Тырндзысты ног бæрзæндтæм

0
193

Ацы аз Уæрæсейы спортсментæн Европæ æмæ дунеон ерысты архайынмæ сæ фæндæгтæ æхгæд кæй æрцыдысты, уый у стыр æнаккагдзинад. Фæсарæйнаг политиктæ æмæ дунеон спортивон змæлды сæргълæуджытæ ферох кодтой Олимпиаг хъæзтыты бындурæвæрджыты адæймагуарзон сидт: «О, спорт — ды дæ адæмты иугæнæг!»

Ныгуылæн бæстæты политиктæ, æвæццæгæн, сæ зæрдæ дарынц, уæрæсейаг спортсментæ дæргъвæтин рæстæг дунеон ерысты куы нæ архайой, уæд куыдфæстæмæ нæ бæстæйы спортивон цард заууатмæ æрцæудзæн. Уыдон уымæ бæллынц, фæлæ сын дзы ницы рауайдзæн. Рæстæг цæудзæн æмæ, раст æмæ зылын чи уыдис, уыдон сбæрæг уыдзысты.
Ахæм рæстæг фæхъæуы уæлдай къæрцхъус дæр уæвын æмæ рæстæгмæйы зындзинæдтæн сæттын ма бакомын.
Ахæм зондыл хæст сты Уæрæсе æмæ Ирыстоны спортивон кусджытæ дæр. Уыдонæн сæ фылдæр тырнынц æмæ зæрдиагæй архайынц нæ фæсивæды спорты стырдæр нысантæм фæндæгтыл аразынмæ.
Уымæн æвдисæн сты, ацы бонты дæр Хæдарцаты Асланы номыл Хъæбысхæсты академийы фæсивæдимæ цы ахуыртæ цæуынц, уыдон.
Ирыстойнаг богæлттимæ тренировкæ кодтой Уæрæсейы Фæсивæдон (23 азы онг) иугонд командæйы богæлттæ, сæ сæргъы Уæрæсейы сгуыхт тренер Мæргъиты Анатоли, афтæмæй. Мæргъийы-фырт, Уæрæсейы Фæсивæдон иугонд командæйы хистæр тренер уæвгæйæ ма у Уæрæсейы Æфсæддон богæлтты иугонд командæйы сæйраг тренер дæр. Æмæ йæ хъомылгæнинæгтимæ Ирыстоны арæх вæййы. Уый тыххæй Анатоли зæгъы: «Нæ богæлттимæ мах ардæм ссæуæм тынг æхсызгонæй. Арфæ кæнæм нæ таурæгъон богал Хæдарцаты Махарæн. Уый ‘руаджы ам цы уавæртæ арæзт æрцыд, ахæмтæ æгас бæстæйы дæр зын ссарæн у. Бæрнон ерыстæм богæлттæн сæхиуыл кусынæн æппæт уавæртæ дæр ис. Цы академийы бынат, цы спортивон æмæ тренажерон залтæ, кæнæ фæлладуадзæн уавæртæ. Уæдæ дзы спортсментæн цы хæринæгтæ цæттæ кæнынц, уыдон та бынтон диссаг сты.
Нæ богæлттæ цæмæй фæлтæрдджындæр кæной, уый тыххæй сын хъуамæ уа фаг ерыстæ. Ныр кæд фæсарæнтæй иппæрд стæм, уæддæр архайæм нæхимæ, Уæрæсейы стыр ерыстæ, турниртæ аразыныл. Мæнæ та декабры дæр нæ богæлттæ архайдзысты Æппæтуæрæсеон гом турнирты: Краснодары, Къудухты Бесичы номарæн, уый хæдфæстæ та Якутскы ацæудзæн фæсивæды (23 азы онг) ‘хсæн Æппæтуæрæсеон турнир.
Нæ зæрды ис куыдфæстæмæ нæ ерыстæм фæсарæйнаг командæты дæр æрбахонын. Уырны нæ, цард йæ гаччы кæй сбаддзæн æмæ алы бæстæты богæлттæн фадат кæй уыдзæн, раздæрау, æцæг тыхджындæр чи у, уыдон сбæрæг кæнын».
Мах дæр, куыд спортуарзджытæ, нæ зæрдæ дарæм, Уæрæсейы богæлттæн фадат кæй фæуыдзæн дунеон алыхуызон ерысты архайынæн æмæ та сын сæ сгуыхтдзинæдтæн æвдисæн кæй уыдзыстæм, ууыл. Ирыстоны спортуарзджытæн уæлдай æхсызгондæр уыдзæн, Уæрæсейы богæлттæ сæ ног сæйраг тренер, Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау Гуæцæлты Хадзымураты разамындæй дунейы кадджындæр ерысты иу уæлахизæй иннæмæ куыд хизой æмæ уыдонимæ Ирыстоны минæвæрттæ дæр куыд уой!
Хадзымуратæн нæ зæрдæ зæгъы, йæ размæ Тедеты Дзамболат цы æнтыстджын куыст фæкодта нæ бæстæйы иугонд командæйы сæргъы уæвгæйæ, уый бафæзмын æмæ Уæрæсейы богæлттимæ ног спортивон кады бæрзæндтæм схизын!

Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here