Реликвии Аланского царства. Из собрания Государственного Эрмитажа». Цымыдисаг равдысты архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, Паддзахадон Эрмитажы генералон директор Михаил Пиотровский, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасим.

— Нæ республикæйы царды ацы хабар у тынг ахсджиаг — фыццаг хатт Аланыстоны саргъуыды 1100 азы кадæн байгом кодтам ацы равдыст. Мах фендзыстæм ам диссаджы дзаумæттæ. Михаил Пиотровскийæн та зæгъын уæлдай стыр бузныг, кæй нæм æрцыд æмæ нæ кæй зонгæ кæны Паддзахадон Эрмитажы цымыдисаг дзауматимæ. Эрмитажы бонтæ сты республикæйы музейон архайды райрæзты ног къæпхæнтæ, — загъта Дзанайты Барис.

Равдыстмæ æрбацæуджытæн фенын кодтой фондз экспонаты — Аланыстоны æвæджиауы цыртыты культурæ æмæ историйæ. Æппæтæй рагондæр хæзна у авджын къус, рæзынадон-геометрион нывæфтыдимæ. Уыцы къус скодтой нæ равзæрды размæ III-II æнусты мысыраг Александрийы дæснытæ. Ссардтой йæ Мæздæгмæ хæстæг обауы, археологты хъуыдымæ гæсгæ у сæрмæтаг элитæйы минæвæртты ингæн.

Эрмитажы бонты фæлгæты Национ музейы кусдзæн лекторий.  Паддзахадон Эрмитажы наукон хайæдты специалисттæ бакæсдзысты лекцитæ музейон куысты хуызтæ археологон хъуымацимæ, кæцытæ баст сты ирайнаг æвзæгты Кавказы æмæ Астæуккаг Азийы адæмыхæттытимæ, рагон Хъобайнаг, скифаг, алайнаг культурæты æмæ Эрмитажы византийаг чырыстон коллекциты æмбырдгондæй.

Программæйы профессион хайы уыдис цалдæр мастер-классы Эрмитажы реставрацийы скъолайæ.

Сывæллæттæ æмæ фæсивæдæн Наукон музейы кусдзæн VR-фæз. Уыдонæн сæ бон суыдзæн виртуалон балц акæнын раздæры нывкæнынады историйы галереймæ, стæй ма бакастысты киноныв «Эрмитаж. Погружение в историю», йæ сæйраг архайæг у зындгонд актер Константин Хабенский.

Цæгат Ирыстоны Национ музейы, рацарæзты  фæстæ ахæм ахадгæ æмæ ахсджиаг хъуыддаг ис фыццаг хатт, уый æвдисæн у республикæйы ног музейон райрæзтыл. Мадзалы арæнты бафыстой бадзырд æмгуыстдзинады тыххæй РЦИ-Аланийы æмæ Паддзахадон Эрмитажы астæу.

Цæгæраты Эльмирæ

Къамтæ систа Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here