«Кæм истой киноныв, уым сыл æрцыд фыдбæллæх…»

0
147

«Андрей Федорцов куыд мысы, уымæ гæсгæ, Сергей Бодровæн Хъæрмæдоны комы куыд рæсугъд у, уый тыххæй радзырдта, киноныв «Убойная сила» цы киноисæн къорд систа, уый.

Сентябры уыцы райсом райдыдта, алы киноэкспедицийы райсом дæр куыд райдайы, афтæ хуымæтæджы. Сергей Бодров-кæстæр æмæ киноныв «Связной»-йы киноисæн къорд Дзæуджыхъæуæй хæхтæм араст сты. Фæлæ дарддæр хъуыддæгтæ æндæр сценарийыл ацыдысты. Ис ахæм ныхас: «Æбæрæгæй фесæфт». Уый фæрцы ма хиуæттæ æмæ æмбæлтты зæрдæты цалдæр къуырийы цард ныфс, кæд сæ исчи аирвæзт, кæнæ искуы æмбæхсынц, зæгъгæ. Фæлæ фæстæдæр сбæрæг, иу дæр сæ кæй нæ фервæзт, уый.

«Связной» афтæ æрдæгистæй баззад. Сюжеты сæйраг бынат ахста чызг Катя. Уый уæй кодта наркотиктæ, æмæ йæм уыд æвæджиауы арæхстдзинад. Уыцы арæхстдзинады фæрцы йæ бон бацис ахæстонæй ралидзын. Куы ссæрибар, уæд фембæлд режиссер Арменыл, æмæ йæ уый бауарзта. Катяйы рол ахъазынæн снысан кодтой Аннæ Дубровскаяйы («Дневной дозор», «Моя прекрасная няня» æмæ æндæртæ), Армены та хъуамæ ахъазыдаид Александр Мезенцев («Есенин», «Исаев» æмæ æндæртæ. Йæ цардæй ахицæн 2015 азы). Дыууæйæ дæр уыцы бон сценæйы нæ архайдтой, æмæ хæхтæм нæ ацыдысты.

Сергей Бодров йæхæдæг суинаг киноныв хуыдта «философон-мистикон æмбисонд». Æмæ дзы кæддæр ахæм ныхас дæр схауд: «Кæнæ мах дунейыл ацы кинонывæй фæуæлахиз уыдзыстæм, кæнæ дæлзæххы ныххаудзыстæм».

Актер Андрей Федорцов хорз зыдта Сергейы, йемæ куыста киноныв «Брат»-ы. Уыцы æвирхъау бæллæхыл 20 азы куы рацыд, уæд газет «Аргументы и факты»-йы уацхæссæг фембæлд йемæ, æмæ йæ бафарста уыцы бонтæ æмæ Сергейы тыххæй.

— Андрей, хъуыды ма кæныс, Сергей Бодров æмæ йæ къорды сæфты хабар дыл куыд сæмбæлд, уый?

— Уæдæ, хорз æй хъуыды кæнын. Афтæ зæгъæн ис, æмæ сæ уырдæм нæхæдæг арвыстам… «Убойная сила»-йы киноисæг къорд уыцы рæстæг æрыздæхт Дзæуджыхъæуæй. Æмæ Сергей мах бафарста: «Куыд дзы у?» Мах ын дзуапп радтам: «О, ацæут уырдæм. Уым диссаджы рæсугъд æрдз ис!» Радтам сын бæрæг бынаты нысан. Мах кæм истам, уыцы ран фесты зæйы бын.

Куыддæр уыцы бæллæх æрцыд, афтæ специалистты бафарстон: «Цæй, цы зæгъдзыстут?» Æмæ нын загътой: «Никæйыуал æмæ ницыуал ссардзысты. Уыдон иууылдæр дзæгъæлы сты. Æмбарут, цы ихуат рацыд, уый цы у, уый? Уый тынг тæссаг хъуыддаг у. Фæлæ ма нæ уæддæр ныфс уыд. Мах дæр уым киноныв истам æмæ йæ зыдтам, хæхты туннелтæ кæй ис, уый. Нæ зæрдæ тынг дардтам, кæд уым амбæхстысты. Бирæ фæкъахтой, фæагуырдтой…

— Цалынмæ сæ агуырдтой, уæдмæ куыстыл хъуыды кæнын дæ бон уыд?

— Уый тынг зын уыд. Нæ киноныв исæг къорд хъыг кодта. Мах Сергейы къордимæ арæх æмбæлдыстæм. Немæ уыцы иу рæстæг «Ленфильм»-ы иста йæ киноныв «Сестры». Кæрæдзийæн æххуыс кодтам, махуæттæ уый фæзуаты куыстой, уыйуæттæ та махмæ. Æмæ ахæм æвирхъау хабар!

— Куыд хъуыды кæныс, ныртæккæ цæуыл систаид киноныв Сергей? Йæхи фидæны режиссерæй куы уыдта.

— Нæ зонын… Æмæ Высоцкий ныр æгас куы уыдаид, уæд цæуыл фыстаид абон? Нæй дзуапп!

— Ды дæр архайдтай киноныв «Брат»-ы. Куыд дæм кæсы, уыцы кино æнæхъæн фæлтæры символ цæмæн ссис?

— Уымæн æмæ Данилæ у нæ рæстæджы хъайтар. Абоны царды ахæм хъайтар саразын кæмæн бантыса, уый уыдзæн стыр курдиаты хицау. Чи зоны, ныртæккæ дæр ахæм кинонывтæ ис, фæлæ сæ мах нæ уынæм? Фæлæ иу дæс азы фæстæ сбæрæг уыдзæн: мæнæ куы ис, æцæг хъайтар! «Брат»-ы хъуыддаг дæр афтæ хуымæтæг нæ уыд. Махæн Юрий Кузнецовимæ (уый ахъазыд Данилæйы æмбалы ролы, немыцаг Гофманы) преми лæвæрдтой Мæскуыйы, æмæ ма æз хъуыды кæнын, бирæтæ  дзырдтой, кино сæ зæрдæмæ кæй нæ фæцыд, уый. Уымæн æмæ экраныл æвдыстой, уыцы рæстæг царды цы хабæрттæ цыдысты, уыдон. Уымæй уæлдай, махæй иу дæр кино исыны рæстæг не ‘мбæрста, цы дзы рауайдзæн, уый. Милуанджын бюджетыл ныхас дæр нæ уыд, бирæ хъуыддæгтæ нæхи хардзæй арæзтам. Балабанов ма иу эпизод йæхи фатеры дæр систа. Æвиппайды, æнхъæл куыд ничи уыд, афтæ афæдзæй-афæдзмæ киноныв адæмы цæсты ахадын райдыдта. Æвæццæгæн, уый мидæг ис аивады сусæгдзинад.

Еленæ САДКОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here