Кæстæртæн — ног рæвдауæндон

0
134

Заводы поселочы байгом ног рæвдауæндон, нырыккон техникон домæнтæм гæсгæ æххæст, ис дзы бынæттæ 280 сывæллонæн.

— Ныридæгæн скъолайы рагагъоммæйы ахуырады рæвдауæндæттæ байгом кодтам цыппар. Азы кæронмæ ма сæм æхсæз бафтдзæн æмæ уыдзысты 1900 бынатæн. Техникон æгъдауæй, стæй нырыккон домæнтæм гæсгæ сты  æххæст. Бузныг подрядон организацийы минæвæрттæн, — загъта  РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдар Дзанайты Барис.

Хъæуы цæрджытæн ацы хабар æрхаста стыр æхсызгондзинад. Ам ис дыууæ скъолайы æмæ сын, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фаг кодта рæвдауæндон. Сывæллæтты ластой Дзæуджыхъæумæ. Ныридæгæн 125 сывæллоны тыххæй балæвæрдтой куырдиæттæ, ног рæвдауæндонмæ райсыны фæдыл. Хъомылгæнинæгтæ уыдзысты 195, нырма уал дзы ис 120.

Рæвдауæндоны ис бассейн, стыр медицинон кабинет, хæрæндон, аивадон, физкультурон æмæ фæлладуадзæн залтæ.

Хъахъхъæнæн мадзæлттæй дæр у æххæст.

Гобозты Агуындæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here