Уæрæсейы Пенсион фонды æмæ Социалон фæдзæхстады фонды куысты хæстæ чи баиу кæндзæн, иннæ азæй фæстæмæ кусын райдайдзæн нæ бæстæйы ахæм Социалон фонд.
Ныртæккæ дыууæ фонды бæрны чи ис, уыцы фиддонтæ фыст, лæггæдтæ æмæ куысты хæстæ та дарддæр æххæстгонд цæудзысты. Социалон фонд кæй сараздзысты, уый тыххæй ивддзинæдтæ не ‘рцæудзæн: закъонæвæрынад кæй амоны, æппæт уыцы пенситæ æмæ социалон фиддонтæ афоныл æмæ æххæстæй фыст уыдзысты.
Клиенттæн лæггадкæнынады иугонд офистæ аразынц Пенсион æмæ Социалон фæдзæхстады фондты бындурыл, æмæ афтæмæй иугонд фонды лæггæдтæй пайдагæнæг адæммæ уыдзæн сæ зонгæ адристæм гæсгæ куырдиæттæ барвитыны æмæ уынаффæтæ райсыны бар.
— Фондтæ иу кæныны хъуыддаг сæйрагдæр арæзт у кусджыты нымæц фæкъаддæр кæнынмæ æмæ адæмæн фиддонтæ дæттыны фæтк фæхуымæтæгдæр кæнынмæ. Арæх социалон æххуысæн гæххæттытæ æххæстæй саразынæн адæймаджы бахъæуы Пенсион фондмæ æмæ Социалон фæдзæхстады фондмæ дæр бахатын. Иукæнынады фæрцы пенсиисджытæм, сывæллонджын бинонтæ æмæ сахъат адæмæн уыдзæн Пенсион фонды æмæ Социалон фæдзæхстады фонды æппæт къабæзты лæггæдтæ уыцы-иу ран райсыны бар, æмæ афтæмæй фиддонтæ исыны фæтк бæлвырд фæхуымæтæг уыдзæн, — зæгъы Уæрæсейы Пенсион фонды цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Таболты Сергей.
Уыцы-иу адæймæгтимæ кусгæйæ, ныртæккæ дыууæ фонды кæрæдзийæ хабæрттæ бацагурынц. Фондтæ баиу кæныны фæстæ кæрæдзимæ фарстытæ æрвитын нал хъæудзæн. Æххуысы мадзæлттæ сфидар кæнынæн чи хъæуы, иугонд базæ адæмы тыххæй бирæ ахæм хабæрттæ æрæмбырд кæндзæн, æмæ афтæмæй фиддонтæм æнхъæлмæ кæсыны æмгъуыд фæкъаддæр уыдзæн.
Бартæ фæуæрæх кæнынимæ иумæ Социалон фонд фиддонтæ æвæрыны фæтк автоматизацийы фæдыл куыст дарддæр ахæццæ кæндзæн. Ныртæккæ къорд фиддоны (зæгъæм, сахъат адæмæн пенситæ æмæ социалон фиддонтæ) сæвæрынц паддзахадон фæндоны фæрцы.
Ныййарæджы капиталæн гæххæттытæ саразынæн мадæлтыл искуыдæм куырдиæттæ æрвитыны хæс æвæрд нæй — сывæллон хæдзары куы фæзыны, уæд ЗАГС-ы бæрæггæнæнты бынурыл сертификат автоматикон уагæй барвитынц. Фиддонтæ дæр ногæй нымайынц паддзахадон фæндоны фæрцы.
Уымæй уæлдай, ныридæгæн автоматикон уагæй гæххæттытæ кæмæн аразынц, уыцы фиддонтæн бахъæуы æрмæст куырдиат (барвитæн æй ис хи электронон кусæнуаты фæрцы дæрддзæгмæ уагæй). Фидæны адæммæ уыдзæн электронон лæггæдты фæрцы онлайн уагæй Социалон фонды нырæй фылдæр лæггæдтæ райсыны бар. Амынд фæткы руаджы фиддонтæ исыны æмгъуыд бæлвырд фæцыбыр уыдзæн. Фиддонтæн гæххæттытæ саразæн уыдзæн иумæйаг фарсты фæрцы (кæнæ та æнæ уымæй).
Уæрæсейы Пенсион фонды рагионалон контакт-центр: 8-800-600-03-71; 51-80-92 (кусгæ бонты — 9 сахатæй 18 сахаты онг, майрæмбоны — 9 сахатæй — 16 сахаты æмæ 45 минуты онг).
Олег Апрелев














