Росгвардийы Управленийы ОМОН-ы бындурыл Цæгат Ирыстоны ацыд кадджын мадзал. Архайдтой дзы сæрмагонд дæлхайæдты кусджытæ æмæ разамынды сконд.
Сæ профессион бæрæгбоны фæдыл сын арфæтæ ракодта отряды командир, пъæлицæйы булкъон Дзобаты Алан. «Не ‘фсæддонтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыстой, цы у профессион дæсныйад, уый. Уыдон кад æмæ намысимæ сæ хæс æххæст кæнынц Фыдыбæстæйы раз. Алкæмæй дæр дзы дæн сæрыстыр, уадз æмæ сæм службæйæ сæ бинонтæ æнхъæлмæ кæсой æнæ зæрдæ æхсайгæйæ, уарзой сæ æмæ сыл æууæндой, иннæ хъуыддæгтæ сæ къухты афтæмæй дæр æфтынц», — загъта Дзобаты Алан.
Кадджын æфсæддон мадзалы, йæ куысты уæлдай, æнтыстджын чи уыд, уыдоны та схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæ, арфæйы фыстæджытæ æмæ зынаргъ лæвæрттæй.
Владиславæ Чернова,
РЦИ-Аланийы Росгвардийы Управленийы пресс-службæ














