Уæрæсейаг композиторты скъолайы патриарх

0
356

Уæрæсейы адæмон артист Гергиты Валери композитор Родион Щедрины рахуыдта уæрæсейаг композиторты скъолайы патриарх. Куыд бафиппайдта, афтæмæй Щедринимæ хæлардзинад æй бирæ цæуылдæрты сахуыр кодта:

— Афтæ мæм кæсы, æмæ не ‘ппæт дæр амондджын стæм, зындгонд композиторы æмдугонтæ кæй стæм, уымæй. Иуæй-иутæ та йæ хорз хæлæрттыл дæр нымад æрцыдысты. Уыцы хæлардзинадæй æз ахуыртæ фылдæр исын. Мах æртын азы æдзух дæр кæрæдзиимæ бастдзинад дарæм, стæм кæрæдзи фарсмæ. Вæййы ахæм бон, æмæ фондз хатты дæр телефонæй кæрæдзимæ бадзурæм. Йæ 90 азы юбилейы фæдыл, майрæмбоны, Чайковскийы номыл концертон залмæ дæр æм арфæтимæ фыццаг æз бадзырдтон, — загъта Гергиты Валери.
Уыцы изæр концертмæ æрбацæуæг адæм байхъуыстой Щедрины алы азты уацмыстæм, уымæй уæлдай, оркестры концерт » Озорные частушки», балетæй сюитæ «Конек-Горбунок», уырыссаг литурги «Запечатленный ангел»-æй скъуыддзаг æмæ æндæр уацмыстæм.
— Ис хорз композитортæ, фæлæ, æнусы астæуæй ныры онг уацмыстæ чи фыссы, ахæмтæ та бирæ нæй. Æрæджы Родион Щедринимæ цалдæр премьерæйы ацагътам. Уый диссаджы дæнцæг у, аивадæн лæггад кæныны хъуыддаджы. Щедрины æз зонын, уæлдай хъæлæба æмæ уынæр чи нæ уарзы, ахæм адæймагæй. Мариинаг театры коллективы æмæ мæхи размæ цы хæстæ æвæрдтон, уыдоны нысан уыд, бæрзонд æмвæзадмæ театры куыст сисын, Плисецкая æмæ Щедринимæ хæлардзинад мæ æдзухдæр бæрзæндтæм кæй хуыдта, уый тыххæй, — дарддæр дзырдта Гергийы-фырт.
Концерты архайдтой, Мариинаг театры симфонион оркестр, пианист Денис Мацуев æмæ иннæтæ. Дирижер — Гергиты Валери.

Саутæты Тамилæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here