Уæлахизхæссæг фæлтæры сгуыхтдзинад рох нæу

0
202

РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймуразæн фембæлд уыд Цæгат Ирыстоны Ветеранты советы уæнгтимæ. Æмбырд арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы бынмæ хæстыты немыцаг-фашистон æфсæдты ныддæрæн кæныны 80 азмæ.

Фембæлды архайджытæ уыдысты парламенты æртæ комитеты разамонджытæ — Черчесты Аслан, Реуазты Ларисæ æмæ Джиоты Георги, стæй ветеранты æмæ фæсивæды организациты минæвæрттæ.
Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты бынмæ хæстыты советон салдæттæ цы хъæбатырдзинад равдыстой, республикæйы цæрджытæ се ‘ппæт хъарутæ дæр фронты хъомысдзинадмæ куыд сарæзтой, нæ адæм Уæлахизы сæраппонд цы зын фæлварæнты сæрты рахызт, æппæт уыцы цаутæ бынат ссардтой æмбырды архайджыты раныхасты.
Тускъаты Таймураз дæр йæ хъуыдытæ загъта Кавказыл хæстыты сæйрагдæр цауты ахадындзинады тыххæй. «Кавказыл хæстытæ сæ тæмæны бацыдысты 1942 азы сæрды, кæронбæттæн æмгъуыд та сын уыд 1943 азы фæззæг. Уæд Кавказы мингай фырттæ æмæ чызджытæ фронтмæ ацыдысты, фæсчъылдымы дæр рапарахат хъазуатон куыст. Уыцы азты нæ адæм уæлдай иудзинад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад кæй равдыстой, Сырх Æфсады командæгæнджытæ æмæ салдæттæ хъæбатырдзинады дæнцæгтæ кæй систы, æппæт уыдæтты фæрцы цыфыддæр знаг дæрæнгонд æрцыд», — йæ раныхасы бафиппайдта Тускъайы-фырт.
Республикæйы Парламенты Сæрдар йе ‘ргом аздæхта, нæ бæстæ ныртæккæйы зын уавæрты куыд архайы, уымæ дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы адæмтæ абон дæр кæрæдзийы фарсмæ æнгом æрбалæууыдысты, сæрмагонд æфсæддон операцийы нысантæ æххæст кæнгæйæ.
— Уæрæсейы хъомысджын фидæныл, нæ бæстæйы сæрибардзинады сæраппонд тох абон цæуы, — загъта Тускъаты Таймураз.
Фембæлды архайджытæ бирæ фарстытæ радтой Парламенты Сæрдармæ. Уыдон баст уыдысты ветерантæн социалон æххуысы, рæзгæ фæлтæры патриотон хъомылад æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтимæ.

РЦИ-Аланийы Парламенты
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here