РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министрты кабинетæн скодта æмбырд. Уым равзæрстой æмæ фæбæрæг кодтой 2023 азы бындурон арæзтады æмæ уый фæдыл куырдиæттæ исыны фарстатæ.
Æмбырд гом кæнгæйæ, Дзанайы-фырт куыд бафиппайдта, афтæмæй иннæ аз республикæ национ проекттæ, паддзахадон программæтæ æмæ инвестицион проекттæ дарддæр æххæст кæндзæн. Регион бындурон цалцæджы æмæ социалон объектты рацарæзты куыстытæ кæндзæн рæвдауæндæттæ æмæ скъолаты, амбулаториты, поликлиникæты, спортивон скондтæ æмæ культурæйы хæдзæртты, фæндæгтæ араздзæн.
«Социалон инфраструктурæйы объекттæ аразын ахсджиаг фарста у, нæ граждæнтæ æнхъæлмæ кæсынц бæрзонд æмвæзадыл арæзт объекттæм. Ахæм хæс нын нæ размæ æвæры республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Хъуамæ иннæ азы нысантæм бæрнонæй акæсæм, бацархайæм, цæмæй алы объект дæр республикæйы картæйыл фæзына. Хъуамæ йæ хæрзхъæддзинадмæ аиппытæ æрхæссæн ма уа, куыст стыр уыдзæн», — загъта Хицауады Сæрдар.
Алы районы дæр хъуамæ фæзына цалдæр ног арæзт æмæ ноггонд объекты. Уыдæтты тыххæй радзырдтой министртæ. Зæгъæм, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр рæгъмæ рахаста Беслæны районы поликлиникæйы рацарæзт, ам ма сараздзысты тагъд æххуысы службæйы ног бæстыхай. Уымæй дарддæр ма министр фæбæрæг кодта, Мæздæджы районы хъæу Предгорноейы амбулаторийы арæзтад æмæ хъæуты амбулаториты бындурон цалцæг.
Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй ахуырады къабазы инфраструктурæ дæр ноггонд цæудзæн. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуамæ иннæ аз республикæйы 22 скъолайы бындуронæй сцалцæг кæной. Дзæуджыхъæуы аразын райдайдзысты дыууæ ног скъолайы 1100 æмæ 550 бынатимæ. Беслæны ра- цараздзысты Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзар, уым ма бавналдзысты ног музыкалон скъола аразынмæ дæр.
Культурæйы министрады ‘рдыгæй сфидар кодтой 9 куырдиаты, уыдонимæ сты Алагиры Культурæйы хæдзар «Комсомолец», Беслæны Фæсивæды галуаны рацарæзт, Дигорайы Культурон рæзты центр æмæ Мæздæджы районы Комаровойы хъæуы Культурæйы хæдзар сараздзысты. Уымæй уæлдай хъуамæ Мæздæджы, Горæтгæрон æмæ Дыгуры районты Винограднæйы, Притеречноейы, Камбилеевкæйы, Къора-Урсдоны хъæуты культурæйы хæдзæрттæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты. Ахæм хъуыддæгтæ бакæндзысты Мæздæджы музыкалон скъолайы дæр.
Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы, Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрадты, Фæндагон инфраструктурæйы комитеты æмæ æндæр министрадты ахæм куырдиæттæ дæр фидаргонд æрцыдысты.
Æмбырдæй хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис бафæдзæхста Экономикон рæзты министрадæн, цæмæй объектты иумæйаг хыгъд бацæттæ кæной, Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад та хъуамæ афойнадыл бадзырдтæ бафысса.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ














