Æрыдоны горæты знон кадджын уавæры байгом нырыккон физкультурон-спортивон комплекс. Йæ байгом кæнынмæ æрцыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин, физкультурæ æмæ спорты министры хæдивæг Санаты Аидæ, районы разамынд, бынæттон цæрджытæ.
Спортивон комплекс байгом кæнын баиу ис, нæ бæстæйы цы дунеон форум «Уæрæсе — спортивон бæстæ» скодтой, уыимæ. Ныртæккæ цæуы Кемеровойы. Телехиды бастдзинады фæрцы Уæрæсейы Президенты æххуысгæнæг Игорь Левитин, Уæрæсейы Спорты министр Олег Матицын æмæ регионты разамонджытæ бæстæйы 10 регионы байгом кодтой ног арæзт спортивон объекттæ.
Сарæзтой сæ Курскы, Владимиры, Волгограды, Брянск æмæ Свердловскы облæстты, Краснодары крайы, Татарстаны, Чувашийы, Адыгейы, Цæгат Ирыстоны. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æрбацæуæг адæмæн, дунеон форумы архайджытæн арфæ ракодта. «Махæн спорт у царды фæтк. Ирыстоны схъомыл кодтой спорты алы хуызты дæсгай олимпиаг чемпионты, нæ фæсивæд тырнынц æнæниз цардыуагмæ. Уымæ гæсгæ сын аккаг уавæртæ аразын тынг ахсджиаг у. Нæ объект куыстмæ цæттæ у, æмбæлттæ!», — загъта республикæйы разамонæг.
Ацы спортивон комплекс арæзт æрцыд проект «Спорт — нæ царды фæтк»-мæ гæсгæ. Ис дзы тренажерон, боксы, баскетболы, волейболы æмæ хъæбысæй хæцæн залтæ. Сывæллæттæ æмæ фæсивæдæн спортæй архайыны уавæртæ фæзынд. Æрыдоны районы цæрджытæ йæм æхсызгонæй цæудзысты.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ














