Ног трамвайтæ

0
309

Афæдзы кæронмæ Дзæуджыхъæумæ æрвыст æрцæудзæн, æрлæууæн бынæттæ хъæрæй чи хъусын кæндзæн, ахæм системæйæ арæзт трамвайты фыццаг къорд.

Æнæхъæнæй та заказ æххæстгонд æрцæудзæн 2023 азы фыццаг æмбисы. Уый тыххæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг балцы рæстæг фехъусын кодта, транспортаразæн урайлаг заводы коммерцион директор Алексей Серков. Æдæппæтæй нæ республикæмæ æрбарвитдзысты 28 трамвайы.

АО » Уралтрансмаш»-ы разамынд æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы  къухæвæрдты гæххæтты ис пункт, кæцыйы, дыууæрдыгæй дæр бадзырд бафыссыны амынд цæуы, сæ куысты рæстæг сæм бæлвырд цæстдард  кæй цæудзæн, уый фæдыл.

Горæты администрацийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй нæ республикæйы Сæргълæууæг фæнысан кодта, уымæ гæсгæ дыууæрдыгæй бадзырд саразыны мадзал стыр ахъаз уыдзæн транспортон инфраструктурæйы хæрзхъæддзинад бæрзонддæр кæнынæн. Ацы фарстайыл архайд цæуы фаронæй нырмæ, Мæскуы, Бетъырбух æмæ Цæгат Ирыстоны специалистты куыст æм æрбаздахыны бындурыл.

Гугкаты Жаннæ       

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here