Ирыстоны хæхтæй иу хæсдзæн Беруаты Барисы ном

0
138

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фæзуатыл лæвар юридикон æххуысы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты закъонады, закъонæвæрынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Хъуыддаджы гæххæтты куыд загъд ис, афтæмæй, лæвар юридикон æххуысæй пайда кæныны бар кæмæн ис, уыдоны номхыгъдмæ бахæссинаг сты, сæрмагонд хæстон операцийы чи архайы, æппæт уыцы æфсæддонтæ дæр. Тускъаты Таймуразы фиппаинагмæ гæсгæ, æркæсын хъæуы царды алы къабæзты фæткæвæрæг æппæт республикон закъонтæм дæр, цæмæй сæрмагонд хæстон операцийы архайджытæн уа, канд юридикон æххуыс нæ, стæй, ныридæгæн чи ис, канд уыцы æххуыстæ нæ, фæлæ закъоны бындурыл æппæтвæрсыг æххуыстæ дæр.
Черчесты Аслан ма советы уæнгтæн сæ размæ рахаста федералон закъонты проекттæ. Уыдон баст уыдысты УФ-йы Административон барадхæлдтыты кодексмæ æмбæлгæ ивддзинæдтæ бахæссынимæ, доны объекттæ хъахъхъæныны æмæ сæ пайда кæныны къабазы ахастдзинæдтæ нывылдæр кæнынимæ æмæ æндæр фарстатимæ.
«Сидзæрæй æмæ æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллæттæн социалон æххуысы уæлæмхасæн зæрдæдарæнты тыххæй» Федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй федералон закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Федералон закъонæвæрынадон хъæппæрис нæ республикæйы парламентаритæн ног нæу. Хъуыддаг ис уый мидæг, æмæ ацы федералон закъоны проекты халдих республикон закъон цæгатирыстойнаг депутаттæ сфидар кодтой фароны фæззыгон сессийы. Ныхас цæуы уæлдæр амынд сывæллæтты къордæн цæрæнуатон сертификаттæ дæттыныл. Хъуыддаджы ахсджиагдзинад æмбаргæйæ, федералон закъоны проектæн дæр депутаттæ йæ фарс рахæцыдысты.
Амынд комитеты сæрдар ма Парламенты советы уæнгтæн сæ размæ рахаста «Ветеранты хъуыддæгты тыххæй» Федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проект. Ныхас дзы цæуы, хæстон цауты рæстæг чи фæмард, уыцы ветеранты бинойнæгтæн социалон æххуысы мадзæлттыл, уыимæ, дыууæ бинойнаджы цы уавæрты цардысты, бинонты уæнгтæ цал сты, уыцы æххуыс уыдæттæй аразгæ нæ уыдзæн.
Парламентмæ æрбацыд фыстæг Æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Уырыссаг географион æхсæнад»-ы цæгатирыстойнаг хайады разамонæг, ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Аланæй. Æхсæнад хъæппæрис равдыста, цæмæй Цæгат Ирыстоны хæхтæй иуæн Беруаты Барисы ном лæвæрд æрцæуа. Зындгонд географ, географион наукæты доктор, профессор, ССР Цæдисы спорты мастер Беруаты Барис абон не ‘хсæн нал ис, фæлæ йæ бирæ хорз хъуыддæгты тыххæй йæ ном дæрдтыл айхъуысын кодта. Уыд «Уырыссаг географион æхсæнад»-ы регионалон хайады разамонæг дæр. Амынд фыстæджы фæдыл республикæйы Парламент рахаста уынаффæйы проект. Уый фæдыл ныхас кодта национ политикæйы æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георги.
Парламенты советы ма цы федералон æмæ республикон закъонты проекттæм цыд каст, уыдоны фæдыл ныхас кодтой бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Тауытты Алыксандр, наукæйы, ахуырады, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева, аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Кочораты Олег, промышленносты, транспорты, бастдзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Киситы Мурат.
Уымæй уæлдай, советы уæнгтæ æркастысты, 2023 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламент дарын цы хæрдзтæ домы, уыдоны сметæмæ æмæ сфидар кодтой Парламенты фарæстæм æмбырды боны фæтк.

Дедегкаты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here