Ног рæвдауæндон — Черменыхъæуы

0
186

Сабидуг уарзон æмæ æнæферохгæнгæ у. Цæмæй нæ кæстæртæ æнæнизæй, хъæлдзæгæй рæзой, ууыл хъуыды кæнгæйæ, Черменыхъæуы йæ дуæрттæ байгом кодта ног рæвдауæндон.

Сывæллæтты, сæ ныййарджыты æмæ коллективы циныл бацин кæнынмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, Горæтгæрон районы сæргълæууæг Гаглойты Алан, Черменыхъæуы бынæттон администрацийы разамонæг Æгкацаты Беллæ, æндæр бæрнон кусджытæ.
Ног рæвдауæндоны сæргълæууæг Замирæ Погорова уазджытæн равдыста сæ бæстыхай. Æнæбафиппайгæ нæ фестæм, рæвдауæндоны алы къуым дæр райдзаст æмæ зæрдæмæдзæугæ кæй у. Сабиты зæрдæ цæмæй барухс уыдзæн, зонындзинæдтæ цæмæй райсдзысты, ахæм цæстуынгæ æрмæг, хъазæнтæ, спортивон дзаумæттæ æмæ музыкалон инструменттæй дæр у ифтонггонд.
Куыд базыдтам, афтæмæй фондз къордмæ цæудзæн 120 чызджы æмæ лæппуйы, 2-7 азы онг. Ис дзы логопеды, психологы, уæлæмхасæн ахуырады кусæнуæттæ. Сыгъдæгдзинады домæнтæ æххæстгæнгæйæ дзы ис хицæнæй гæрзтæхсæн æмæ хусгæнæн машинæтæ дæр. Уазджытæ федтой къæбицы ифтонггарз. — Алцæмæй дæр æххæст стæм, ахæм уавæрты кусын не стыр бæллиц уыдис, — загътой хæринаггæнджытæ.
Дыккаг уæладзыджы хистæр кары сывæллæтты къорд сæ уазджытæн бацæттæ кодтой чысыл музыкалон программæ, бакастысты æмдзæвгæтæ, хъæлдзæг зарæг акодтой, кафынмæ кæй арæхсынц, уый дæр федтам.
Рæвдауæндоны сæргълæууæг бузныг загъта республикæйы æмæ районы хицауадæн, ацы хорз хъуыддагыл чи бацархайдта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.
Хицауады Сæрдар фæнысан кодта, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæйæ Горæтгæрон æмæ Мæздæджы районты социалон-экономикон райрæзты пълан кæй бацæттæ кодтой. Национ проект «Демографи»-йы бындурыл абон байгом кодтой дыууæ ног рæвдауæндоны — Черменыхъæуы æмæ поселок НОГ-ы. Программæмæ цы объекттæ бацыд, уыдон иууылдæр сты ахсджиаг. Уый тыххæй Уæрæсейы Экономикæйы министрад радих кодта 35 милуан сомы. Ныридæгæн цæттæ кæнынц проектон хæрдзты гæххæттытæ. — Нæ сæйраг нысан у, адæмæн сæ царды уавæртæ хуыздæр æмæ æнцонвадатдæр скæнын, — загъта Дзанайы-фырт.
Черменыхъæу стыр æмæ бирæнацион хъæу у, кусы дзы цалдæр рæвдауæндоны. Фæлæ уыдон фаг нæ уыдысты, бирæсывæллонджын бинонтæ тынг æнхъæлмæ кастысты ног рæвдауæндоны байгоммæ æмæ сæ бæллиц сæххæст.


Гугкаты Жаннæ
Къамтæ систа
Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here