Зындгонд куыд у, афтæмæй 13 декабры Цæгат Ирыстоны кадджын уавæры байгом кодтой транспортон инфраструктурæйы дыууæ ахсджиаг объекты — дунеон аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы ног терминал æмæ курорт «Мамысон»-мæ фæндагыл бындуронæй рацарæзт тъунел.
Аэропорты ног терминал байгом кæныны фæдыл æмбырды архайдтой «Рæстдзинад»-ы уацхæсджытæ дæр (сæ репортаж мыхуыргонд æрцыд æртыццæджы номыры).
Ныртæккæ та нæ ныхасы сæр у «Мамысон»-мæ фæндагыл ног цалцæггонд тъунел. Куыд аэропорт, афтæ тъунел дæр видеоконференцийы бастдзинады фæрцы кадджын уавæры байгом кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Уыцы цауимæ бастæй бынаты уыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, Транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы республикон комитеты сæрдар Солиты Тариэл, курорт «Мамысон»-ы арæзтады резидент Гуыриаты Владимир, Цæгат Кавказы автомобилон фæндæгты управленийы дзæуджыхъæуккаг филиалы разамонæг Дзгойты Тимур, акционерон æхсæнад «Зæрæмæджы ГЭС»-ы генералон директор Тотраты Витали, компани «Дагспецстройсервис»-ы генералон директор Магомед Кихасуров æмæ иннæ бæрнон кусджытæ.
«Мамысон»-мæ фæндагыл тъунелы дæргъ у 496 метры, йæ бындурон рацарæзтыл хардзгонд æрцыд 1,1 миллиард сомы бæрц. Солиты Тариэлы ныхасмæ гæсгæ, подрядон организацийы минæвæрттæ зæрдиагæй бакуыстой тъунелы цалцæгыл, сæвæрдтой дзы æппæты нырыккондæр техникон фæрæзтæ: зынгсирвæзтæй æдасдзинады, уæлдæфы зилдухы, видеоцæстдард æмæ æндæр ахæм системæтæ.
— «Мамысон» у Цæгат Ирыстоны ахсджиагдæр стратегион объекттæй иу. Фидæны курорт хаст æрцыд, республикæйы дарддæры социалон-экономикон райрæзтыл зынгæ чи сахаддзæн, уыцы арæзтæдты номхыгъдмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, фидæны курорты арæзтадæй уæлдай, ахсджиаг сты «Мамысон»-мæ бацæуæн фæндаджы цалцæг æмæ нывылады фарстатæ дæр. Уыцы æууæл хынцгæйæ, зынгæ фæрæзтæ дихгонд æрцыд амынд тъунелы бындурон рацарæзтæн. Æмæ æрмæст тъунелы цалцæгæн нæ, фæлæ фидæны курортмæ фæндаджы дыууæ хайы арæзтадæн дæр. Уыцы æууæлтæ, æнæмæнг, фæахъаз уыдзысты курорты инфраструктурæйы объектты арæзтад фæрæвдздæр кæнынæн дæр. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй «Мамысон»-ы фысымуæттæ, фæлладуадзæн æмæ спортивон базæтæ, стæй иннæ сæйрагдæр объекттæ аразын райдайдзысты фидæн азы. Æппæт куыстытæ дæр цæуынц пъланы бындурыл, — йæ раныхасы фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.
Тъунелы рацарæзты куыстытæ цыдысты дыууæ азы дæргъы. Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Дагспецстройсервис»-ы цалцæггæнджытæ æппæт куыстытæ дæр афойнадыл сæххæст кодтой. Ныр фæндаггон адæмæн тъунелыл ахизæн ис æдас æмæ уæнгрогæй. Уымæн æвдисæн систы кадджын æмбырды архайджытæ дæр — объекты бахизæны сырх лент алыг кæныны фæстæ тъунелыл æрзылдысты. Уый фæстæ фæндагыл ауагътой уæзласæн транспорт.
Калманты Аслан














