Рæстæгмæйы бынат

0
258

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МенЯйло бафыста, рог хæдтулгæ  автомашинæтæ рæстæгмæ республикæйы фæзуаты æвæрыны тыххæй Указ. Уый тыххæй фехъусын кодта Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администраци.

Документы ныхас цæуы 2022 азы 25 сентябрæй рог автотранспортæн рæстæгмæ æрлæууæн бынæттæ саразыныл, йæ бынат ис Горæтгæрон районы, Дзæуджыхъæуы фæрсты цæуæг фæндаджы 8-æм километрыл. Цалынмæ йæ аивынæн сæрмагонд уынаффæ хаст æрцæуа, уæдмæ Указ йæ тыхы ис. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн, Цæгат Ирыстоныл цы транзитон рог транспорт цæуы, уыдоны рæстæгмæйы бынатмæ æрвитыны бар ис. Цæмæй фæндæгтыл цыд ма уромой, уый тыххæй мадзæлттæ агурын хъæуы. Дзæуджыхъæуы æмæ Горæтгæрон районы разамындæн бахæс кодтой, æрлæууæн бынаты санитарон æмæ базарадон объекттæ равæрын.

Сергей Меняйло йæ социалон хызты куыд ныффыста, афтæмæй ныртæккæ Уæрæсейы паддзахадон арæнты сæвзæрд тыхстаг уавæр. «Хъуамæ змæлд банывыл кæнæм, къуырцдзæвæнæй адæмы рахонæм. Хъæугæ Указ быфыстон», — загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here