Зæххæнкъуысты тæваг Ирыстонмæ дæр фæхæццæ

0
70

Уæрæсейы Наукæты академийы Иугонд геофизикон службæйы цæгатирыстойнаг хайады минæвары ныхасмæ гæсгæ, Турчы рауайæг тыхджын зæххæнкъуысты фæстæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй Гуырдзыстон æмæ Цæцæны рабæрæг сты зæххы лæмæгъ схуыстытæ, фæлæ адæм ницы банкъардтой.

— Æмткæй райсгæйæ, Турчы æрцæуæг æппæт цаутæ регистраци скодтам. Туркаг зæххæнкъуысты фæстæ Уæрæсейы фæзуатыл дæр уавæр сæндæгъд. Æппæт Кавказы дæр зæххы лæмæгъ схуыстытæ рахатыдæуыд, фæлæ адæм æнкъуыстытæ нæ банкъардтой. Раздæримæ абаргæйæ, зæххæнкъуыстытæ нæ фæзуаты арæхдæр цæуын райдыдтой. Уæвæн ис, æмæ сейсмологон уавæр бамынæг уыдзæн. Иуæй-иу зæххæнкъуыстытæ махмæ нæ рабæрæг вæййынц, — загъта ведомствæйы минæвар.
Цалдæр боны размæ æхсæвы туркаг провинци Кахраманмарашы рауайæг тыхджын зæххæнкъуысты схуыстытæ бахæццæ сты Сирийы цалдæр районмæ æмæ Ливаны сæйраг горæт Бейрутмæ дæр.
Турчы ахуыргæндты ныхасмæ гæсгæ, 17 мин адæймагæй фылдæр кæй аххосæй фæмард сты, ныры зæххæнкъуыст 1999 аз Турчы рауайæг уыцы æрдзон фыдбылызы фæстæ тыхы бæрцæй ахсы дыккаг бынат.


Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here