Боны фæткы — ахсджиаг фарстатæ

0
113

«Роспотребнадзор»-ы æппæт домæнтæн, амынддзинæдтæн дзуапп дæттын, грипп, ОРВИ, ног коронавирусон инфекци ма ‘руадзыны рагагъоммæ мадзæлттæ æххæст кæнын — ахæм хæстæ бæрнон адæймæгты раз сæвæрдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Йе скæнын ын бафæдзæхста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

«Роспотребнадзор»-ы службæйы регионалон управленийы разамонæг Тыбылты Алан куыд радзырдта, афтæмæй республикæйы эпидемион уавæр ивгъуыд къуырийы уыд нывыл. Фæлæ коронавирусæй фæрынчыны цаутæ рæзынц, уый, омикрон-штаммы дæлхуыз кæй ивы, уыимæ баст у. Хъуамæ, чы фæрынчын, уыдоны уайтагъд æнæниз адæмæй фæиппæрд кæной, цæрджытæн вакцинаци дарддæр кæной. Уæдæ респираторон карз низтæ дæр фæфылдæр сты.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан куыд бацамыдта, афтæмæй ковид-госпитæлы сæхи дзæбæх кæнынц 34 рынчыны. Цæрджытæн вакцинаци кæнынц, æфтауæнтæ скæнын кæй фæнды, уыдоны нымæц рæзы. Тагъд æххуысы бригадæты суткæмæ бацагурынц 650 адæймаджы. Медицинон кусджытæ кусынц штатон уагæй, бригадæты нымæц домæнтæн дзуапп дæтты.
Тебийы-фырты ныхасмæ гæсгæ, диспансеризаци скодтой 14 мин адæймаджы, республикæйы цæрджытæй профæркастытæ ацыдысты 2,2 мин адæймаджы. Цæугæ медицинон комплексты фæрцы фæсвæд, дæрддзæф хъæуты цæрджытæй федтой 1,5 мин адæймаджы.
Æмбырды ма рæгъмæ рахастой фæндæгты арæзтады, цалцæджы æмæ куысты фарстатæ. Боныхъæды уавæртæ нымайгæйæ, Дзанайты Барис бафæдзæхста фæндæгтæ ихæй ссыгъдæг кæнын, трассæтæн сæ уавæр банывыл кæнын. Ныртæккæ фæндæгтыл сарæх сты фæндагон-транспортон бæллæхтæ, Транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитет хъуамæ йæ цæст дара фæндæгты уавæрмæ. Уымæй уæлдай, ацы аз комитет районты разамындимæ хъуамæ фæндæгтæм базила.
«Хъуамæ коммуналон службæты пълантæ нымад цæуой. Хахныв уал саразут, афтæ ма рауайæд, æмæ фæндаг сарæзтам, стæй та коммуникацитæ ногæй къахæм», — загъта Хицауады Сæрдар. Уый ма æмбырды архайджыты ‘ргом аздæхта социалон къабазы фарстатæм. Хъуамæ 2024 азы куырдиæттыл бакусой, хæрдзты, проектты документтæ бацæттæ кæной. Республикæ национ проектты æмæ паддзахадон программæты архайдзæн æмæ хъуамæ цæттæ уа. Федералон центрмæ æрвитын хъæуы цæттæ гæххæттытæ, уымæй республикæ йæ размæ сæвæрдзæн йæ дарддæры социалон-экономикон рæзты нысантæ.
Экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Олег Быкадоров куыд радзырдта, афтæмæй иннæ аз арæзтады куырдиæттæ арвитдзысты 70 объектæн. Уыдонæй æххæстгæнæг хицауады федералон оргæнты ис 43 объекты, сты æнæниздзинад хъахъхъæнынады, спорты, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, ахуырады, культурæйы, социалон лæггæдты къабæзты. Чи ма дзы баззад, уыдоны тыххæй куырдиæттæ дæр тагъд арвитдзысты.
Дзанайты Барис æппæт бæрнон адæймæгтæн дæр ацы фарстатæм уæлдай цæстæнгас раздахын бафæдзæхста. Уыимæ баст у республикæйы цæрджыты удæнцой цард. Хицауады Сæрдары ма фæндыд базонын, егъау форумты архайыны тыххæй цы куыст цæуы, уый. Зæгъæм, Красноярскы экономикон, Бетъырбухы дунеон форумтæ. Уыдæтты тыххæй, Олег Быкадоровы ныхасмæ гæсгæ, республикæ цалдæр проекты рахæсдзæн Бетъырбухы форуммæ, зæгъæм, информацион технологиты хъæу, илциисæн-логистикон центр.
Красноярскы форумы тыххæй Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæ хъуамæ спайда кæна форумы фæзуæттæй, регионы инвестицион авналæнтæ йæм рахæсса. Районты бындурон арæзтады фарстатæм дæр æркастысты.
«Республикæйы Сæргълæууæг бабар кодта бындурон арæзтады объекттæ районты сбæрæг кæнын. Нырма рæстæг ис, цæмæй цæрæн бынæтты хъæугæ объекттæ фæбæрæг кæнæм. Кæм дзы социалон хъуыддæгтæ хъæуынц, кæм — инфраструктурæ, кæм — инвестицион фæзуат амалхъомтæн баххуыс кæныны тыххæй. Мах уыдæтты тыххæй дзырдтам, хъуамæ куыст кæронмæ ахæццæ кæнæм», — загъта Хицауады Сæрдар.
Цæгат Ирыстоны сконды 100 азы тыххæй цы мадзæлттæ арæзт цæудзысты, уыдонмæ дæр бафæдзæхста æргом аздахын. Республикæйы Сæргълæууæг куыд баныхас кодта, афтæмæй хъуамæ скæной оргкомитеты æмбырд, уым фæбæрæг кæндзысты юбилейимæ баст уæлæмхасæн мадзæлттæ. Мартъийы Цæгат Ирыстонмæ æрцæудзæн федералон кусæг къорд, уый хъуамæ Кинохроникæйы студийы рæзты проектыл æрдзура.
Дзанайты Барис ма Дзæуджыхъæуы аивæдты училищæйы цалцæджы фарста фæрæвдздæр кæнын бафæдзæхста, уый абитуриенттæм тынг кадджын у, ацы аз у йæ 50 азы юбилей.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here