«Литературон газет»-ы бонтæ Ирыстоны

0
324

Ацы азы дыккаг æмбисы Ирыстоны уыд цалдæр ахсджиаг фембæлды мæскуыйаг уазджытимæ. Уыдонæн сæ зынгæдæртæй иуыл банымайæн ис æппæтуæрæсеон мыхуыры фæрæз «Литературон газет»-ы бонтæ нæ республикæйы». Бæстæйы рагондæр культурологон газеты разамынд Дзæуджыхъæумæ сæрвыста сфæлдыстадон кусджыты æнæхъæн къорд. Уыдонæн сæ нысан уыдис Цæгат Кавказы федералон зылды регионтимæ æмгуыстады ног хидтæ саразын. Уазджытæн сæ размæ цы хæстæ æвæрд уыдис, уыцы фарстаты фæдыл  «Литературон газет»-ы редакцийы сæрмагонд программæты разамонæг, Уырыссаг литературон æхсæнады сæрдар Александр Чистяковимæ аныхас кодтой Хозиты Барис æмæ Тъехты Тамерлан.

— Александр, хорз уаид, нæ ныхас куы райдаиккам «Литературон газет»-ы бонтæ Цæгат Ирыстоны æрвитыны нысаны тыххæй…

— Мах сымахимæ æвдисæн стæм рагон ног традици дарддæр хæццæ кæныны хъуыддагæн. «Литературон газет»-ы бонтæ регионы уыдысты раздæр дæр, уæлдай хъæугæдæр та сты абоны рæстæджы дзыллон-хабархæссæг фæрæзтæн финансон æххуыс æмæ тираж къаддæрæй-къаддæр куы кæны, уæд. Нæй сæрмагонд уацхæсджытæ, газеткæсæгимæ ахæм бастдзинад та хъæугæ кæны. Ацы хатт та фембæлæн бынатæн равзæрстам Дзæуджыхъæу. Уымæн æмæ æз, стæй мæ колумнист Гаглойты Элбердæн фадат уыдис Ирыстоны интеллектуалон элитæимæ аныхас кæнынæн. Нæ дыууæ сæрмагонд проекты фæлгæты нын уыдис дыууæ фембæлды литературæ æмæ историйæ, стæй æрыгон поэтты æппæтуæрæсеон гом фестивал «Мцыри»-йы æвзарæн къæпхæн. Æртæ хуыздæр поэты хуынд æрцыдысты Мæскуымæ кæронбæттæнмæ. Ацы æппæтуæрæсеон фестивал ныр 18 азы кæнæм «Литературон газет»-ы сæйраг редактор Максим Замшевимæ нæхи хъæппæрисæй. Æхсызгон хъуыддаг у, уæдæй нырмæ ног фæлтæр кæй байрæзтысты, уый. Уæды æнæзындгонд лæппутæ æмæ чызджытæ ныртæккæ кусынц Уæрæсейы Фысджыты цæдисы регионалон хайæдты бæрнон бынæтты.

— Регионтыл редакци æххæссы рагон æмæ иугæндзон рубрикæ «Уæрæсейы бирæвзагон лирæ»-йы фæрцы…

— О, уый у нæ уарзондæр рубрикæтæй иу. Уый фæлгæты алыхуызон мадзæлттæ аразæм раздæры Советон Цæдисы уырыссаг æвзагыл дзурæг цæрджытæн дæр. Зæгъæм, Мæскуыйы сарæзтам, ирайнаг-азербайджайнаг поэт æмæ философ Низами Гянджевийы тыххæй фембæлд. Уым æрыгон поэттæ бавдыстой йæ уацмысты ног тæлмацтæ. Æрæджы та Донбассы поэттимæ фембæлдыстæм. Ирыстоны та «Кавказы бирæвзагон лирæ”, зæгъгæ, уыцы фембæлды презентацигонд æрцыд «Литературон газет»-ы таурæгъон сæйраг редактор Александр Чаковскийы номыл преми «Гипертекст». Преми хицæн кæны уымæй, æмæ æрдæг милуан сомы адих кæндзысты  хуыздæр уацмысты автор æмæ йæ тæлмацгæнæг.

— Гæнæн ис уыцы рубрикæйы бынмæ хæстæгдæр рæстæг нырыккон ирон фысджыты уацмыстæ ныммыхуыр кæнынæн?

— Кæй зæгъын æй хъæуы. Мах РЦИ-Аланийы Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Фидараты Юриимæ баныхас кодтам æмгуыстады фæндæгты тыххæй. «Литературон газет» сæ парахатæй мыхуыр кæндзæн. Хетæгкаты Къостайы уацмысты ног тæлмацтæн æнæхъæн фарс радтынмæ та ныртæккæ дæр цæттæ стæм. Архайы сыл уæ Фысджыты цæдисы поэзийы секцийы разамонæг Баситы Зæлинæ. Иннæ аз чингуыты фестивал «Сырх фæз»-ы рæстæг бацархайдзыстæм Мæскуыйы Нациты хæдзары регионалон литературон рауагъдадты сæйраг редактортæн фембæлд саразыныл. Нæ зæрды ис Ирыстоны хæхты фысджытæ æмæ литературон критиктæн фембæлд саразын. Хæстæгдæр рæстæг мæ бон у онлайн-архайдæй уæ литератортæ æмæ историктæн фембæлд саразын «Сталинграды бынмæ хæст». Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ирон адæмы бавæрæн Уæлахизмæ зындгонд у, æмæ уæ ахуыргæндтæн уыдзæн, цы зæгъой, уый.

— Сымах стыр бавæрæн хæссут тæлмацы скъола сног кæныны кæнæ йын йæ традицитæ адарддæр кæныны хъуыддагмæ…

— Уæрæсейы Фысджыты цæдисы Мæскуыйы организацитимæ иумæ цæттæ кæнæм проект «Уырыссаг тæлмац». Финансон фæрæзтæ куы ссарæм, уæд дæлрæнхъонты тæлмацтыл архайдзыстæм. Зындгонд тæлмацгæнæг Владимир Бояриновы ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ нæ риссаг фарста у, хæрзхъæд академион дæлрæнхъытæ кæй нæ фаг кæны, уый. Куы фæзыной, уæд сын уырыссаг æвзаг уыдзæн æхсæны лæуд æмæ тæлмацгæнæн фæзуат  уыдзæн Уæрæсейы адæмты иу æвзагæй иннæмæ ивынæн. Зæгъæм, Хетæгкаты Къостайы ратæлмацгæнæн уыдзæн башкираг æвзагмæ, Ирыстоны та ратæлмац кæндзысты башкираг классикты æмдзæвгæтæ. Гъе ахæм «хид» саразæн ис дæлрæнхъон тæлмацты руаджы.

— Редакцийæн йæ бон нывыл тираж бахъахъхъæнын куыд сси? Ноджы ма «Литературон газет» фæсарæнты дæр кæсой, уый?

— Уæрæсейæ 80-æм азты кæрон — 90-æм азты райдайæны чи ацыд, уыцы фæстаг уылæны эмигрантты фæнды, цæмæй бæстæйы фæстаг культурон цаутæ зоной. Уыдон та сты нæ интернет-рафысджытæ. Тиражы иу хай æрвыст цæуы суанг Францмæ дæр. Уырыссаг фæсарæйнаг кæсджытæн уадзæм журнал «Уырыссаг хъуыды». Иумæйагæй та газет йæхимæ æлвасы кæсæджы, йæхи цæсгом æмæ кад кæй бахъахъхъæдта, уымæй. Сæйраг редакторты ивдимæ-иу чысыл аивта редакцион политикæ дæр, фæлæ афтæ тынг нæ æмæ ныл кæсæг мауал æууæнда.

Махмæ ис, тиражыл чи архайы, ахæм æххуысгæнджытæ дæр. Афтæ, зæгъæм, курдиатджын поэт æмæ нæ иугæндзон автор Дмитрий Мизгулин, кæцы бирæ азты фæкуыста Ханты-Мансийскы, Санкт-Петербурджы цæргæйæ, ныры онг арвылаз дæр Ханты-Мансийскы зылды библиотекæтæ æмæ скъолатæн «Литературон газет» рафыссыны тыххæй йæхæдæг бафиды. Кемеровойы облæсты фысджытæ æмæ чысыл амалхъомтæ, фæйнæ библиотекæйæн рафыстой «Литературон газет». Нæ зæрдæ дарæм, ахæм æххуысгæнджытæ нын Кавказы дæр кæй фæзындзæн, ууыл.

Æз ма зæгъдзынæн уый, æмæ сæйраг редактор Максим Замшевы разамындæй, газет чысыл февзонгдæр, йæ тематикæ фæуæрæхдæр. Уый газетмæ раздæхта профессионалон интеллектуалон журналистикæйы хицæн æууæлтæ. Александр Чаковский йæ рæстæджы газетæй хъуыдыгæнæг адæймæгтæн скодта гом быцæугæнæн фæз. Афтæ у ныртæккæ дæр. Фысджыты критикæ куы фæкæнæм, уæд иннæ номыры та авторæн фадат радтæм йæ хъуыды зæгъынæн. Мах стæм фысджыты æхсæнадон-политикон рауагъд, уый та ууыл дзурæг у, æмæ алы фыссæгæн дæр гæнæн ис газеты йæ хъуыды зæгъынæн. Æрмæст уæ курæг дæн, махæн стыр æрмæджытæ мыхуыр кæныны фадат нæй, æмæ цæмæй уый ма рох кæнат. Цыдæриддæр загътон, уый та æмткæй кæсджыты бахъахъхъæнын æмæ сын сæ нымæц фæфылдæр кæнынæн у.

— Бæрæг куыд у, афтæмæй газет автортæхъуаг нæу. Уыимæ, регионты нæй сæрмагонд уацхæсджытæ, гонорар нæ фидынц. Уæдæ газетмæ цæмæн цæуынц?

— Уацхæсджыты пункт- тæ ныр 30 азы дæр нал сты, фæлæ сæ хызæг арæзт цæуы. Нырма ис сæрмагонд уацхæссæг дард Ханты-Мансийскы зылды. Мах, æз куыд загътон, афтæмæй æмгуыст кæнын райдыдтам уæ мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты фæдыл комитеттимæ. Нæ зæрдæ дарæм уацпункты исты форматы куыст саразыныл. Гæнæн ис, æмæ, уыцы хæстæ йæхимæ райса уæ литературон рауагъдадтæй иу. Уый нын æххуыс кæнид автортæй, газет рафыссыны æмæ йæ адæммæ хæццæ кæныны хъуыддаджы республикæйы (уый тыххæй дæр ныхас цыд комитеты разамындимæ). Æндæр фæндаг нырма нæй — газетæн бюджет нæй, цæмæй, советон æмбарынадмæ гæсгæ, уацхæсджытæ дарын йæ бон уа.

Разæнгард нæ кæны уый æмæ нын автортимæ ис комкоммæ бастдзинæдтæ. Иуæй-иу регионалон уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ бадзырдтæ бафыстам, æмæ сæ гуманитарон факультетты студенттæ махмæ цæуынц онлайн-практикæ. Уыдон нæм сæ куыстытæ æрвитынц, нæ редактортæ семæ бастдзинад дарынц. Хуыздæр æрмæджытæ мыхуыргонд æрцæуынц газеты сайты. Уыдон нæм уый фæстæ фыссынц сæ регионты зынгæдæр культурон цауты тыххæй.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ивы паддзахадон æхцайæ æввонгкæнынады уавæр. Куыст цæуы хъазты раст æгъдæуттыл. Нырмæ нæм цы президентон грантты фонд уыд, уымæ ма бафтыд культурон хъæппæристы фонд. Уыдон, грантты фæрцы, фадат дæттынц алыхуызон проекттæ æххæст кæнынæн, ахъаз сты культурон æмæ сфæлдыстадон бастдзинæдтæ сног кæнынæн, уыимæ, Цæгат Кавказы федералон зылды регионтимæ куысты дæр.

Авторты тыххæй та цы зæгъæн ис… Гонорарты фонд къуындæг у. Искуы иу хатт бафидæм зындгонд фысджытæ æмæ культурæйы æндæр архайджытæн. Фæлæ газет регионты автортæн у бренды хуызæн. «Литературон газет»-ы автор уæвын кадджын хъуыддаг у, ноджы ма нæ тираж бæзджын литературон журналтæй зынгæ фылдæр у.

— Æвзæр адæймагæн хорз фыссæг уæвæн ис?

— Мæ нымадмæ гæсгæ, нæй. Фæлæ тынг курдиатджын фысджытæн сæ удыхъæд дæр вазыгджын у. Достоевский, Толстой, Тургеневæн сæ бон уыд исты æвзæрдзинад саразын дæр, афтæмæй-иу æй сæхæдæг фиппайгæ дæр нæ бакодтой. Раст у Пушкин — гени æмæ æвзæргæнæг нæ иу кæнынц.

— Литературон институты студенттæ уæ автортæ сты?

— Литературон институт раздæры хуызæн нал у, мынæгæй-мынæгдæр кæны йæ артдзæст, йе студенттæй нæм автортæ нæй. Сфæлдыстадон уæлдæр ахуыргæнæндæтты сафы Иумæйаг паддзахадон фæлварæн. Уыдонмæ хауынц Литинститут, ГИТИС æмæ ВГИК. Литературæмæ, режиссурæмæ, сценæйы хъуыддагмæ-иу æрбацыдысты, царды стыр фæлтæрддзинад кæмæ уыд, ахæмтæ, фылдæр дыккаг ахуырад райсыны тыххæй. Ныртæккæ Иумæйаг паддзахадон фæлварæн æмæ Болойнаг системæйы аххосæй уымæн гæнæн нæй.

Сæхи хъысмæт кæмæн нæй, уыцы зноны скъоладзаутæн та, стæй цæрæг ныййарджыты сывæллæттæн нырма сæ бон зæгъын ницы у. Афтæмæй сæфы кадрты фæстауæрц.

Гъе уый тыххæй аздæхтам не ‘ргом регионалон уæлдæр ахуыргæнæндæттæм. Фыдыбæстон наукæйы фидæн, мæнмæ гæсгæ, уыдонæй аразгæ у. Мæскуыйы та уавæр æндæрхуызон у. Студенттæ цæуынц, æрмæст сæ цы лекцитæ хъæуынц, уыдонмæ æмæ радтынц сесси. Хъæздыг ныййарджыты сывæллæттæ се ‘ннæ рæстæг дзæгъæлы сафынц, иннæтæ куысты ныллæууыдысты, уымæн æмæ сæ стипенди æмдзæрæнæн бафидыны фаг нæ кæны. Мæскуыйаг студентты не ‘вдæлы наукæ, литературæ, уыимæ, историмæ дæр.

— Дæ ныхæстæм гæсгæ, «Литературон газет»-æн ис историимæ баст сæрмагонд проекттæ.

— Дзæуджыхъæуы тымбыл фынг цыдис сæрмагонд проект «Абон æмæ фидæн»-ы фæлгæты. Уый здæхт у истори зыгъуыммæгæнджыты ныхмæ, историон рæстдзинад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Мах архайæм фæсивæды зындгонд историктимæ, публицисттимæ, иртасджытæ-бæстæзонджытимæ бабæттыныл. Суанг ма сарæзтам мадзал «Фарстатæ историкмæ» мæскуыйаг скъоладзаутимæ, уе ‘мзæххон æмæ нæ автор Гаглойты Элберды хъæппæрисæй. Уый ахуыргæнæгæй кусы элитон скъолайы лицейон къласы фидæны журналисттимæ. Æмæ архайджыты сывæллæттæ зæрдиагæй байхъуыстой историк Борис Юлины дзуаппытæм, нæ истори æцæгæйдæр куыд уыд, уымæ.

— Историйæ — фысджыты хъуыддæгтæм. Дæхи чингуытæм ма дæ æвдæлы?

— О, уый та хуыйны цырыхъгæнæг æнæ цырыхъхъытæ (худы). Дыууæ рауагъдады мын рагæй æнхъæлмæ кæсынц мæ къухфыстытæм. Фæндыд мæ мæ 50 азы юбилеймæ поэзи æмæ прозæйы æмбырдгонд рауадзын, фæлæ мæхи мидæггаг редактор скуыста. Чызг мын «Тавридæ»-йы сæрыстырæй загъта: «Мæнмæ ис 500 æмдзæвгæйы». Æз ын дзуапп радтон: «25-аздзыдæй мæнмæ дæр афтæ каст, фæлæ ныртæккæ,  52 азы мыл куы рацыд, уæд æмбарын райдыдтон, æрмæст мæм сæдæ хорз æмдзæвгæйы кæй ис”, уый.

Дарддæр та мæнæ афтæ рауад. Цæмæй цыбыр прозаикон уацмыстæ ныффыстаин, уый тыххæй æрхъуыды кодтон проект «Гиляйы (Гиляровский) фæдонтæ. Нырыккон фысджытæ Мæскуыйы тыххæй». «Гиляйы фæдонтæ»-йы фыццаг чиныг рацыд, цæттæгонд цæуы дыккаг дæр. Цыбыр радзырдтæй хъуамæ рауайа мæ чиныг. Гъе ахæм хъуыддæгтæ, цæмæй мæ сæйрагдæр куыст ма рох кæнон (худы). Кæнын стыр организацион-административон куыст, дæн уырыссаг ныхасы саугуыстгæнæг. Ногæй цы ныффыстон, уыдон уал бакæсæн ис æрмæст Интернеты.

Нæ зæрдæ уын зæгъы сфæлдыстадон уæлтæмæн дæуæн дæр, «Литературон газет»-ы редакцийы кусджытæ æмæ йæ автортæн дæр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here