Хетæгкаты Къостайы номыл…

0
187

РЦИ-Аланийы Ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæр кæныны институты уыд конференци. Йæ темæ — «Хетæгкаты Къоста ныры ахуырады контексты». Конференцийы нысан та у Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадмæ фылдæр æргом раздахын, ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнджыты раппæлинаг фæлтæрддзинад рапарахат кæнын. Ацы конференци сæрмагондæй конд æрцыд ахуыргæнджытæн.

Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номимæ æмæ сфæлдыстадимæ зонгæ чи нæу, ахæм адæймаг, æвæццæгæн, нæй. Бирæтæ схъомыл сты йе  ‘мдзæвгæтыл. Уый тынг бирæ хъизæмæрттæ бавзæрста йæ царды мидæг, фæлæ йæм æнхъæлмæ каст стыр амонд — æнæмæлгæ ном æмæ йæ адæмы уарзондзинад.

Конференцийы архайджытæн арфæйы ныхас загъта Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Мæхъиты Людмилæ:

—  Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ. Абон нæ ам сæмбырд кодта нæ Фыдыбæстæмæ, не ‘взагмæ æмæ нæ зынаргъ поэт Хетæгкаты Къостамæ уарзондзинад. Ахуырад æмæ наукæйы министрады номæй уын зæгъын, абоны бон уын пайдайаг куыд фæуа.  Ирон æвзаджы къуыри Къостайы номыл конференцийæ кæй райдыдта, уый хуымæтæджы нæу. Къоста у гени æмæ фидæны цард чи уыдта, ахæм диссаджы адæймаг, бирæ азты дæргъы мах арæхдæр не ‘ргом здахæм йе сфæлдыстадмæ. Алывæрсыг у йæ дæсныйады æмæ йын мах хъуамæ кæддæриддæр аргъ кæнæм.

Ахуырадон кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институты проректор Фардзинты Мæдинæ арфæйы ныхæстæ загъта: “Къостайы тыххæй арæх дзырдтой æмæ ма дзурдзыстæм, фæлæ уæддæр нæ алы фæмбæлды дæр нæ кæрæдзийæн байгом кæнæм ног Къостайы. Поэты æмдзæвгæты мелодитæ нæ зæрдæтæм куы хъуысой, уæд нæ бон у зæгъын, цытджын наци кæй стæм, уый”.

Конференцийы ма архайдта Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн. Ахуыргæнджытæн зæрдиаг арфæ ракодта æмæ фæнысан кодта, уæлдай стыр хæс æвæрд сыл кæй ис, уый. Алывæрсыгæй, зæрдиагæй кæй архайынц, цæмæй ирон æгъдау æмæ мадæлон æвзаг ма ферох уой æмæ ма фесæфой, фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæуой. Фæбæрæг ма кодта, Къостайы хуызæн курдиатджын адæймаг кæй нæй абоны онг æмæ ма фидæны уыдзæн, уый дæр зын зæгъæн у.

Æмбырды ма сæ хъуыдытæ загътой газет «Рæстдинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис,  газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Битарты Маринæ, Абайты Васойы номыл социалон æмæ гуманитарон иртасæнты институты хистæр наукон кусæг Мамиаты Изетæ, Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы национ хайады сæргълæууæг Накуысаты Иринæ.

 Цæгæраты Эльмирæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here