Уæрæсейы хæйттæ систы

0
156

Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин æмæ Донецкаг, Луганскаг Адæмон республикæты, Херсоны æмæ Запорожьейы облæстты сæргълæуджытæ бафыстой, регионтæ Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бахæссыны тыххæй бадзырдтæ.

Хъуыддаг конд æрцыд Мæскуыйы, Кремлы Стыр Галуаны Георгиаг залы, майрæмбоны. Документ бафыссыны размæ Президент раныхас кодта ацы фæзуæттæ Уæрæсейы скондмæ бахæссыны тыххæй.

Цалдæр боны размæ Донецкаг, Луганскаг Адæмон республикæтæ, Херсоны æмæ Запорожьейы облæсттæ скодтой референдумтæ, цæрджытæ разыйæ фылдæр  хъæлæстæ радтой Уæрæсеимæ баиу уæвыны тыххæй. Путины ныхасмæ гæсгæ, адæм сæ зондахаст равдыстой, Закъонæвæрынадон æмбырд семæ сразы уыдзæн. Уый у милуан адæмы фæнд. Уый тыххæй статья ис Иугонд Нациты Организацийы.

Уырыссаг хъæбатырты тыххæй

Ам, Ногуæрæсейы хæцыдысты Румянцев æмæ Ушаков, ног горæттæ арæзтой Екатеринæ II æмæ Потемкин. Ам мæлæт райсыны онг лæууыдысты нæ бабатæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Мах кæддæриддæр мысдзыстæм Уырыссаг уалдзæджы хъæбатырты. Чи нæ басаст, уыдоны. Нæ салдæтты æмæ афицерты, сæрмагонд хæстон операцийы рæстæг хъæбатырæй мæлæт чи райста, уыдоны. Уыдон хъæбатыртæ сты. Æдзæмæй алæууынæй сæ æрымысæм.

Уæрæсейы Федерацийы ног граждæнтæ

Аст азы дæргъы Донбассы адæм æвзæрстой æфхæрд, тыхстдзинæдтæ, алы ‘рдыгæй сæ æхстой. Херсоны æмæ Запорожьейы облæстты та сын Уырысмæ æнæуынондзинад гуырын кодтой. Фæлæ нæ басастысты. Фæнды мæ, цæмæй мæ фехъусой Киеваг хицауады уæнгтæ Ныгуылæны — Донецкаг, Луганскаг, Херсоны æмæ Запорожьейы облæсттæй систы нæ граждæнтæ. Цæрæнбонтæм.

Мах сидæм киеваг режиммæ, цæмæй мауал æхсой, ныхас кæныны тыххæй стъолы уæлхъус æрбадын хъæуы. Мах уымæ цæттæ стæм. Уый тыххæй дзурæм арæх. Фæлæ Донецкаг, Луганскаг республикæты, Херсоны, Запорожьейы об- лæстты цæрджытæ цы фæндаг равзæрстой, уый ничи аивдзæн. Уæрæсе сыл гадзрахатæй нæ рацæудзæн.

Ныгуылæны пълантæ

Фæнды мæ сæрмагонд хæстон операцийы архайæг салдæттæм, афицертæм, Донбассы, Ногуæрæсейы хæстонтæм фæсидын, хайгай æрсидты фæрцы чи æрбаиу, уыдонмæ. Нæ рæнхъытæм бархионты хуызы чи æрбацыд, сæ ныййарджытæм, бинойнæгтæм æмæ сывæллæттæм. Не ‘мбæстæгтæ, не ‘фсымæртæ, æмæ хотæ Украинæйы сæ цæстытæй федтой, разамынддæттæг Ныгуылæн дзыллæйæн цытæ цæттæ кæны, уыдæттæ. Сæ цæсгомыл цы маскæтæ уыд, уыдон раппæрстой. Ныгуылæн 1991 азы сфæнд кодта, Советон Цæдисы фехæлдимæ йæ хъомысæн ныхмæ ничи æрлæудзæн. Уæрæсе йæ къæхтыл нал слæудзæн. Фæлæ та йæхиуыл схæцыд Уæрæсе. Уый Ныгуылæны тых сæтты, рæсугъд, хъæздыг фæзуат, искæй уынаффæйæ чи никуы цæрдзæн, ахæм.

Уыдонæн тынг ахсджиаг у, цæмæй æппæт бæстæтæ дæр сæ суверенитет  Америкæйы Иугонд Штатты пайдайæн радтой. Иуæй-иу паддзахæдтæ разы сты сæ дæлбар уæвынмæ. Иннæты «æлхæнынц», тæрсын сæ кæнынц. Сæ фæндтимæ разы чи нæ кæны, уыдоны та ныццæгъдынц, гуманитарон бæллæхтæ аразынц. Сæ зæрдæ нын  хорздзинад нæ зæгъы, фæлæ сæ фæнды мах колонийæ фенын. Æмбар æмгуыстад дæр сæ нæ фæнды, фæлæ давын. Нæ бæстæйы рæзт æмæ хæрзæбон дæр сын комкоммæ æртхъирæн у.

 Дунейы æлдарады тыххæй

Дунейы æлдариуæг кæныны фæндтæ сын иу æмæ дыууæ хатты нæ ныппырх сты нæ адæмы хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастыл. Ныгуылæн афтæ æнхъæл у æмæ йын алцыдæр хатыргонд æрцæудзæн. Уæрæсе егъау æмæ цытджын бæстæ у, æмæ уыдоны куыд фæнды, ахæм уагæвæрдыл нæ цæрдзæн.

Тоталитаризмы тыххæй

Ныгуылæнæн нæй ницавæр бартæ  Хъырым, Севастопол æмæ Ногуæрæсейы адæмы æвзæрстытæн аргъ кæнынæн. Ныгуылæйнаг æвзæрст адæймæгтæ нæ аивтой, куыд уыдысты, афтæ колонизатортæй баззадысты. Уыдон адæмы дих кæнынц фыццаг æмæ æндæр сорттыл.  Мах уыцы миниуæг никуы райсдзыстæм.

Русофобийы аххосæгтæ

Фыццаджыдæр, аххосаг уый мидæг ис, æмæ нæхи «стигъын» кæй нæ бауагътам. Мах нæ базарады фарстатæ æххæст кодтам  дыууæрдыгæй дæр пайдаджын уавæрты.

Интервенцийы тыххæй

Зындгонд у, Уæрæсейы бирæ азты дæргъы интервенцийы пълантæ кæй фæнд кодтой, уый, фæлæ сæ къухы нæ бафтыд. Нæ бæстæйы хъæздыгдзинæдтæм æрмæст баирвæзтысты 1990-æм азты. Уæрæсейæ » рацъырдтой» милуангай доллæртæ. Махæй ницы ферох. Æмæ абон Донецк, Луганск, Запорожье æмæ Херсоны облæстты адæм сæ хъуыды загътой, историон иудзинад фæстæмæ сног кæныны тыххæй.

Миграцион кризисы аххосæгтæ

Сæ халæн политикæ, хæстытæ æмæ  дæвдтытæй Америкæйы Иугонд Штаттæ  расайдтой миграцийы уылæнты бæрзонд рæзт.

Мæнæу ласыны фарста

Украинæйæ абон цы дзул ласынц, хойраджы æдасдзинады æфсонæй, уый кæдæм ацæудзæн? Ногæй та Европæмæ.

«Цæгатаг гуылфæны» срæмыгъдтытæ

Англосакстæм   санкцитæ æгъгъæд  нæ кæсынц æмæ диверсион митæм рахызтысты. Нæуырнинаг хабар, фæлæ æцæг. «Цæгатаг гуылфæны» таг срæмудзыны организацион куыст, уыдоны фыдракæнд у, уæдæ æндæр кæй.

Кулакы бартæ

Америкæйы Иугонд Штатты диктаторон  хицауад  æнцайы кулакы бартыл. Вæййы тынг рæсугъд тыхт кæнæ та нæ. Фæлæ йæ мидис иу у — кулакы бартæ. Ацы паддзахæдтæм чи бауæнда, уыдоны знæгты хыгъдмæ бахæссынц. Уыцы принциптыл арæзт цæуынц АИШ æмæ НАТО-йы доктринæтæ.

Хойраджы къуырцдзæвæны тыххæй

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ныгуылæйнаг элитæтæ нæ фæнд кæнынц дунеон хойраджы куырцдзæвæнæнæй рацæуыны тыххæй фæндæгтæ агурын. Уый та æрцыд сæхи аххосæй, сæрмагонд хæстон операцийæ бирæ раздæр.

Дунейы раз бæрндзинады тыххæй

Ныртæккæ, цæмæй ныхмæвæрддзинæдты къуыбылойæ феуæгъд уой, уый тыххæй сæ басæттын хъæуы Уæрæсейы. Уый куы нæ æрцæуа, уæд сæ бафæнддзæн системæ коллапсмæ æркæнын. Кæнæ та принцип «хæст алцыдæр сфысдзæн»-æй спайда кæной. Уæрæсе æмбары йæ бæрндзинад дунеон æмæ æхсæнады раз. Æмæ æппæтдæр сараздзæн, цæмæй сæ æрсабыр кæна.

Гегемонийы ныхмæ змæлды тыххæй

Бирæ æндæр бæстæты рæзы гегемонийы ныхмæ змæлд. Абон мах тох кæнæм раст æмæ сæрибар фæндаджы тыххæй, фыццаджыдæр, Уæрæсейæн

Уæрæсейы сæрыл тохы тыххæй

Мæ зæрдæ дарын, иннæты ссæндыны политикæ басæттын кæй хъæуы, уый адæмы фылдæр хай кæй æмбарынц, ууыл. Æмæ ма йæ иу хатт зæгъын — раздæры хуызæн нал уыдзæн. Мах абон цы хæсты быдырмæ цæуæм, уый у нæ адæмы сæраппонд тохы хæсты быдыр, Стыр Уæрæсейы тыххæй хæсты быдыр. Мах абон тох кæнæм, цæмæй афтæ мачи хъуыды кæна, æмæ нын нæ адæмы, нæ культурæйы ахахх кæнæн ис. Махæн нæ хæзнатæ сты адæймагуарзондзинад, хæрзаудæн æмæ хæлардзинад.

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here