Наукæ æмæ технологиты рæзтæн

0
88

Нæ бæстæйы Президент Владимир Путин 2022-2031 азтæ банымадта наукæ æмæ технологиты дæс азыл. Йæ нысан — нæ бæстæ сæрыстыр цæмæй у, уыцы сгуыхтдзинæдты тыххæй радзурын. Уыцы азты дæргъы паддзахады æххуысæй Уæрæсейы раззагдæр ахуыргæндты архайдæй арæзт цæудзысты рухстауæн мадзæлттæ, ахуырадон платформæтæ æмæ алыхуызон ерыстæ.

Уæрæсейы наукæ рæзы æмæ тындзы размæ фидар къахдзæфтæй. Нæ бæстæйы йæ куыст кæны дунейы æппæты тыхджындæр нейтронон реактор, Зæххы къорийы цæгат фарсы æвæрд æрцыд дунейы æппæты стырдæр нейтронон телескоп, дарддæр арæзт цæуы, 4+ фæлтæрмæ хаст чи æрцыд, ахæм диссаджы синхротрон.
Иу ран нæ лæууы наукæ нæ республикæйы дæр. Ис нæм тынг бирæ курдиатджын фæсивæд. Наукæйы уыдон кæд фыццаг къахдзæфтæ кæнынц, уæддæр се ‘нтыстдзинæдтæй сæрыстыр сты канд Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт бæстæйы дæр.
Знон РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз фембæлд нæ зындгонд æмæ æрыгон ахуыргæндтимæ. Архайдтой ма дзы Уæрæсейы Наукæты академийы Дзæуджыхъæуы наукон центры директор, историон наукæты кандидат Цыбырты Алексей æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан.
Тускъаты Таймураз загъта:
— Наукæ у царды æцæгдзинад æмæ рæстдзинады ратæдзæн. Адæмты истори, социалон, экономикон, æхсæнадон фæткæвæрд, æмæ монон хæзнатæ æнгом баст сты наукæйы рæзтимæ. Уымæ гæсгæ уын бузныг зæгъын, нæ бæстæйы наукæйы рæзтмæ стыр æвæрæн кæй хæссут, уый тыххæй. Уæ ‘ппæтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтæ æмæ уæ курдиаты удцырын!
Дарддæр æрыгон ахуыргæндтæ æмбырды уæвджыты базонгæ кодтой сæ ног иртасæн куыстытимæ. Цымыдисаг докладтæм байхъусынæй дарддæр ма уæрæх экраныл бакæсæн уыд цæстуынгæ æрмæгмæ дæр.
Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты сæйраг наукон кусæг Сокаты Дианæ радзырдта, «Нартиадæ»-йыл цы куыст цæуы, уый тыххæй.
Дзæуджыхъæуы æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Баспик»-ы Æрыгон ахуыргæндты цæдисы куысты тыххæй раныхас кодта нанотехнологиты лабораторийы сæйраг наукон кусæг Беккуызарты Тамерлан.
Хæххон паддзахадон аграрон университеты зайæгойты биотехнологийы рæзт куыд цæуы, уый тыххæй фехъусын кодта аспирант Цъыккаты Тамарæ.
Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты аспирант Уалыты Азæмæт ныр цалдæр азы иртасы арæзтадон конструкцитæ æмæ хæдзæртты сейсмологион уавæртæ. Уый фæпайда уыдзæн, зæххæнкъуыстæй тæссаг кæмæн нæ уыдзæн, ахæм хæдзæртты арæзтадæн.
Æмбырды ма ныхас цыд æндæр фарстатыл дæр.
Æрыгон ахуыргæндтæ хорзæхджын æрцыдысты Кады гæххæттытæй.

Хъойбайты Галинæ
Къам систа
Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here