Ныхас — ног объектты арæзтадыл

0
333

Национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты РЦИ-Аланийы арæзт мадзæлттæн уæлæмхасæн финансон фæрæзтæ дих кæныны фарстатыл ныхас цыд РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы æмæ УФ-йы культурæйы министры хæдивæг Владимир Осинцевы фембæлды Мæскуыйы.

Ныхас цыд 2023-2025 азты федералон адрисон инвестицион программæмæ хаст культурæйы ахсджиаг объектты тыххæй. Уыдоны ‘хсæн — Алагиры Культурæйы хæдзар «Фæскомцæдисон» æмæ «Фæсивæды галуан» (БМК) рацаразын. Уый хауы Беслæны горæты генералон пъланы мадзæлтты номхыгъдмæ. Царды йæ рауадзыны фарстатыл ныхас цыд Уæрæсейы Президент Владимир Путины æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фембæлды. Ныхас цыд Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районты авд культурон объектыл дæр. Ныртæккæ куыст цæуы æппæт хъæугæ гæххæттытыл.

Национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты рацарæзт æмæ бындурон цалцæггонд цæуынц культурон-улæфæн бынæттæ хъæуты.

Республикæ бавдыстытæ балæвæрдта 2023-2025 азтæн, регионы цы объекттæ арæзт цæудзæн, уый тыххæй. Уыдон нымæцы — культурæйы хæдзæртты арæзтад Бæтæхъойы хъæуы, Комаровойы, Предгорнæйы, æмæ Советоны, ноджы культурæйы хæдзæртты бындурон цалцæг Винограднæйы, Къора-Урсдоны, Камбилеевкæйы хъæуы, Притеречнæйы хъæуты, стæй Мæздæджы Глинкæйы номыл сывæллæтты музыкалон скъолайы.

Хицæнæй ныхас цыдис Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон  академион театры æмæ Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг  академион театры тыххæй. Агъуыстытæ сты федералон нысаниуæджы культурон бынты объекттæ. Ныхас цыдис се сног кæныны механизм сбæрæг кæныны ахсджиагдзинадыл.

Дзанайты Барис арфæ ракодта Владимир Осинцевæн, Цæгат Ирыстоны фарстатæ лыг кæныны хъуыддаджы зæрдиагæй кæй архайдта, уый фæдыл.

— Алы объекты арæзтад дæр бындуронæй фæхуыздæр кæндзæн Цæгат Ирыстоны культурæйы къабазы инфраструктурæ, стæй ног хæрзвадат уавæртæ уыдзæн рæзгæ фæлтæрæн. Уымæ гæсгæ, æппæт проекттæм дæр йæ цæст дары республикæйы Сæргълæууæг æмæ сыл ныхас цæуы федералон æмвæзадыл. Стыр куыстытæм цæудзæн стыр финансон фæрæзтæ, сæ иу хай æрбацыд, иннæтæ райдайынæн дæр хъæуы ног фæрæзтæ. Уыцы фарстайы мах нæ зæрдæ дарæм федералон центрыл, —  загъта Дзанайты Барис.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here