Космонавтикæйы скъолайы бындурæвæрæджы кадæн…

0
184

Къомайты Русланы номыл Космонавтикæйы дзæуджыхъæуккаг скъолайы уыд йæ бындурæвæрæг æмæ Уæрæсейы сгуыхт инженеры номыл кады изæр.

Мысæн бонмæ æрбацыдысты Русланы æввахс хæстæджытæ, æмбæлттæ æмæ ахуырдзаутæ. Ам æвдыстой инженеры номыл Хъæрджынты Иринæйы ист киноныв «Женат на Венере» æмæ йæ фæстаг интервью. Куырыхон адæймаджы хъæлæс раздæрау хъуыстис экранæй.
— Къомайты Руслан у ацы скъолайы бындурæвæг, æмæ 2016 азы цы уавæры уыд, уый иууылдæр хъуыды кæнæм. Цымыдисаг та уый у, æмæ йын куы загътон, зæгъгæ, ацы планетарий бацалцæг кæнæм, уæд мын ахæм дзуапп радта, зæгъгæ, йæм ахæм проект рагæй цæттæ у. Уый фæстæ та æрцыдыстæм ахæм хъуыдымæ — Космонавтикæйы скъола сног кæнæм. Абон ам цыдæриддæр уынæм, уыдон, кæддæрау, йæхи хъæппæрисæй арæзт сты. Йæ зонындзинæдтæ, йæ хъæддыхдзинады руаджы мах абон стæм ам æмæ нæ кæстæртæн ис фадат ахуыр кæнынæн, — загъта компаниты къорд «Бавари»-йы разамонæг, Цæгат Ирыстоны раздæры Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
Къомайты Руслан уарзта йæ куыст, йæ хъуыдытыл фидар хæцыд, йæ цард та снывонд кодта космос æмæ наукæйæн. Уый йæ уарзон Ирыстоны æрæвæрдта бындур космосон скъолайæн, цæмæй кæстæртæн дæр уа фадат ахуыр кæнынæн. Русланæн йæ бон уыд цыфæнды адæймаджы дæр йæхиуыл æрæууæндын кæнын, йе ‘мкусджытæ йæ хъуыды кæнынц куыд зæрдæхæлар адæймаг æмæ куырыхон хистæрæй. Уый архайдта, цæмæй йæ кæстæртæ дæр, космос йæхæдæг куыд уарзы, афтæ бауарзой, ахуырдзаутæ йæ æрхъуыды кæнынц зæрдæрайгæйæ.
— Алы хатт æм цыдыстæм зæрдæрайгæйæ. Уый уыд тынг зондджын æмæ домаг ахуыргæнæг, фæлæ, уыимæ зæрдæхæлар. Уый-иу нын алы хатт дæр дзырдта ног цымыдисаг цаутæ. Цыфæнды дæр-иу куы ‘рцыд, уæддæр-иу йæ цæсгомыл уыд мидбылхудт, — дзырдта Къомайты Артур.
Мысæн изæры уыд киноныв «Уæрæсейы космосон истори»-йы премьерæ. Цæгат Ирыстоны Педагогон колледжы хор та азарыд Къомайты Русланы номыл Гасанты Валерийы фыст поэмæ. Ацы аз скъолайы бындурæвæрæг, 500 тæхæн космосон аппараты конструктор, Уæрæсейы сгуыхт инженерыл сæххæст уыдаид 75 азы.

Гобозты Агуындæ

Къамтæ систа
Хъайырты Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here